ЦЫ ФЕНЫН КОДТА

РЕФЕРЕНДУМ?

Абон, 16-æм марты фондз азы æххæст кæны, Хъырым фæстæмæ йæ историон Райгуырæн бæстæмæ куы æрбаздæхт, уыцы боныл. Ацы ахсджиаг цау цæмæй æххæст æрцыдаид æмæ хъырымæгты бæллиц сæххæст уыдаид, уый тыххæй 2014 азы 16-æм марты Хъырымы автономон республикæйы уагъд æрцыд референдум, цыранмæ хаст æрцыдысты дыууæ фарсты: «Разы дæ, цæмæй Хъырым Уæрæсеимæ фæстæмæ баиу уа, куыд Уæрæсейы Федерацийы субъект, афтæ?» æмæ «Разы дæ, цæмæй ногæй архайа 1992 азы Республикæ Хъырымы Конституци æмæ Хъырымы статус, куыд Украинæйы хай, афтæ?». Референдумы фыццаг фарсты фæдыл æвæрццагæй схъæлæс кодтой æвзарджыты 95,5 процентæй фылдæр. Дыккаг фарсты фæдыл та схъæлæс кодта æрмæстдæр æвзарджыты 3,5 проценты. Референдумы хайад райстой æвзарджыты 82, 7 проценты.

ХЪЫРЫМЫ ИСТОРИЙÆ

Хъырым Уæрæсейы империйы скондмæ бацыд 1783 азы. 1954 азы æрцыд ахæм цау, кæцы абоны онг дæр бæстон бæрæг æмæ æмбæрстгонд нæма у – Советон Цæдисы Компартийы уæды Генералон секретарь Никита Хрущев Хъырымы балæвар кодта Украинæйæн. Советон Цæдисы Уæлдæр Советы Президиумы ацы фарста аскъуыддзаг кодтой 15 минутмæ.

1991 азы кæрон, Беловежскаг бадзырдтæ. Украинæйы фæстаг партион къухдариуæггæнæг Леонид Кравчук, Хъырым Украинæйæн æнæзакъонæй лæвæрд кæй æрцыд, уый æмбаргæйæ, хъавгæйæ бафарста: – Цы, Хъырым дæр нын дæттут? – О, айс æй! – дзуапп ын радта нæртон Борис Ельцин. Афтæмæй Хъырым фæхицæн йæ историон Райгуырæн бæстæйæ, фæлæ æппынфæстагмæ, 23 азы фæстæ рæстдзинад фæуæлахиз æмæ йæ цæрджыты фæндонмæ гæсгæ абон Хъырым ис Уæрæсейы Федерацийы сконды. Абон Хъырымы æрдæгсакъадахы цæры 2 милуан æмæ 200 мин цæрæгæй фылдæр, уыдонæй иу милуан æмæ æрдæг сты уырыссæгтæ, 350 мин украинæгтæ æмæ 290 мин та хъырымаг тæтæйрæгтæ.

ИСТОРИОН ДОКУМЕНТ

2014 азы 18 марты Мæскуыйы цытджын æгъдауæй къухтæ æрфыстæуыд Бадзырдыл Республикæ Хъырымы Уæрæсейы Федерацийы скондмæ райсыны тыххæй. Уæд УФ-йы Президент Владимир Путин йæ раныхасы банысан кодта: «Украинæ фехъусын кодта, æввахс рæстæджы НАТО-мæ бацæуынмæ кæй хъавы, уый тыххæй. Ацы перспективæ цы нысан кодтаид Хъырым æмæ Севастополæн?  Уæрæсейаг æфсæддон кады горæты НАТО-йаг тырыса куы фæзындиад, уæд уый тæссаг уыдаид Уæрæсейы æппæт хуссар хайæн».

ХЪЫРЫМ ХЪУАМÆ СУЫДАИД НАТО-ЙЫ ЦЕНТРАЛОН БАЗÆ

2014 азы майы кæронмæ Хъырым регионы хъуамæ суыдаид НАТО-йы централон базæ, сæхæдæг америкæйæгтæ куыд дзырдтой, афтæмæй стационарон æнæфæдæлдонгæнæн хæдтæхджытæхæссæг нау хъуамæ уыдаид уырыссаг æмбонды цур. Уæд уый тыххæй æрдæгсакъадахы райдыдтой æнæзмæлгæ исады объектты цалцæггæнæн куыстытæ, кæцытæ æвзæрст цыдысты НАТО-йаг æфсæддон службæгæнджыты, штабты, æфтауцдæтты æмæ æндæр инфраструктурæ равæрыны тыххæй.

