БУЗНЫДЖЫ БÆСТЫ…

Æрдз нæ а-дунемæ кæм рантысын кодта, уым æппæт дæр сарæзта, цæмæй нын цæрынæн æмбæлон уавæртæ уа. Цæрынæн та цы хъæуы? Хæлц æмæ дарæс. Дарæс дунескæнæгмæ нымады дæр нæй – мингай хуыз уæвгойты сфæлдыста, фæлæ дзы дарæс иуыл дæр не скодта. Уый адæймагæн йæхи æрымысæггаг у. Хæлц, о! Æнæ хæлцæй нæй цæрæн. Æмæ нын æрдз рагуалдзæгæй æрæгвæззæгмæ нæ размæ хæссы алыгъуызон хæринæгтæ  хæрынæн бæзгæ кæрдæджытæ, дыргътæ, гагадыргъ-тæ… зæххы бынæй амыты-уымыты абузынц суадоны дæттæ, алыгъуызон суæрттæ. Ацу, æмæ æртон, цы дæ хъæуы, уый æмæ хæр, æрбад суадоны фарсмæ æмæ нуаз дон. Æз дын зæгъон, исчи дæм бадзурдзæн, цы бахордтай, цы банызтай, уыдонæн сæ аргъ бафид. Алцы дæр – лæвар. Уый нæ мæнæ горæты исынц æхца æрдзы алыгъуызон хъæздыгдзинæдтæй, кæй сæ æрцæттæ кæнынц æмæ нæм сæ бынатмæ кæй æрбаласынц, уый тыххæй.

Æрдзы аудындзинад махæй алчи дæр æрвылуысм хаты, æнкъары. Æввонгæй, æнæфыдæбонæй нын цы алыгъуызон хæринæгтæ дæтты, уыдонæй дарддæр мах бахуым кæнæм йæ мæры, байтауæм, ныссадзæм алыгъуызон халсæрттæ, культурæтæ, ныккалæм дыргъдæттæ, сæндæттæ, цæмæй хæлцыл ма фæтыхсæм.

Æмæ æрмæст нæ хæлцыл тыхсы æрдз? Нæ! Уый суткæйы фæдих кодта æхсæв æмæ боныл, цæмæй кусгæ боны фæстæ талынджы сабырдзинадмæ æрулæфай, æрфынæй уай æмæ та райсомæй ног тыхтимæ дæ куысты уæлхъус балæууай.

Цас цымыдисон уаид цард, æрмæст сæрды  кæнæ фæззæджы, гъе та –  зы-мæджы, æгæрыстæмæй, æрмæст рæсугъд уалдзæджы йæ куы æрвитиккам, уæд? Афæдзы ацы афонтыл нын сæ ныддихтæ кодта æрдз æмæ мах банкъарæм уал-дзæджы рæсугъддзинад, сæрды æнтæф бонты, нæ къæбицты байдзаг кæнæм фæззæджы бæркадæй æмæ æдыхстæй зымæджы карз бонты дæр арвитæм.

Цæмæй фæззæг бæркадджын уа, уый тыххæй уалдзæгæй фæззæгмæ хур бонты раивынц къæвдабонтæ æмæ æппæт зайæгойтæн дон бадарынц. Уыцы зайæгойтæн, кæцытæ нын хæлар кæнынц, кæй улæфæм, уыцы туаггуыры дæр. Алчи дæр æнæниз уæд, фæлæ, зæгъгæ, низ баивæрзтис адæймагмæ, уæд йæ фыццаг хосгæнæг чи у? Æрдз! Уый хъæбысы зайынц алыгъуызон хосгæнæн кæрдæджытæ. Нæй ахæм низ, йæ ныхмæ æрдзы ссарын кæмæн нæй. Хъæуы сæ æрмæстдæр кæронмæ рафæлгъауын, раиртасын.

