Нæ горæты арæзт цæуынц, ахсджиаг нысаниуæг кæмæн ис, ахæм бирæ алыгъуызон объекттæ. Уыдоны арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уый ис æрмæстдæр нæ республикæйы разамынады хъусдарды бын нæ, фæлæ ма Уæрæсейы разамынады ’рдыгæй дæр. Арæх нæм æрцæуынц æндæр æмæ æндæр бæрнон бынæтты кусджытæ æмæ бабæрæг кæнынц арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уый.
Æрæджы, 11-æм апрелы та нæ республикæмæ кусæгон балцы æрцыд Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министр Лев Кузнецов. Уый азылдис нæ горæты æмæ федта, 2015-2017 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ хаст чи æрцыдысты, уыцы арæзтцæуæг объекттæ операцион хайад, гуырæн хæдзар, сывæллæтты реабилитацион центр, университеты сæйраг корпус, Хъайтарты уынджы цæрæн хæдзæрттæ, Октябры уынджы дыууæ фарастуæладзыгон хæдзæрттæ, дзулфыцæн комбинат, Маяковскийы уынджы фондзуæладзыгон цæрæн бæстыхай æмæ Паддзахадон драмон театры арæзтад.
Лев Кузнецовы арæзтадон куыстытимæ зонгæ кодтой Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, йæ хæдивæг Цхуырбаты Зæлинæ, РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Григори Кулиджанов, нæ горæты администрацийы сæргълæууæг Æлборты Алан æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.
Райдианы уыдон бацыдысты хирургион хайад цы бынаты арæзт цæуы, уырдæм. Уым куыстытæ сты сæ тæмæны, кæнынц дзы бындурæвæрæн куыстытæм.

Гуырæн хæдзары арæзтадмæ бацæугæйæ, уазæг цымыдис кодта, арæзтад цы æмгъуыдты фæуыдзæнис, уымæ. Аразджытæ куыд баныфсæвæрдтой, афтæмæй кæд алцыдæр нывыл цæуа, уæд объект арæзт хъуамæ фæуа азы кæронмæ æмæ дзы уыцы æмгъуыдмæ хъуамæ райгуыра фыццаг сывæллон. Ныр та уал ам къахт æрцыд æрмæстдæр йæ бындур. Кузнецов æрдомдта, цæмæй куыстыты график æххæст цæуа æмæ сæрмагонд хъусдард здæхт æрцæуа сæ гъæдмæ.
Сывæллæтты реабилитацион центрмæ бацæугæйæ Кузнецов банысан кодта ацы медицинон уагдоны ахсджиагдзинад. Ам арæзтадон куыстытæ кæны цæгатирыстойнаг компани ООО «Спецтепломонтаж». Ам фесты сантехникон куыстытæ, ауагътой электрохæххытæ, фæуд кæнынц сæрдæн куыстытæ æмæ рæх-джы æрæвналдзысты астæрдыл плиткæтæ æвæрынмæ.
Сывæллæттæн æй кæй аразынц æмæ дзы уыдонæн се ’нæниздзинад кæй нывыл кæндзысты, уымæ гæсгæ Кузнецов æрдомдта, цæмæй арæзт æрцæуа гъæдджынæй, уымæн æмæ сывæллæттæ сты республикæйы фидæн. — «Ам хъуамæ кусынæн уа æмбæлон уавæртæ æмæ ифтонг уа нырыккон медицинон ифтонггæрзтæй. Республикæйы цæрджытæ куы æнкъарой сæ сывæллæтты æнæниздзинадыл стыр аудындзинад, уæд уый, кæй зæгъын æй хъæуы, хорзæрдæм бандавдзæн гуырынадыл дæр. Алы саби дæр хъуамæ иса æмбæлон медицинон æххуыс. Бацархайын хъæуы, цæмæй дзы пайда цæуа уæрæсейаг медицинон технологитæй, кæцытæ фæстæ нæ лæууынц фæсарæйнаг технологитæй æмæ сæ аргъ та у асламдæр. Афтæ бакодтой Мæхъæлы, Кæсæг-Балхъары æмæ Стъаврополы арæзт чи æрцыдысты, уыцы æнгæс медицинон уагдæттæ дæр, — банысан кодта уæрæсейаг министр.
Уазæг цымыдис кодта цахæм хайадтæ дзы уыдзæн, медицинон æххуыс дзы, цахæм хуызы уыдзæн райсæн, æгæрыстæмæй, ма цымыдис кодта, цахæм арæзтадон æрмæджытæй æххæст кæндзысты фæлындзæн куыстытæ æмæ бафæдзæхста, цæмæй уыдон уой нырыккон, рæсугъд æмæ ардæм бацæугæйæ адæймаджы цæст хъуамæ æхцондзинад иса.
