Æрæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бадзырдмæ гæсгæ Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæгæй нысан æрцыд Мамытаты Вахтанг.

Йæ ног бынаты фылдæр хъусдард цы фарстатæм здахдзæн, цæрджыты царды æмвæзад бæрзонддæр кæныныл куыд кусдзæн, уыдæтты фæдыл нын радзырдта йæ хъуыдытæ.

Советон дуджы Цхинвалы район уыд размæдзыд. Нæ хистæр фæлтæр хорз хъуыды кæнынц, йæ фæллойгæнджыты къухты æфтыд стыр æнтыстытæ хъæууон хæдзарады бирæ къабæзты. Æрмæст Ирыстоны нæ ифтонг кодта йе ‘ркæнгæ продукттæй, тыллæгæй, фæлæ ма сæ æрвыста Гуырдзыстонмæ æмæ Уæрæсемæ дæр. Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ æмæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийы фæстиуæгæн районы экономикæ æрцыд æдзæллаг уавæрмæ. Районы хъæутæн сæ фылдæр басыгътой. Районы ма цы хъæутæ аззад, уыдоны адæм цардагур фæлыгъдысты æндæр рæттæм, ныппырх сты фæндæгтæ, хæдзæрттæ. Фæлæ ныр 10 азы дæргъы Стыр Уæрæсейы æххуыс æмæ нæ республикæйы къухдариуæгады архайды фæрцы йæ хуыз хорзæрдæм ивы район. Горæтæй Цхинвалы районы стырдæр хъæутæм арæзт æрцыд сосæвæндæгтæ, арæзт æмæ цалцæг цæуынц фæсфæд хъæуты дæр. Куыстæуы бирæ цардуагон фарстатæ скъуыддзаг кæныныл. Æппæт уыдæттæ æнæзонгæ не сты районы ног сæргълæууæгæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ алкæцы къухдариуæггæнæг дæр цалынмæ йæ куыстмæ не ‘рывналы, уæдмæ саразы йæ архайдæн нывæзт, цы суыдзæнис йæ бон реалонæй саразын, цæмæй йыл йе ‘ууæнк чи бафтыдта, уыдон фыдæнхъæл ма фæкæна, уый тыххæй. «Мæнмæ дæр, кæд бирæ хорз фæндтæ ис, уæддæр уыдонæй сæйрагдæртæ сты районы алы хъæумæ дæр фæндæгты схæрзарæзт кæнын, нуазыны донæй сын сæ цæрджыты сифтонг кæнын, афтæ ма бирæ хъæуты алфæмблай цы броны обаутæ сырæзт, уыдон асыгъдæг кæнын», – зæгъы Мамытайы фырт. 

Районы администрацийы сæргълæууæг ныфс бавæрдта, уый тыххæй æппæт дæр кæй сараздзæнис, фæлæ уыимæ иумæ кусдзæнис хъæууонхæдзарадон кондад райтынг кæныныл, фермертæн æмæ хъæууон цæрджытæн кусыны уавæртæ саразын, сæ царды æмвæзад сын бæрзонддæр кæныныл. Хъæууон хæдзарады кæд алы къабазимæ дæр зонгæ у, уæддæр нырма ахуыр кæны, районы цы арендатортæ æмæ фермертæ ис, уыдоны проблемæтæ. Районы ныртæккæ архайынц 40 бæрц зæххкусæгон фермерон хæдзарады, уыдонæй бирæтæн ис хорз фæстиуджытæ хъæууонхæдзарадон продукци æркæныны хъуыддаджы, фæлæ иумæйагæй сисгæйæ зынгæ æнтыстытыл дзурынæн нырма раджы у. Бирæтæ дзы се ‘ркæнгæ продукцийыл цы бахардз кæнынц, уый бæрц æфтиаг нæ райсынц. Уымæ гæсгæ кредитты фæдыл сæ хæстæ сæ бон нæ вæййы бафидын. Ахæм фермертæм хъæуы фæкæсын, сæ куыст сын пайдайы ‘рдæм аздахын.  Фермерты архайдыл дзургæйæ, дæнцæгæн æрхаста æнтыстджынæй йæ къахыл чи слæууыд, фосдарды куыст чи кæны, ахæмты. Уыдон сты Елтъура, Арцеу, Къохат æмæ Ногхъæуы цы фермерон хæдзарадтæ ис, уыдон. Уыцы амалиуæггæнджытæ бынæттон базары реализаци кæнынц дзидза æмæ æхсыры продукци. Уыдон кæд сæхи фæрæзтæй сарæзтой сæ хæдзарадтæ, уæддæр уый нæ нысан кæны, район сæм йæ хъус кæй нæ дардзæнис. Æмбæлон хъусдард цæудзæнис фосы æнæниздзинадмæ, цæмæй ма апарахат уой тæссаг хæцгæ низтæ. Уыцы нысанæн районы бæрнон кусджытæ хъуамæ бынаты бæрæг кæной фермерон хæдзарадты. Хъуамæ уагъд цæуой хосгæнæн-профилактикон мадзæлттæ æндæр æмæ æндæр низты ныхмæ. Ныртæккæ хъæууон хæдзарады министрады хъæппæрисæй хуыты африкæйаг емынæ æмæ ставдкъах фосы модулярон дерматиты ныхмæ Знауыры районы арæзт цæуы вакцинаци. Уый фæстæ та рахиздзысты Цхинвалы районмæ æмæ цыдæриддæр районы фос ис, уыдон се ‘ппæт дæр æрцæудзысты вакцинацигонд.

