ДЕНДЖЫЗОН АХУЫРТÆ

НАТО Сау денджызы ахуыртæ «Морской щит-2019» куы уагъта, уыцы рæстæджы-иу Уæрæсейы Сауденджызон флоты æфсæддон наутæ рацыдысты денджызмæ тренировкæтæ ауадзыны тыххæй. Сауденджызон флоты науты къорд Сау денджызы ныгуылæн районты æххæст кодта доныбын, доны уæлцъар æмæ уæлдæфон уавæрыл контроль æмæ мониторинг.

ДЗУАПП СЫН РАТДЗÆН

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фехъусын кодтой, зæгъгæ, Сау денджызы НАТО-йы сырæзгæ активондзинад тæссагдзинад хæссы регионы стабилондзинадæн. Мæскуы дзуапп ратдзæн альянсы архайдтытæн æмбæлон æгъдауæй, – фехъусын кодта УФ-йы фæсарæйнаг хъуыд-дæгты министры хæдивæг Александр Грушко. Йæ ныхæстæм гæсгæ Уæрæсейы лæмбынæг сæ хъус дарынц ацы регионы альянсы уæвынады рæзты фæдыл плæнттæ куыд рæздзысты, уымæ. Æдасдзинад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй ахсджиаг у Сау денджызгæрон бæстæтимæ æмгуыстад.

КОНТРТЕРРОРИСТОН ОПЕРАЦИ

Тюмены областы фæдыл Æдасдзинады федералон службæйы кусджытæ ауагътой контртеррористон операци, кæцыйы фæстиуæгæн куынæг æрцыдысты террористон организаци ИГИЛ-ы дыууæ хотыхджын уæнджы. Уыдон æмбæхстысты горæт Тюмены Амуры уынджы хисæрмагонд хæдзæрттæй сæ иуы. Фыдгæнджытæ кæм æмбæхстысты, уыцы хæдзары ссардæуыд Калашниковы дыууæ автоматы, хиаразгæ рæмудзæн æрмæджытæ, динон литературæ, электронон информаци хæсджытæ æмæ рæмудзæн æрмæджыты элементтæ.

ЦÆТТÆ У ÆРТЫККАГ САММИТ АУАДЗЫНМÆ

Цæгат Кореяйы сæргълæууæг Ким Чен Ын, уæлдæр адæмон æмбырды депутатты раз ныхас кæнгæйæ,  фехъусын кодта, зæгъгæ, фæнд кæны Иугонд Штатты президент Дональд Трампимæ æртыккаг саммит ауадзын, Ханойы уæлдæр æмвæзады фембæлд сын æнтыстджын кæй нæ уыд, уымæ нæ кæсгæйæ. Иуæй-иу зонæнтæм гæсгæ, Цæгат Корея райдыдта фæстæмæ ракетон полигон æндзидзын кæнын. Америкæйаг аналитиктæ æмæ прессæ æнхъæлмæ кæсынц ног фæлварæнтæм. Эксперттæ нымайынц, зæгъгæ, Трамп æмæ Кимы ‘хсæн цы уавæр сæвзæрд, уый зæрдыл æгæр тынг лæууын кæны, америкæйаг уæрæсейаг ахастыты цы цæуы, уый

ТРАМП РАХÆЦЫД ÆРТЫККАГ САММИТЫ АУАДЗЫНЫ ИДЕЯЙЫ ÆВВАРС

Иугонд Штатты президент Дональд Трамп рахæцыд Цæгат Кореяйы лидер Ким Чен Ынимæ æртыккаг саммит ауадзыны идеяйы æвварс. Уыимæ банысан кодта, зæгъгæ, Цæгат Кореяйæн ис экономикон рæзты æмæ хъæздыгдзинæдты егъау потенциал Ким Чен Ыны къухдариуæгады бын. Трамп загъта, зæгъгæ, æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсы ядерон хæцæнгарзæй фервæзыны бонмæ æмæ, зæгъ, уæд Цæгат Кореяйы ныхмæ санкцитæ дæр ивд æрцæудзысты.