БАКУЫСТА «УКРАИНÆ-НАТО»-ЙЫ ПЛАН

Украинæйы уæды президент В.Ющенкойы секретариат бакуыста документ «Украина-НАТО»-йы план. Ацы документы алы пункт дæр фиксаци кодта Украинæйы Уæрæсейæ атоныны тыххæй. Æппæт уыдæтты тыххæй Уæрæсе хъуамæ равдыстаид фæндвидардзинад. Уæрæсейæн уыд цейтнот. Хъырымы фæдыл фарста скъуыддзаг кæнын хъуыд æвæстиатæй. Уымæн æмæ тас уыд америкæйæгты æххуысæй хъырымæгты физикон æгъдауæй скуынæг кæнынæй. Операци æнтыстджынæй сæххæст кæныны нысанæн АИШ-ы æфсæддон хæйттæ æрбаппæрстой Польшæмæ æмæ уый фæстæ та – Украинæмæ. Алчи йæ нæ зоны, 2014 азы райдианы дуне кæй уыд æртыккаг дунеон хæст расидыны тæссаг уавæры, Карибаг кризисы рæстæджы куыд уыд, афтæ.

В.ПУТИНЫ СХЕМÆ АМЕРИКÆЙÆГТЫ НЫХМÆ

Дунеон барады бындурыл В.Путин сарæзта америкæйæгты ныхмæ æндæр схемæ. Хъырымы хицауад йæ къух æрфыста бадзырдыл сæрмагонд æфсæддон кампаниимæ æрдæгсакъадахы æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй. Ацы операци æрдæгсакъадахы сифтонг кодта стабилон-дзинад суанг референдум ауадзыны боны онг. В.Путин ауагъта диссаджы операци Хъырымы Уæрæсемæ æрбазадахыны тыххæй. Ацы операци æнтыстджынæй æххæст кæй æрцыд, уый бахъахъхъæдта хъырымæгты физикон æгъдауæй скуынæг кæнынæй. Уымæн та æвдисæн сты, Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæты цы цаутæ æрцыдысты æмæ ныр дæр цæуынц, уыдон.

Хъырымы Сауденджызон флоты арен-дæйы тыххæй Уæрæсе Украинæйæн фыста азы дæргъы 100 милуан доллары. Фæлæ Хъырым Уæрæсемæ куы æрбаздæхт, уæд ивд æрцыдысты Хъырымы Сауденджызон флоты арендæйы тыххæй уæрæсейаг-украинæйаг бадзырдтæ. Абоны онг Сауденджызон флот райста дæсгай ногдæр хæстон хæцæнгæрзтæ. Ныры онг Уæрæсейæн бар нæ лæвæрдтой Сауденджызон флоты ног хæцæнгæрзтæй сифтонг кæнынæн.

РАЙСТА СТРАТЕГИОН КОНТРОЛЬ САУДЕНДЖЫЗОН РЕГИОНЫЛ

Геополитикон пайдайæ дарддæр Уæрæсе райста стратегион контроль æппæт Сауденджызон регионыл, афтæ ма æрвылаз дæр экономи цæуы 100 милуан доллары Севастополы базæйы арендæйы тыххæй. Уыимæ Уæрæсемæ рахызт æрдæгсакъадахы æппæт æфсæддон исад. Афтæ ма сакъадахы бирæ ис нефть æмæ газы фæсауæрцтæ, кæцытæ афæдзы дæргъы дæттынц 5 миллиард кубометры газ. Иннæ ахæм Хъырымы денджызон курортты отелтæ сты бæрзонд æмвæзадыл æмæ уыдон дæр чысыл пайдатæ ныри-дæгæн нæ хæссынц æмæ дарддæр дæр нæ хæсдзысты.

ФОНДЗ АЗМÆ ХЪЫРЫМЫ АРÆЗТ ÆРЦЫД

Хъырым Уæрæсеимæ куы æрбаиу, уый фæстæ æрдæгсакъадахы цард кæны хуыздæрæй хуыздæр, кæд дзы нырма бирæ проблемæтæ ис аскъуыддзагкæнинаг, уæддæр. Арæзт дзы æрцыдысты сæдæгай инфраструктурон объекттæ. Фæлæ иууыл стырдæр проект та у Хъырымы хид, кæцы ссис Хъырымы Уæрæсеимæ æрбаиу кæныны символ. Æрдæгсакъадах Украинæйы сконды куы уыд, уыцы рæстæгимæ абаргæйæ Хъырымы социалон-экономикон уавæр цæхгæр фæхуыздæр.

Хъырымы Уæрæсемæ æрбаиу кæныны боныл фондз азы кæй сæххæст, уый цытæн Хъырым æмæ Севастополы уагъд цæуынц бæрæгбонон мадзæлттæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.