Лев Кузнецов æрдомдта, цæмæй эксплуатацимæ йæ ратгæйæ дзы кусынæн уа комфортон уавæртæ. Сæрмагондæй банысан кодта, цæмæй дзы хæрзвадат уавæртæ уа, куыд рынчынтæн, афтæ медперсоналæн дæр. Саразын дзы хъæуы пандустæ, цæмæй коляс-кæджын рынчынтæн æнцонæй сæ бон бацæуын уа медицинон уагдонмæ. Арæзтадон организациты къухдариуæггæнджыты бафæ-дзæхста, цæмæй куыд ацы объекты, афтæ иннæ объектты дæр зынæн ран бакæной арæзтадон куыстыты график æмæ семæ зонгæ кæной, чи сæм цымыдис кæнынц, уыдон иууылдæр.
Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министр Григори Кулиджанов куыд загъта, афтæмæй рынчындон куы сцæттæ уа, уæд ам бæрзондквалификациджын медицинон æххуыс райсын сæ бон уыдзæнис уыцыиу рæстæджы 73 рынчынæн. Операцигæнæн æмæ медперсоналы хатæнтæй дарддæр ма ам уыдзæн æндæр техникон ха-тæнтæ. Уыдзæнис дзы спортивон зал, бассейн.
Уырдыгæй Кузнецов æмæ йе ’мбæлц-цæттæ сæ фæндаг акодтой университеты ног комплексы арæзтадмæ. Ам куыстытæ æххæст цæуынц графикмæ гæсгæ. Фесты демонтажгæнæн куыстытæ, арæзт дзы цæуынц бындурæвæрæн куыстытæ. Арæзтады министр уазæгæн бамбарын кодта, университеты ног бæстыхай кæй уыдзæн æртæуæладзыгон æмæ дих кæй уыдзæн æртæ хайыл. Уыдон та уыдзысты: ахуырадон-административон, культурон-хиирхæфсæн æмæ спортивон зал, уыдзæн дзы хæрæндон дæр.
Лев Кузнецов цымыдис кодта, зæронд корпусы реконструкцигæнæн куыстытæ куыд цæуынц, уымæ дæр. Ам дæр уый цымыдис кодта, цахæм æрмæ-джытæй арæзт цæуынц, уымæ.
Дарддæр уазæг бабæрæг кодта Хъайтарты уынгыл арæзт-цæуæг микрорайон. Арæзтады министры хæдивæг Гаглойты Сергей куыд загъта, афтæмæй ам арæзт цæуынц фондзуæладзыгон хæдзæрттæ. Уыдон уыдзысты 1, 2, 3, 4 хатæнонтæ нырыккон планировкæимæ. Уыдон арæзт куы фæуой, уæд лæвæрд æрцæудзысты горæты администрацимæ. Лев Кузнецов бафиппайдта, цæмæй ацы хæдзæрттæм рады чи лæууынц, уы-донæн сæ развæлгъау бацамоной æмæ цæрджытæ сæхæдæг сæ хъус дарой сæ хæдзæртты арæзтады гъæдмæ.
Уырдыгæй та Кузнецов æмæ Хъуылымбегты Доменти се ’мбæлццæттимæ бацыдысты дзулфыцæн комбинатмæ. Ам дæр арæзт цæуы ног кондадон корпус. Райдианы уал уыдоны комбинаты директор Цхуырбаты Вадим базонгæ кодта, зæронд бæстыхайы кондадон процесс куыд цæуы, уыимæ. Кузнецов цымыдис кодта бирæ алыгъуызон фарстатæм — куысты уавæртæм, дзулы хиаргъ цас у, æмæ æндæр ахæмтæм. Уа-зæг комбинаты директоры хъусдард аздæхта, цæмæй хæрзгъæд дзул рæстæгыл хæццæ кæна фæлхасгæнджытæм æмæ ног корпус эксплуатацимæ лæвæрд куы æрцæуа, уæд архайын хъæуы, цæмæй куыстуат дотацион мауал уа, фæрæзтæ мауал иса хицауадæй, фæлæ йæхæдæг йæхи дарынхъом уа.
