Æвзæрст  ныхæстæ…

Алы адæймаг дæр цыдæр æвзагыл дзуры. Æвзаг та дзырдтæй конд у. Иу æвзагæн фылдæр сты, æндæрæн та – къаддæр. Уыдон сты, махæй чи нæ хицæн кæнынц, уыцы «рифтæгты» æмæ сæ ныхасы рæстæджы, гъе та гæххæттыл нæ хъуыдытæ фысгæйæ, байгом кæнæм æмæ сæм нывналæм. Нæ хъуыды нын цахæм ныхæстæм амоны, уыдоны сисæм, нæ былалгъыл сæ бафтауæм æмæ райхъуысынц кæрæдзийыл бастæй, цæмæй сæ исчи фехъуса, цы зæгъын дæ фæнды, уый бамбара.

Бирæ, тынг бирæ ныхæстæ ис нæ «рифтæгты» – хæццæйæ, кæрæдзийыл æнæ бастæй. Зæгъгæ, сæ афтæмæй дзурыс – ничи дын ницы бамбардзæнис, стæй дзы алы ныхасы алкæйы фарсмæ æвæрæн нæй – не ‘рфидаудзысты. Уыдон ивынц хауæнтæм гæсгæ, нымæцмæ гæсгæ, цæсгоммæ гæсгæ, кæрæттæм гæсгæ, ис дзы сæйрæгтæ æмæ фæрсæгтæ, хицæн сæ кæнынц æрхæцæн нысæнттæй, интонацийæ… Фæлæ сæйраг уый нæу, сæйраг дзырдæн йæ бынат ссарын у нæ ныхасы. Цæмæй йæ фарсмæ цы дзырд уа, уыимæ сфидауа æппæт иннæ дзырдтæй хуыздæр. Ахæм дзырдты къорд куы равзарай дæ «рифтæгты» дзырдтæй, уæд сæ рауайдзæн аив хъуыдыйад – бæлвырд, æнцонæмбарæн, зæрдæмæ чи хъара, ахæм. Уыцы хъуыдыйадмæ йæ мидисмæ гæсгæ æндæр ахæм хъуыдыйад, хъуыдыйæдтæ куы баиу кæнай, уæд дзы рауайдзæн, æн-дæртæн дæ фехъусын кæнын  кæнæ радзурын цы фæнды, ахæм ныхас.

Дзырдтæ рифтæгты уырзтæй агургæ не сты. Уыдоны хъуыды былалгъыл æвæры рæвдз, цæмæй ныхас ма къуылымпы кæна. Раст, дырысæй се ‘взарыны арæхстдзинад, курдиат та алкæмæ нæй. Ацы хъуыддагмæ хуыздæр чи арæхсы, уыдоны хонынц дзырдарæхст, зондджын, кæд алы хатт дзырдарæхст зондджындзинадыл дзурæг нæ вæййы, уæддæр.

Дзырдарæхстæн йæ бон бирæ у. Уый ныхасæн цы дзырдтæ равзары, уыдоны руаджы йæ бон у æндæрты хъуыдыйыл, зондахастыл бандавын æмæ сæ йæ фæстæ акæнын, æгæрыстæмæй, раст куынæ уой, уæддæр. Афтæ ракæнынц бирæтæ стыр дзыллæты куыстурæдтæм, растадтæм, раппарынц бæстæйы хицæутты. Ахæм у сæ тых растæвæрд дзырдтæн. Æмæ, уадз, чи сæ дзуры, уый æндæргъуызон хъуыды кæнæд, æндæр нысæнттæ йын уæд –  уыдон аууоны аззайынц æмæ баууæндынц растæвæрд, растæвзæрст дзырдтыл.

Нæ «рифтæгты» мингай дзырдтæй раст пайда кæнын, кæрæдзийы фæдыл сæ æмбæлон уагыл равæрын, баиу кæнынмæ цас арæхсы, ууыл баст у йæ курдиаты тых, фыстæй нын сæ нæ размæ чи хæссынц, уыдонæн, ома, фысджытæн дæр. Мах, чиныгкæсджытæ, зонæм, ис цауд фысджытæ, рæстæмбис фысджытæ æмæ стыр, гени фысджытæ дæр. Æмæ уацмысы фæлгонц аразгæйæ, дзырдтæ кæрæдзийыл куыд бадой, куыд арфдæр бахъара кæсæджы зæрдæмæ, уымæй кæнгæ у фыссæджы æнтыст. Æмæ цавæрфæнды генион ма уа, уæддæр нæма райгуырд æмæ нæдæр райгуырдзæн, æвæццæгæн, дзургæйæ дæр æмæ фыс-гæйæ дæр хъуыды равдисынæн иууыл растдæр, æмбæлондæр дзырдтæ чи равзара. Уымæн къухты бафтæн нæй, куыд нæй къухты бафтæн æрдзы сусæгдзинæдтæн æххæстæй.

Нæй рæдыдæн срастгæнæн

Йæ царды рæдыд æнæруадзгæ ничи у. Чи фылдæр рæдыдтытæ æруадзы йæхи æмæ адæммæ, æрдзмæ ахасты дæр, чи та – къаддæр. Хатт сæ зонгæ-зонын æруадзæм, хатт та  – æнæрхъуыдыйæ, гъе та сæ рæдыдыл нæ нымай-гæйæ. Куыдфæнды ма уа – рæдыд хъуыддаг уæддæр йæхи базонын кæны æмæ нæ намысы раз нæхи хорз нæ фенкъарæм, цалынмæ нæ айрох вæййы, уæдмæ.

