2008 азы августы хæстон архайдтыты рæстæджы хъæбатырæй фæмард уæрæсейаг 58-æм æфсады рæнхъон службæгæнæг Алексей Иванов.

10-æм августы Уæрæсейы 58-æм æфсады хæстонты къорд бахызт Гудзабары хъæумæ сабыр цæрæг адæмы бахъахъхъæныны нысанæн. Ам сын бацайдагъ ис тох гуырдзиаг агрессортимæ. Аккаг ныхкъуырд сын лæвæрдта Алексей дæр. Фæлæ йæхæдæг дæр мæлæтдзаг цæф фæцис.

Кæм фæмард, уыцы бынаты æвæрд æрцыд мемориалон дур. Йæ байгом кæнынмæ хуынд æрцыдысты хъайтары ныййарджытæ.

Алексей Ивановы ныййарджытæ, РХИ-йы Президенты уынаффæгæнджытæ Валери Горбунов æмæ Беджызаты Батрадз, «Бессмертный полк»-ы штабы къухдариуæггæнæг Зассеты Жаннæ, Хъахъхъæнынады министрады бæрнон кусджытæ, æхсæнады минæвæрттæ æмæ Гудзабары хъæуы цæрджытæ. Æрбацæуджытæ æмырæй алæугæйæ, ссардтой хъайтары рухс ном æмæ мемориалон дуры раз сæвæрдтой дидинджытæ.

Хъайтартæ нæ мæлынц

Мысæн мадзалы раныхас кодта Алексей Ивановы фыд Сергей: «Мæ хъæбулы мæлæтыл рацыд 15 азы. Мæн фæнды, цæмæй уæ зæххыл хæст макуыуал уа. Абон æз мæхи цæстæй федтон, мæ фырт йæ цардæй кæм ахицæн, уыцы бынат. Æз никуы ферох кæндзынæн, Алексейы фæмарды цау куы фехъуыстон, уыцы бон. Ныр уæ республикæмæ куы ‘рцыдтæн, куы федтон, размæ кæй цæут, æнтыстытæ уын кæй ис, уæд мын фенцондæр. Алексей кæд адунейæ аивгъуыдта, уæддæр йæ цард æнæхъуаджы нæ радта, куыд хъайтар, афтæ цæргæйæ баззайдзæн уе ‘хсæн», – дзырдта хъайтары фыд.

***

Гаглойты Алан Алексей Ивановы йæ амæлæты фæстæ схорзæхджын кодта «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майданæй. Хорзæх райстой Алексейы ныййарджытæ. Президент ма хъайтары фыдæн балæвар кодта зæрдылдарæн монетæ «Город – герой Цхинвал».

«Бузныг уын, ахæм хъæбул кæй схъомыл кодтат. Уый немæ иумæ хъахъхъæдта нæ бæстæйы сабырдзинад. Чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ никуы ферох уыдзысты махæй. Ацы æрхæндæг бонты немæ иумæ кæй стут, уый тыххæй уын зæгъæм бузныг», – загъта Гаглойты Алан.

Сергей Иванов та загъта, ацы хорзæх кæй бахæсдзæнис, йæ фырт цы скъолайы ахуыр кодта, уырдæм: «Уым, скъолайы, 15 азы размæ, Алексейæн баконд æрцыд сæрмагонд къуым  æмæ ацы майдан дæр æвæрд æрцæудзæнис уым».

                   УАЗÆГТЫ Марфæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.