ТОТАЛОН ДИКТАНТ

Азæй азмæ тоталон диктант чи фыссы, уыцы бæстæты æмæ горæтты нымæц кæны фылдæр. Ацы аз фыссæг Павел Басинскийы текстыл куыстой 80 бæстæйы «ахуырдзаутæ». Диктант кæсджытæй ралæууыдысты журналист Владимир Познер, футболæй Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы тренер Черчесты Станислав, зарæггæнæг Диана Арбенина, драматург  Марк  Розовский æмæ бирæ æндæртæ.

БАЛАСТОЙ СЫН МАТЕРИАЛОН ÆХХУЫС

Сирийы фидыдады фæдыл уæрæсейаг центр цыппар тоннæйы гуманитарон æххуыс баласта Деррайы провинци Мутбин æмæ Басыры цæрæн пункттæм. Æххуыс райсдзысты иу мин бинонтæй фылдæр. Гуманитарон æххуыс фыццаг рады нысан уыд чырыстон æхсæнадтæн, кæцытæй бирæтæ хæсты фесæфтой сæ бинонты æмæ хæстæджыты.

АРДБАХÆРД

Суданы фæлдзæуæн æфсæддон советы ног сæргълæууæг Абдельфаттах аль-Бурхан бахордта ард, кæцы уый размæ уыд Суданы гарзджын тыхты генералон инспектор. Суданы хъахъхъæнынады министр Авад ибн Ауф фехъусын кодта, зæгъгæ, бæстæйы президент Омар аль-Башир ахст æрцыд, афтæ ма фехъусын кодта æфсæддон совет саразыны тыххæй, кæцы бæстæйыл къухдариуæгад кæндзæн дыууæ азы дæргъы. Авад ибн Ауф фехъусын кодта, зæгъгæ, бæстæйы йæ архайд æрурæдта 2005 азы конституци æмæ баконд æрцыд уæлвæткон уавæры режим æртæ мæйы æмгъуыдмæ.

АССАНЖЫ ФАРСХÆЦДЖЫТЫ МИТИНГ

Стырбританийы столицæ Лондоны митингмæ рацыдысты Джулиан Ассанжы фарсхæцджытæ. Митинг сорганизаци кодтой, Ассанжы кæм дарынц, уыцы ахæстоны рудзгуыты бын. Активисттæ домынц, цæмæй йæ Иугонд Штаттæм ма сэкстрадици кæной. Уымæй дарддæр ма Лондоны уынгты цæуы уæзласæн машинæ, кæцыйыл конд ис Ассанжы портрет.

ÆРСИДТ АВСТРАЛИЙЫ ХИЦАУАДМÆ

Джулиан Ассанжы фыд Джон Шиптон æрсидт Авст-ралийы хицауадмæ, цæмæй йын йæ фырты раздахой йæ райгуырæн бæстæмæ. «Австралийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ премьер-министр хъуамæ исты саразой, хъуамæ исты мадзæлттæ райсой. Ис райсæн ахæм уынаффæ, кæцыйæ разыйæ баззайдзæн алчи дæр», – фе-хъусын кодта Шиптон.

АМАРДТОЙ ИГИЛ-Ы ЛИДЕРТÆЙ СÆ ИУЫ

Филиппинты амардтой террористон къорд «Пысылмон паддзахад»-ы бынæттон хайады лидер Абу Дары. Филиппинты хъахъхъæнынады министр куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ дæргъвæтин хæстон операцийы фæстиуæгæн сæ къухты бафтыд террористы скуынæг кæнын. Къорды уæнгтæ баззадысты æнæ командирæй æмæ ныппырх сты.

СПЫРХ ИЗРАИЛАГ АППАРАТ

Израилаг космикон аппарат «Берешит» спырх Мæйыл куы хъуамæ æрбадтаид, уæд, – фехъусын кодта миссийы къухдариуæггæнджытæй иу. «Хъыгагæн, махæн нæ бон не ссис аппарат æрбадын кæнын», – загъта уый. Уый размæ, аппарат æрбадыны рæстæджы Зæххимæ бастдзинад фесæфта. Аппарат атахт 22 февралы америкæйаг космодромæй ракетæ-хæссæг Falcon 9 æххуысæй. Уый атахт 6,5 милуан километры, сахаты дæргъы йæ тагъдад уыд 36 мин километры.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.