Мамытаты Вахтанг куыд банысан кодта, афтæмæй Дменисы хъæуы цы фæткъуыбæлæсты дыргъдон ис, уый ацы аз арендæйы райста æвзонг амалиуæггæнæг, куыстуарзаг лæппу Икъаты Ибрагим. Фæткъуыбæлæстæ æдзæллаг уавæры уыдысты, уый сæм хæрззылд бакодта, ныр та сын сæ рæнхъыты ‘хсæнты хъавы пъамидортæ æмæ æрыскъæфтæ ныссадзын. Цы тыллæг æркæна, уый уæй кæндзæнис нæхи базары, æрласæггаг пъамидортæ цы аргъмæ уæй кæнынц, уымæй къаддæр аргъмæ. Вахтангы ныфс ис, ацы лæппу кæй райтынг кæндзæн йæ хæдзарад æмæ йæ æнтыстытæ азæй азмæ фылдæр кæй кæндзысты.

Хъæууон хæдзарады къабазы йæм фæлтæрддзинад кæй ис, уымæ гæсгæ администрацийы сæргълæууæг зæгъы, зæгъгæ, районы æнæмæнг сæндидзын кæнын хъæуы халсаргуыст. Къабускæйæн мах климатон уавæртæ сты иттæг хорз. Махмæ, зæгъгæ, халсаргуыст куы райтынг уа, уæд раздæрау Цхинвалы район уыдзæн бæркадджын æмæ æфтиагджын.

Мамытаты Вахтангы ныхæстæм гæсгæ, цалынмæ ацы бынаты кусын нæ райдыдта, уæдмæ арæзт æрцыд 2019 азæн районы рæзты план. Уырдæм цы мадзæлттæ бахастæуыд, уыдон æххæст æрцæудзысты Дампъалет, Тъбет, Къусрет, Къохат, Андис æмæ Джеры хъæутæм донуадзæн куыстытæ.

Районы хъæутæм æвзæр уавæры цы фæндæгтæ ис, уыдон дæр цадæггай хæрзарæзт цæуынц. Ныртæккæ ахæм куыстытæ кæнынц Къусрет, Бихъар, Махисы хъæутæм фæндæгтыл. Сæрмагондæй зæгъын хъæуы, Громæй-Цъинагармæ ацы аз цы фæндаг арæзт æрцæудзæнис, уый тыххæй. Уымæй фæрогдæр уыдзæ-нис ацы хъæуты цæрджытæн сæ уавæр.

Цалдæр азы дæргъы сыгъдæг нæ цыд Дæллаг Гуджабары канализацийы хахх дæр. Йе ссыгъдæг кæнын кæй бантыст, уый Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг нымайы стыр æнтыстыл. Ууыл куыст цыд, Паддзахадон унитарон куыстуатмæ цы техникæ ис, уыдон руаджы. Техникæ фаг кæй нæй районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадмæ, уый тыххæй вæййы чысыл къуылымпытæ, фæлæ районы сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, уый нæ нысан кæны, номхыгъды цы объекттæ ис, уыдонæй искæцы фæсфæд баззайдзæн.

 Мамытаты Вахтанг куыд загъта, афтæмæй архайдзæн районы цæрджыты иумиаг царды æмвæзад бæрзонддæр кæныныл. Сæрды мæйты, куыддæр скъоладзаутæ улæфынмæ ацæуой, афтæ скъолатæ æрцæудзысты цалцæг. Хъармгæнæн системæтæ кæм ис, уыдон цалцæг æрцæудзысты капиталонæй, цæмæй зымæджы ма хæлой.

Районы сæргълæууæг банысан кодта районы барадхъахъхъæнæг органты куыст дæр. Уыдон хъусдард здæхт у æхсæнадон фæтк æмæ æмбæстæгты æхсæнадон æдасдзинад ифтонг кæнынмæ, фыдракæндтæ ма æруадзын æмæ раргом кæнынмæ.

«Цæрджыты иууыл тынгдæр тыхсын кæнынц цæрæнуатон фарстатæ. Ивгъуыд аз парти «Иууон Ирыстон»-ы фæрцы цæрæн хæдзæрттæй хæсты рæстæджы чи бахъыгдард, уыдонæн ивд æрцыдысты се ‘мбæрзтытæ. Президенты фондæй дзы арæзт æрцыд цалдæр хæдзары. Фæлæ уæддæр нырма районы бирæ ис тыхст адæм. Уыдонæй алкæмæн дæр, гæнæн уæвгæйæ, баххуыс кæндзыстæм», – ныфс бавæрдта Цхинвалы районы сæргълæууæг.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.