Нæ фыдæлтæ, Аланты зæххытæ кæуылты дардыл уыдысты, уый абон чысыл сывæллæттæ дæр зонынц… Æмæ цы фесты, цæмæн нын  æрбакъуындæг сты, æндæр адæмтæн цæмæн баззадысты – нæ фыдæлты зæххытыл æцæгæлон адæмтæ нæргæ паддзахадтæ куы аразынц, уæд мах абон сæгъы сыкъайы тъыст цæмæн стæм? Нæ фыдæлтæ афтæ æдых уыдысты, æмæ сæ бон уымæн нæ бацис сæ фæстагæттæн зæххытæ ныууадзын? Куыд уыдысты æдых – кæмæндæрты дæр ма уыдоны фæрцы паддзахадтæ куы ис абон?.. Уæдæ ма сæ цы хъыгдардта? Мæнæ абон сæ фæстагæтты цы хъыгдары, уый! Кæрæдзийы хъæр кæй нæ хъуыстой, се ‘хсæн иудзинад кæй нæ уыд, уый!..

Абон куыд у, афтæ…

Ирыстоны хуссар хайæ дæс æмæ ссæдз азы размæ чи фæлыгъд æмæ уал азы Хуссар Ирыстонмæ уазæгуаты дæр чи никуыуал æрцыд, ахæмтæ Уæрæсейы цас адæм цæры, уый зонут?.. Фæрнæй дзы цæрæд – сæдæ фæндзай азæй къаддæр макæцы ирон лæг фæцæрæд. Æмæ цæрынц. Сæхицæн. Фæлæ нын зонд амонынц. Мæскуыйæ, Петырбухæй, æндæр стыр æмæ райдзаст горæттæй: цытæ, дам, кæнут, цы, хуссарирыстойнаг адæм, æрра, дам, систут, куыд, дам, хъавут Уæрæсейы скондмæ бацæуынмæ… Мах, дам, хъуамæ хæдбар паддзахад саразæм, хъуамæ, дам  нын нæхи, бахъуаджы рæстæг Ирыстоны цыфæнды знагæй дæр чи бахъахъхъæна, ахæм хъомысджын æфсад уа…

Диссаг уæм нæ кæсынц ахæм цыдæртæ, хорз адæм? Иу гæрах фехъусгæйæ, Хуссар Ирыстонæй йæ сæр чи фесæфта, йæ сывæллæтты кæмдæр, кæйдæр дæлвæччи чи хъомыл кæны, уыдон нын кæмæй æмæ цæмæй аразынмæ хъавынц тыхджын æфсад, уымæй ма сæ бафæрсут…

Чизоны йæ æмбарынц, Америкæ æндæр бæстæты кæй сарæзта, ахæм хуызджын революци Уæрæсейы дæр куы сараза, уæд дзырд «паддзахад» куыд фысгæ у, уый дæр кæй ферох кæндзысты, фæлæ адæмы змæнтынæн, кæрæдзийыл нæ сардауынæн кæнынц, афтæ…

«Чизоны» дзы ницы сæрнизæн хъæуы – афтæ у. Йæ зонгуытыл кæй æрлæууын кодтой, уыцы Уæрæсейæ фæстæмæ хъомысджын паддзахад чи скодта, уыцы тыхджын лæг йе знæгтæн цæстысындз у, йе сæфтмæ бæллынц. Афтæ сæ фæнды, цæмæй та фæстæмæ ахæм уагмæ æрхауа, йæ президентæн ын Америкæйы президент йе уæхск куыд тъæпп-тъæпп кæна æмæ дзы æгас дунейы адæмты цæсты раз хъазæнхъул куыд араза… Цæмæй уый сæ къухы бафта, уый тыххæй йын змæнтынц йе ‘мцæ-дисонты дæр, чысыл æви стыр паддзахадтæ сты, уымæ æнæкæсгæйæ… Æндæр адæмы кæрæдзийыл ардауын æмæ змæнтынæн та йæхи къухæй сындз ничи ‘ртондзæн, уымæй дæр æй куы зоной, ахæм æмбисонд нæм кæй ис – «мæсыг хи дурæй сæтты…».

Уæдæ нæм раздæр цæмæннæ уыд афтæ?..

 Мæйгæйтты-иу электроны рухс куынæ федтам, фæлæ кæрæдзийæн «дæ цæст – сау» дæр куы никуы загътам, уæд ныр цы кодтам, цы ныл æрцыд – афæдз иу хатт рухс исты ахоссагæн куы ахуыссы, уæд кæрæдзи хъуынхъис хæрынмæ цæмæн бавналæм, кæд нæм æххуырст змæнтджытæ нæй, уæд?

