21-æм январы Æвзæнгты республикон библиотекæмæ бацæугæйæ, стъолтыл баййæфтон чингуыты рæдзæгъдтæ. Кæд райсомы 10 сахаты йедтæмæ нæма уыд, уæддæр сæ куысты уæлхъус баййæфтон Æвзæнгты республикон библиотекæйы кусджыты сæ директор Тъотъоты Ленæйы сæргълæудæй. Уыдон уæхскуæзæй архайдтой чингуытæ дих кæныныл. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ æрæджы уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй рухс федта зынгæ фыссæг, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитоны уацмысты æмбырдгонды фондзтомон. Куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр нæ рæдау фыссæджы бафæндыд, куыд йæ фондзтомон, афтæ ма æндæр чингуыты дæр республикæйы скъолатæ æмæ библиотекæтæн балæвар кæнын. Скъолатæ æмæ библиотекæты чингуыты фонд фæхъæздыгдæр уыдзæн Хъазиты Мелитоны ахæм чингуытæй: «Йæ зæрдæйы хуызтæ», «Поэзийы суадон», «Æрфæны фæд», «Роксалан», «Хæстарыд Ирыстон, «Къоста», «Историйы азхынцæг», «Сабыр дзуринæгтæ» æмæ æндæртæй.

Ныридæгæн чингуытæ фæхæццæ сты нæ горæты скъолатæм, Знауыры библиотекæмæ æмæ астæуккаг скъоламæ, Терегуан, Бехъмары хъæуты биб-лиотекæтæм, афтæ ма Цхинвалы районы культурæйы хайадмæ æмæ Зары хъæуы библиотекæмæ, РХИ-йы Культурæйы министрадмæ, горæт Къуайсамæ. Хъазиты Мелитон нæ ферох кодта йæ хæлар (дзæнæттаг) Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы дæр. Ацы скъолайæн Æвзæнгты республикон библиотекæйы кусджытæ рахицæн кодтой чингуытæ æмæ æввахс рæстæджы фæхæццæ уыдзысты Цъинагармæ.

Æхсызгонæй мæ банысан кæнын фæнды уый дæр, æмæ цалынмæ библиотекæйы уыдтæн, уæдмæ уырдæм чиныгагур кæй æрбацыдысты цалдæр чиныгкæсæджы, кæцы зæрдæйæн уыд уæлдай æхсызгондæр. Уымæн æмæ Советон Цæдисы ныппырхимæ æмæ нæ царды Интернет æмæ алыгъуызон нырыккон технологиты фæзындимæ чиныгæн уадиссаг кад нал уыд, бирæтæй айрох чиныг зонды суадон кæй у, уый. Фæлæ та ныр чиныгмæ цæрджыты цымыдисдзинад рæзы. Уый бæрæг у уымæй дæр, æмæ нырма кæд раздæрау нæ, уæддæр адæм чиныгагур цæуын кæй райдыдтой библиотекæтæм, чингуытæуæйгæнæн магазинтæм. Æгайтма, куыд фæстагмæ раздæрау чиныгæн аргъ кæ-нын райдыдтой не ‘мбæстæгтæ.

Фыссæджы лæвæртты тыххæй нæ горæты 6-æм астæуккаг скъо-лайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ афтæ загъта: «Ацы бонты та нын нæ уарзон фыссæг Хъазиты Мелитон радон хатт балæвар кодта йæ чингуытæ. Уыдон нын фæахъаз уыдзысты нæ хъомыладон куысты, бакусдзыстæм сыл ахуыргæнинæгтимæ. Нæ куыстæн тынг фæахъаз, уый размæ нын кæй балæвар кодта уыцы чиныг – «Ирон литературæйы истори»-йы цалдæр томы. Бузныг ын зæгъын йæ лæвæртты тыххæй».

Знауыры районы централон библиотекæйы сæргълæууæг Джиоты Эммæ дæр райгондæй баззад чингуыты авторæй. «Хъазиты Мелитон нын бирæ хæттыты балæвар кодта йæ чингуытæ, ныр дæр та уыд афтæ. Уыимæ ма нæ куы бахъæуы, уæд нын Æвзæнгты республикон библиотекæ бакæны методикон æххуыс алыгъуызон мадзæлттæ, уыцы нымæцы мысæн изæртæ сорганизаци кæнынæн дæр. Радтынц нын алыгъуызон литературæ æмæ æрмæджытæ. Бузныг зæгъын фыссæгæн йæ лæвæртты тыххæй», – загъта уый.

Дыгъуызты Лианæйы ныхæстæм гæсгæ сын Хъазийы фырт йæ чингуытæ кæй балæвар кодта, уый тынг æхсызгон уыд 6-æм астæуккаг скъолайы директор Бедойты Элеонорæйæн дæр, райгондæй дзы баззад.

Æмæ æцæгæйдæр, Хъазиты Мелитон йæ диссаджы сфæлдыстадæй стыр лæггад кæны йæ радтæг адæмæн æмæ дзы уыдон дæр сты æгæрон бузныг. Уадз, ноджыдæр дын фылдæр бантысæд сфæлдисын. Æнæнизæй нын бирæ фæцæр æмæ рухс кæн де сфæлдыстадæн табугæнджыты зæрдæтæ.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.