… Мах æрвылрайсом, сынтæджы рабадгæйæ, рудзынг байгом кæнæм æмæ нæ хатæнтæм бабырсы рог, сатæг æмæ сыгъдæг уæлдæф, цæмæй расура уæззау, улæфынæн чи нал бæззы, уыцы уæлдæфы æмæ æхцонæй сулæфæм, айвазæм не уæнгтæ. Æгæрыстæмæй, рыгтæ сисыны тыххæй хуылыдз хæцъил кæм ауадзæм, уым дæр æй уайтагъд асур кæны…

Цы ма домæм уæдæ æрдзæй æндæр? Цæуыл æм мæсты кæнæм æмæ йыл цæмæн фыдаудæн кæнæм?

ХЪЫГ ÆМÆ ЦИН

Цы базоны, фыццаджыдæр, адæймаг а-рухс дунемæ фæзынгæйæ? Фыццаг – кæуын, стæй та – худын. Уæдæ уæлдæфы фыццаг суткæтимæ  фыццаг цæмæн райхъуысы йæ кæуын? Уый тыххæй, æмæ йæ цард мады гуыбыны цæхгæр фæивта мадæн æдтейæ цардæй. Цæхгæр фæивд та æнцон сфæразæн нæ вæййы цахæмфæнды хъуыддаджы дæр. Хъæуы йыл æрцахуыр уæвын. Æмæ ноггуырд дæр йæ рис кæуынæй æмбарын кæны. Рацæуы рæстæг æмæ сывæллон царды ног уавæрыл æрцахуыр вæййы æмæ нал скæуы. Кæд скæуы, уæддæр – хæринагыл, гъе та дзы исты куы фæриссы, уæд. Уæдæ сæ æндæр куыд бамбарын кæна, дзурын куынæ зона, уæд? Худынæй? Æмæ æххормаг гуыбынæй, гъе та дæ исты куы рисса, уæд зæрдæ зарын куыд æрдомдзæн?

Худын фæстæдæр базоны сывæллон. Бахуды, йæ зæлланггæнæг хъæлæс айхъуысы, чысыл ницæйы тыххæй дæр,  куы йæм бахудæм, йемæ куы хъазæм, æндæр сабиимæ куы фæхъазы… Саби байрæзы, рахъомыл вæййы æмæ йæ кæуыны, йæ худыны аххосæгтæ фæивынц. Æххормаг ын куы вæййы, уæд кæугæ нал фæкæны, уæдæ йæм низ куы баивæрзы, уæд рыст уромын дæр фæразы. Фæлæ фæзынынц æндæр аххосæгтæ, кæцытæ æвдæрзынц адæймаджы уды, риссын æй кæнынц. Уыимæ ма йæхимæ айсы æввахс хиуоны, адæмы рыст дæр, фæриссы, царды алыгъуызон æнæрастдзинæдтæм кæсгæйæ. Æмæ цæстытæй рахъуызынц цæссыгтæ.

Кæуын æмæ худын. Хъыг æмæ цин. Адæймаджы царды уыдон кæрæдзийы фарсмæ цæуынц. Сæ дыууæты дæр æй бахъæуы бавзарын. Хъыгагæн, æнæрыст, æнæхъыг дуне нæй. Æмбисондæн баззад, æнæфæкæугæ, æнæфæхудгæ ничи у. Фæлæ хъыгтæ хъуамæ фæстæмæ лæууиккой, цинтæ та сын сæ бынат ахсиккой. Æмæ уый бирæты къухты æфтгæ дæр бакæны – хъысмæт сæ нæ бафхæры, цард, намысджын цард сын сæ къух аразы. Фæлæ ахæмтæ, æвæццæгæн, бирæ не сты нæ дуджы. Афтæмæй та ацы рухс дунемæ уымæн фæзындыстæм, цæмæй дзы рухс цард кæнæм, райа цардæй нæ зæрдæ, нæ зæрдæ агура худын, æвзарæм цинтæ. Æмæ кæд хъыгтыл æнæмбæлгæ нæй, уæд æмбæлæм, тынг кæуыл нæ фæриссæм, ахæмтыл. Уый куывдау у, куывд та бæллиц у, кæцы кæнæ сæххæст уыдзæн, кæнæ – нæ. Фæзæгъынц, зæгъгæ дын нывгонд цы ис, уымæй нæ аивæрздзынæ. Фæлæ уый иууыл афтæ нæу. Ис ма ахæм æмбисонд дæр, зæгъгæ, адæймаг йæхæдæг у йæ амонд аразæг. Æвæццæгæн, сæ дыууæ дæр раст сты æмæ дзы нæхимæ цы хауы, уымæй архайын, хи хизын хъæуы рыст, хъыг ма ‘руадзынæй. Хъыгагæн, хатт нæхи нæ ба-хизæм æмæ фыдбылыз хи къахы хæдбынæй дæр февзæры…