Мах арæх фæдзурæм, мæ рæдыд сраст кодтон, зæгъгæ. Фæ-дзурæм æй æндæрты тыххæй дæр. Æмæ, цымæ, цæмæн фæдзурæм афтæ, ау, рæдыдæн срастгæнæн ис, мыййаг? Нæй, рæдыдæн срастгæнæн нæй. Уыцы рæдыд адæймагæн йемæ цæры, йæ царды ис æмæ йæм нал ис бавналæн, уымæн æмæ йыл йæ барф нал цæуы, ис ивгъуыды, ивгъуыдмæ та бавналæн нæй, нæй йын фæивæн, нæй йæм аздæхæн дæр. Хъыгагæн, æрдз нын нæ радта ахæм фадат, цæмæй нæ рæдыдтыты раст кæнæм. Нæ бон цы у, уый – нæ рæдыд афоныл бамбарын æмæ йæ царды макуыуал сфæлхатт кæнын. Æмбисондæн афтæ бакæнынц, адæймаг рæдыдтытыл ахуыр кæны, хъуамæ йын зонд-зонæн уой. Хистæртæ кæс-тæртæн амонынц, цы у хорз æмæ цы у æвзæр, æвзæр рæдийынмæ кæй æркæны. Æмæ кæд фæрæдийынц, уæд сын бацамонæм, цæмæй йæ мауал сфæлхатт кæной.

Æндæр хъуыддаг у хистæр кары адæймаг. Хатт уымæн йæ рæдыд фыдракæндмæ рахизы æмæ сбады ахæстоны. Цас фыдракæнд уæззаудæр уа, уыйас ахæстоны фæбадыны æмгъуыд – фылдæр. Цæмæй бамбара, цы ракæнд сарæзта, уый, цæмæй дзы æдас уой æндæртæ æмæ дзы аккаг адæймагæй раздæха фæстæмæ.

Рæдыдау бакæнгæ арфæйаг хъуыддæгтæм дæр нæй бавналæн, фæивæн. Нæдæр сæ фылдæр фæкæндзынæ, нæдæр – къаддæр. Фæлæ рæдыдæй хъауджыдæр уыдонæй царды хи хизын нæ хъæ-уы, хъæуы сæ дарддæр ноджы фылдæр кæнын.

Ма амар бындзы!

Бындз бахауди ахæсты… Бафтыд адæймаджы фатермæ æнæн-хъæлæджы, батахти гом рудзын-гæй. Фатеры хицау, бындзы ницæмæ ‘рдаргæйæ, рудзынджы ахгæдта. Бындзыл йæ дуне æрбакъуын-дæг. Рудзынджы авгыл дыууæрдæм кæны, кæсы, кæцæй æрбатахт, уыцы дунемæ, фæлæ йæм фæндаг нæ ары. Куы бафæллайы авгыл ралидз-балидзæй, уæд хатæны уæлдæфы æрзылдтытæ кæны, абады, диваныл йæхицæн æнæмæтæй чи хуыссы, уыцы хицау-лæгыл дæр, цыма дзы кургæ кæны, цæмæй йын рудзынг байгом кæна. Абады æндæр рæтты дæр, стæй та йæ ных саразы рудзынджы ‘рдæм. Уырдыгæй та дуне зыны æмæ афтæ банхъæлы, цыма йæм фæндаг гом у. Фæлæ цæмæй зоны бындз, ру-дзынгыл авг конд кæй ис æмæ йыл йæхи ныццæвы. Афтæ –  иу хатт, дыууæ хатт, æртæ хатт… Æрхауы, фæлæ та уайтагъд æрчъицы æмæ авгыл йæхицæн æдтæмæ фæндаг агурæг свæййы. Гуыз-гуыз кæны, фæдисы хъæр кæны, фæлæ йæм æххуысмæ зынæг нæй.

Бафæллад бындз. Фæлæ æндæр цы бакæна? Куыд фервæза ацы къуындæг бынатæй?

Фатеры хицау та мæсты кæны бындзмæ. Цæмæн æм æрбахауд? Цæуыл гуыз-гуыз кæны, цæмæн ыл абады æмæ йын йе ‘нцойад цæмæн халы? Æппынфæстагмæ, растад диванæй, газеты гæбаз столæй райста æмæ йæ хъуамæ амара, ру-дзынджы авгмæ йæ батъæпæн кæна.

Адæймаг! Аппар дæ газет – ма-рæнгарз æмæ байгом кæн рудзынджы, байгом кæн фæндаг уæрæх, сæрибар дунемæ бындзæн. Уадз, æмæ тæха йæхи фæндиаг.

Фæдзæхсы нæ

Арв фыццаг нырттивы, стæй ныннæры. Цæмæн? Зæгъынц, зæгъгæ, арв куы нырттивы, нæргæ дæр уæд ныккæны, фæлæ нæм арвæрттывды рухс тагъддæр æр-хæццæ вæййы, йæ тагъдад бирæ фылдæр кæй у, уымæ гæсгæ. Æвæццæгæн, афтæ у, фæлæ нæ кæд, мыййаг, уæларвон тыхтæ ар-вæрттывдæй афæдзæхсынц, кæй уыдзæн арвнæрд æмæ цæмæй  йæ æнæнхъæлæджы гуыбар-гуыбурæй ма фæтæрсæм…

Мæхи хъуыды

Кæсын фыссæджы чиныг, кæсын нывгæнæджы нывтæм, кæсын сце-нæйыл артисты хъазтмæ, кæсын скульпторы скульптурæмæ, хъусын музыкæмæ, хъусын адæймагмæ… Кæсын, хъусын алкæмæ дæр, алцæмæ дæр æмæ архайын сæ хъуыдыты сын рафæлгъауыныл. Цæмæй мын уа мæхи хъуыды…

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.