Куыстуаты директор баныфсæвæр-дта ацы объект эксплуатацимæ лæвæрд кæй æрцæудзæн октябры мæймæ. Йæ рады Кузнецов дæр ныфс бавæрдта ногæй кæй æрцæудзæнис æмæ хайад кæй райсдзæн йæ гом кæныны церемонийы.
Цхуырбаты Вадим куыд загъта, афтæмæй ног объекты цы ифтонггæрз-тæ æвæрд æрцæуой, уыдон ныридæгæн сты закъазгонд æмæ æвæрд куы æрцæуой, уæд хуыздæр фа-дæттæ уыдзæн рауадзгæ продукцийы ассортимент рауæрæхдæр кæнынæн.
Уый фæстæ Лев Кузнецов бабæрæг кодта Октябры уынджы 2 фарастуæла-дзыгон хæдзары æмæ Маяковскийы уынджы фондзуæладзыгон хæдзары арæзтад.
Фæстагмæ йæ фæндаг акодта паддзахадон драмтеатры арæзтадыл. Уый цымыдис кодта, цал кусæджы дзы кусы, цы куыстытæ дзы æххæст цæуынц, уыдæттæм æмæ карзæй бафæдзæхста, цæмæй фæфылдæр кæной кусджыты нымæц æмæ æмбæлон æмгъуыдмæ фæуой куыстытæ.
* * *

P1050304.JPGДыккаг бон Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министр Лев Кузнецов æмæ РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти ауагътой æмбырд къорд министрадтæ æмæ ведомствоты, генподрядон-арæзтадон организациты къухдариуæггæнджытимæ. Æмбырды куысты ма хайад райстой Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы Министрады Дунеон æмгуысткæнынады департаменты директор Антон Мельник æмæ ацы министрады Дунеон æмгуысткæнынады департаменты Хуссар Ирыстонмæ æм-гуыстады фарстыты фæдыл хайады хистæр Александр Башлыков.
Æмбырд гом кæнгæйæ, Хъуылымбегты Доменти банысан кодта, зæгъгæ, арæзтцæуæг объекттыл инспекцион азылд организаци æрцыд бы-нæтты хъуыддæгты уавæрæн саргъ кæныны, проблемон фарстатæ раргом кæныны æмæ сæ аиуварс кæныны фæдыл конкретон мадзæлттæ райсыны тыххæй. «Мах хъæуы объектты ситуацийæн анализ саразын æмæ уæлæмхас мадзæлттæ райсын, цæмæй куыстыты гъæд дзуапп дæтта бæрзонд стандарттæн, куыстыты графиктæ хъахъхъæд цæуой æмæ Инвестпрограммæйы мадзæлттæ реализаци цæуой снысангонд плæнттæм гæсгæ», — загъта Хицауады Сæрдар.
Лев Кузнецов банысан кодта Инвестицион программæ сæх-хæст кæныны æмæнæнгхъæуындзинад, кæцы комкоммæ баст у Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтимæ. «Ныры вазыгджын рæстæджы, уыцы нымæцы Уæрæсейы Федерацийы бюджетæн дæр, нæ сæйраг хæс у республикæйæн социалон æгъдауæй ахсджиаг проекттæ реализаци кæнынæн цы финансон фæрæзтæ рахицæн æрцыдысты, уыдонæй эффективон æгъдауæй спайда кæнын», — загъта уый æмæ Хицауады уæнгтæм æмæ аразджытæм æрсидт, цæмæй равдисой бæрндзинады стыр æмвæзад. Саразгæ объектты гъæдæй — университет уа, театры бæстыхай, медицинон уагдæттæ, цæрæн комплекстæ, æви æндæр ахæмтæ — хъуамæ уæм сæрыстыр.
Уæрæсейаг министры ныхæстæм гæсгæ хорз куысты цæвиттон æвдисын хъæуы проект бакусынæй, объекты арæзтады тæккæ райдианæй. Æрæвæргæ хæслæвæрдтæ æнтысгæйæ сæххæст кæныны тыххæй арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ дæр, финанскæнынад цæуы æнæкъуылымпыйæ, рæстæгыл æмæ раст арæзт документтæм гæсгæ. Хицæн объектты, куыд бафиппайдæуыд, афтæмæй не ’нкъардæуы æмбæлон активондзинад, фæлæ процесс ис ахæм стадийы æмæ цухдзинæдтæ нырма ис рарастгæ-нæн. Лев Кузнецов бамбарын кодта, домæнтæ кæй уыдзысты карз.
Æмбырды хайадисджытæ æрныхас кодтой алы арæзтцæуæг объекты дæр ситуаци куыд у, ууыл.
БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.