РХИ-йы Хицауады Сæдар Пухаты Эрик Дзауы районы администрацийы коллективæн базонгæ кодта ног къухдариуæггæнæг Джиоты Андрей Валенитны фырты.

Хицауады Сæрдары ныхæстæм гæсгæ, Джиоты Андрей у Дзауы районæй рацæугæ, куыста барадхъахъхъæнæн органты, цыран йæхи равдыста бæрнон æмæ домаг къухдариуæггæнæгæй, хорз зоны районы спецификæ.

Хицауады Сæрдар ма банысан кодта, зæгъгæ, ацы аз Дзауы районы хъуамæ æххæст æрцæуой гуырахстджын куыстытæ Инвестпрограммæйы фæлгæтты, сæйраджыдæр, фæндæгты хæрзарæзтад, цæрæнуаты арæзтады фæдыл, æмæ ныфс бавæрдта, ног къухдариуæггæнæг йæхи ‘рдыгæй æбæлон контроль кæй кæндзæн, æмæ иумæйагæй йæ разылæууæг фарстытæм бæрнон ахаст кæй æвдисдзæн.

«Ныфс мæ ис, практикон фæлтæрддзинад, энерги æмæ организаторон миниуджытæ дын кæй баххуыс кæндзысты ног бынаты, æмæ æппæт тыхтæ кæй ратдзынæ районы рæзтмæ. Афтæ хъуыды кæнын æмæ хорз бакусдзыстæм», – загъта Пухаты Эрик, ног къухдариуæггæнæгæн йæ цæст куысты æнтыстытæ бауарзгæйæ.

Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта районы раздæры къухдариуæггæнæг Магкоты Уырызмæгæн æнтыстджын куысты тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уый, æвæццæгæн, районы баззайдзæн æмæ адарддæр кæндзæн йæ куыст æмбæстæгты хæрзиуæгæн.

Йæ рады Джиоты Андрей Хицауады сæргълæууæгæн, республикæйы æппæт разамынадæн бузныджы ныхæстæ загъта ахæм, æууæнк ыл кæй бафтыдтой, уый тыххæй, æмæ ныфс бавæрдта, æппæт йæ зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинад кæй нæ бахæлæг кæндзæн, цæмæй районы цард фæхуыздæр уа.

Джиоты Андрей Валентины фырт райгуырд Дзауы поселочы 1979 азы 14 октябры. 2004 азы каст фæцис ХИПУ-йы юридикон факультет. 1997 азы октябрæй 2005 азы июлмæ службæ кодта РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады. 2005 азæй июлæй 2019 азы мартмæ та службæ кодта РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты органты. Службæ кæныны рæстæджы хорзæхджын æрцыд паддзахадон æмæ ведомствæйон хорзæхтæй. Ис ын цардæмбал, хъомыл кæны дыууæ сывæллоны.

***

РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик Ленингоры районы администрацийы коллективæн базонгæ кодта ног къухдариуæггæнæг Мамытаты Витали Василийы фырты, кæцы нысан æрцыд Президент Бибылты Анатолийы барамындмæ гæсгæ.

Зонгæ кæныны церемонийы хайад райстой РХИ-йы Президенты администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь æмæ республикæйы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг.

Пухаты Эрик куыд банысан кодта, афтæмæй Мамытаты Виталийы хорз зонынц бынæттон цæрджытæ, уымæн æмæ уый Ленингоры бирæ рæстæг цæры æмæ кусы.

«Мидхъуыддæгты органты кус-гæйæ, стæй та Уæлвæткон министрады дæлхайæн къухдариуæг кæнгæйæ, Мамытаты Витали йæхи равдыста куыд фæлтæрд æмæ бæрнон къухдариуæггæнæг, кæцыйæн йæ бон у уынаффæтæ исын. Районы бирæ скъуыддзаг кæнинаг фарстытæ ис, кæцыты, мæн ныфс ис, фæдфæдылонæй скъуыддзаг кæндзæн ног къухдариуæггæнæг æххæсткæнынадон хицаууиуæгады органтимæ æп-пæт æмвæзадты кусгæйæ», – загъта Хицауады сæргълæууæг æмæ Мамытаты Виталийæн йæ цæст бауарзта куысты æнтыстытæ.

Хицауады Сæрдар ма банысан кодта, зæгъгæ, æввахс рæстæджы план кæны йемæ фембæлын æмæ æруынаффæ кæнын районы уæрæх фарстатыл, уыдоны нымæцы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фадыджы дæр.

Мамытаты Витали бузныджы ныхæстæ загъта Пухаты Эрикæн æмæ паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн ахæм æууæнкдзинады тыххæй æмæ ныфс бавæрдта, цæттæ кæй у йæ хæстæ æххæст кæнынмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.