Æнæаргъ балцæг санаторион-курортон уавæрты хос кæнын æмбæстæгты хатырон категорийæн рахицæн кодта республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад.

Уыдон сты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ, хæстон архайдтыты рæстæджы чи фæцæф, уыдон æмæ афгайнæгтæ. Улæфджыты, (15 адæймаджы бæрц) сифтонг кæндзысты транспортæй хос кæныны бынатмæ ацæуын æмæ фæстæмæ æрцæуыны тыххæй.

«Ацы аз нын Хицауады æххуысæй ахæм фадат ис, цæмæй æмбæстæгты льготон категориты арвитæм санаторион-курортон хос кæнынмæ. Нырма уал улæфджыты фыццаг хай арвыстам, фæлæ ацы программæ æнæхъæн сезон кусдзæн», – банысан кодтой министрады.

Алагиры хуссар хайы бальнеологион курорты алы улæфæгæн дæр арæзт цæуы сæрмагонд хосгæнæн программæ æнæнизгæнæн æнæмæнгхъæуæг процедурæтимæ, специалон хæрд æмæ хосгæнæн ваннæтимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.