Алкæмæн дæр зын у, цалдæр боны дæргъы нæ амалиуæггæнджытæй кæмæндæрты сæ хæлцадон продукттæ Дæллаг Зæрæмæджы таможнийы кæй фæдардтой, уый. Фæлæ-иу раздæр ахæм исты, зæгъгæ, уæд-иу кæрæдзийы цæстытæ къахыны бæсты иу ранмæ бамбырд стæм, цæмæй, чи нæ бахъыгдардта, уыцы уавæрæй фервæзæм. Ныр нæм афтæ цæмæннæуал у? Сæ товар цы адæмæн сæфы, уыдон уый бæрц нæ тыхсынц, кæуыл ницы уæз цæуы, уыдон сæхи цас «тыхсын» кæнынц: зилынц горæты уынгты, цæуынц магазинтæм æмæ уæйгæнджыты ардауынц, цæмæй сæ æргътыл уæлæмæ схæцой, æлхæнджыты та тæрсын кæнынц, цы, дам, æййафут, уый – æлхæнгæ, æндæра, дам, тагъд магазинты, мыст йæ къæдзил цæуыл асæрфа, уый дæр нал уыдзæн. Уый куыд æмбаргæ у, цæмæн афтæ кæнынц? Цы ‘мбарын æй хъæуы, кæйдæр кæнæ кæйдæрты фæнды, цæмæй адæм суой республикæйы къухдариуæгады ныхмæ…

Афтæ нæу? Разы не стут мемæ? Хорз, уæдæ мæм байхъусут: кæд уæ адæмы мæт ис, уæд енырмæ цæмæннæ тыхстыстут уыцы адæмыл? Нæ йæ зонут, уæлæ «Текы базар» кæй хонут, уым чъребайаг магазинты хицæуттæ иу коньячы авг 70 сомæй кæй æлхæнынц æмæ йæ сæ магазинты 160-200 соммæ кæй уæй кæнынц?!. Афтæ æндæр алыгъуызон продукттæ æмæ товартæ дæр! Уыдон дæр Дæллаг Зæрæмæджы таможнийы аххосæй стъигъынц адæмы? Цæмæннæ исты дзырдтат æмæ дзурут уыдонæн, кæд уæ адæмы мæт ис, уæд? Уымæн æмæ уыдоны тыххæй къухдариуæгады азымы бадарæн нæй… Фæлæ уый цæмæннæ æмбарут, цыфæнды дуджы, цыфæнды бæстæйы, цыфæнды къухдариуæгад дæр рæстæгмæ кæй у – сымах уымæй фыдаудæн уæ адæмæн кæнут, уæ нацийы скъæрут сæрсæфæн былмæ…

Ноджы сын сæ къух аразы ацы æнæхайыры интернет дæр, уынгты зилгæйæ, цы марг тауынц, уый сын фаг нæу – итернет-тыгъдад сын фестад карз тохы быдыр. Ныр цалдæр боны цалдæр сайтыл хъилæй лæууы æртыккæгæм скъолайы арæзтады бынат æвдисæг къам æмæ фæдисы дзæнгæрджытæ цæгъдынц, уæзласæн машинæтæ, дам, уынгмæ цъыф хæссынц…

Оу, мæнæ – мæгуыры дæ-дæ-дæй!

Уæдæ цы бакæной, шофыртæ-иу сæ машинæты цæлхытæ сапонæй ныхсой, афтæмæй рахизой фæндагмæ? Цы кодтат, цы ‘рцыди? Фесты йын йæ бынат къахт, ныккалдтой йын йæ бындур, цъыф дзы нал уыдзæн, цæмæй ма хъуамæ чъизи кæной уынг? Уæдæ дæс азы размæ цæмæннæ кодтат фæдисы хъæр, æнæхъæн горæты уынгтæ куы скъахтой, афтæмæй сæ куы ныууагътой æмæ адæм астæумæ цъыфы куы лæгæрстой, уæд? Скъолайы рæзты цы тротуар цæуы, уый дæр, дам, сæхгæдтой æмæ, дам, адæмæн ацæуæн нал ис… Омæ уæдæ, цы бакæной, уынгæджы бон се знагыл æркæна – цы къул амайынц, хæрд-мæисæн кран дæр уыцы къулыл бауромой?..

Фервæздзыстæм та уымæй дæр. Уазæгдон «Ирыстон»-ы «тæригъæдæй» чи куыдта æмæ тъизыдта, уыдон ныр цæмæн ныссабыр сты? Уымæн æмæ федтой, уыцы æмбыд æмæ кæлæддзаг агъуысты бынаты хæрз цыбыр æмгъуыдмæ диссаджы арæзтад кæй ныззылд, уый, æмæ сæ дзыхтæ донæй байдзаг сты. Афтæ ныссабыр уыдзысты, æртыккæгæм скъола дæр та цыбыр æмгъуыдмæ куы сырæза æмæ машинæтæ æддæмæ чъизи куы нал хæссой, уæд дæр.

 Фæлæ… Афтæ цæргæйæ, цасы фаг скомдзыстæм?.. Ахæм цардæй цæргæйæ, æддæмæ цы чъизи хæссæм, уыцы чъизийы лæгæрдгæйæ, цахæм паддзахад сараздзыстæм, уый у катайаг æмæ кæуинаг…

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.