Знон РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли испекцион азылд сарæзта нæ горæты цалцæгцæуæг Стыр Фыдыбæстæйон, хæсты ветеранты хæдзæрттыл. Бæрæг куыд у, афтæмæй уыдон арæзт цæуынц фонд «Аланийы иудзинад»-ы фæрæзтæй, кæцыйæн йæ иунæг бындурæвæрæг у Бибылты Анатоли йæхæдæг.

Майы мæйы райдианы Бибылты Анатоли сæрмагондæй йæхæдæг лæвæрттæ куы бахаста хæсты ветерантæн сæ хæдзæрттæм, уæд федта, уыдонæй бирæтæ æвзæр уавæрты кæй цæрынц. Семæ ныхас кæныны рæстæджы бамбæрста, уыдонæн сæ бæллицтæй иу кæй у, цæмæй сын сцалцæг кæной сæ цæрæн хæдзæрттæ, кæцытæ бахъыгдард сты, сæйраджыдæр, 2008 азы августы хæсты бонты. Уæдæй нырмæ, дам, бирæ куырдиæттæ фæфыстам алы инстанцитæм, фæлæ ныфсæвæрæн ныхæстæй дарддæр уыдонмæ æркæсæг нæ уыд.

Хъуыддаг сахуыр кæнын æмæ арæзтадон хæрдзтæ банымайыны фæстæ хæсгонд æрцыд арæзтадон фирмæ «Шанс»-æн, кæцыйы сæргълæууæг у фæлтæрд аразæг Козаты Игорь. Цыбыр рæстæгмæ фонд «Аланийы иудзинад» рахицæн кодта   æхцайы фæрæзтæ æмæ аразджытæ бавнæлдтой Октябры уынджы – Уалыты Зоя, Лужковы уынджы – Гæззаты Петр, Октябры уынджы кæрон – Цоциты Амиран, Кобылты Сергейы уынджы – Пæррæстаты Фатимæ, Мамсырайы фырты уынджы – Кокойты бинонты æмæ Коцты Грийы уынджы цæрæг Танделаты Дарикъойы хæдзæрттæ цалцæг кæнынмæ.

Дыууæ мæйы æмгъуыдмæ уыдонæй цалдæр капиталонæй цалцæг æрцыдысты. Октябры уынджы цы дыууæ сæрмагонд хæдзар арæзт цыд, уыдонæй иуæн йæ фыццаг уæладзыг, аннæмæн та йæ дыккаг уæладзыгæн цалцæг æрцыдысты сæ астæрдтæ, къултæ. Кобылты Сергейы уынджы æмæ Коцты Грийы уынджы цæрджыты хæдзæрттæ аварион кæй сты, уымæ гæсгæ уыдон арæзт æрцæудзысты ногæй.

Президент йæ азылды рæстæджы, фыццаджыдæр, цымыдис кодта хæдзары хицæуттæ сæхи куыд хатынц æмæ райгонд сты æви нæ арæзтадон фирмæ «Шанс»-ы куыстæй. Уый фæстæ азылд æмæ федта, хатæнтæ куыд цалцæг æрцыдысты, уый. «Ныр сымахæн уæ хæдзæртты фадат уыдзæнис æдæрсгæйæ цæрынæн. Хъуамæ сымах нырма бирæ азты фæцæрат, уæ фæрныг хæдзæрттæй та хъуыса цины хабæрттæ, фысымиуæг дзы кæна ирон фарн», – дзырдта Бибылты Анатоли.

Ветерантæ сæхæдæг æмæ сæ бинонтæ дæр бузныджы ныхæстæ загътой Президентæн, ахæм æххуыс сын кæй бакодтой, уый тыххæй.

Президент ныфс бавæрдта, ветерантæн ацы æххуыс фæстаг хатт кæй нæ уыдзæнис, фæлæ сын дарддæр дæр кæй æххуыс кæндзæнис.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.