РÆСТÆГ ÆМÆ ТЫГЪДАД

Алцы дæр а-дунейы рæстæгмæ уæвы. Æнусон ницы ис. Алцæмæн дæр ис райдиан æмæ кæрон. Рæстæгмæ нæу æрмæстдæр рæстæг. Мах, зæххы цæрдгъуыз чи дарынц, æгас дун-дуне æнæрынцой змæлд кæм кæны, уыцы рæстæг. Ничи у йæ зонæг, кæд райдыдта æмæ кæд фæуыдзæн, уый. Æниу ын уыдис райдиан æмæ йын уыдзæн кæрон? Æмæ йын, зæгъгæ, æрцыд кæрон, уæд цы уыдзæн? Цы уыдзæн, рæстæджы мидæг кæрдæг куынæ рæза, маргъ куынæ тæха, саби куынæ хъомыл кæна, дун-дуне йе змæлынæй куы æрлæууа, уæд? Уыдон, адæймаджы зонд кæдæм не ‘ххæссы, уырдыгæй ист фарстатæ сты æмæ нæ нæ фæнды ууыл хъуыды кæнын. Æмæ хъуыды кæнæм: рæстæг у æнусон, нæй йын райдиан æмæ кæрон.

Мах рæстæджы цæрæм, фæлæ рæстæгау æнусон не стæм. Раст у, зайæгой уæвы мингай азты дæргъы, афтæ цæрæгой, адæймаг йæхæдæг дæр. Фæлæ уыцы иу зайæгойы хал, цæрæгой, адæймаг нæ уæвы æнусты дæргъы – иутæ амæлынц, æндæртæ цардмæ фæзынынц. Æмæ рæстæджы мидæг царды нымæг кæнын нæ уадзынц. Алы уæвæгойæн дæр уыцы стыр, æппæтиумæйаг рæстæджы йæхи чысыл рæстæг ис цæрынæн – кæмæн хæрз чысыл рæстæг, кæмæн – фылдæр, кæмæн та – ноджы фылдæр. Æмæ тынг раст дæр у. Цæвиттон, цæмæн хъæуы гæлæбуйы æнусы бæрц цæрын, зымæджы уазæлтты сийын, кæрц куынæ скæндзæн, мыййаг. Алкæмæ дæр цас æмбæлы, уый бæрц рæстæг ын ис цæрынæн. Æниу дзы хъулондзинæдтæ дæр куынæ ис. Нæхицæн зæгъæм, цæмæн бахъуыдис халоны а-рухс дунейы æртæ æнусы цæрын, цы хъуыддаджы басгуыхт, цæмæй йын фылдæр рæстæг лæвæрд æрцыдаид. Уый афтæ, ныхасæн зæгъын…

Рæстæг махæн æрмæст царды æмгъуыд нæу. Уый нæ хосгæнæг дæр у. Зæгъгæ, дæхи ныццавтай, бафæлвар ма æмæ йын æнæ рæстæгæй йæ рыст æруром. Афтæ – низтæ дæр. Рæстæг у сæйраг хосгæнæг. Нæхæдæг, дохтыртæ та йын æххуыс кæнынц. Рæстæг у нæ мастсафæг. Рæстæг у тæрхонгæнæг…

Фæлæ æппæтыл æххæссæг рæстæгæн йæ бон цы уаид, тыгъдад ын йæ къух куынæ аразид, уæд? Алкæмæн, алцæмæн дæр йæхи тыгъдад ис, йæхи тыгъдады уæвы. Алы зайæгойы хуыз, бæласы мыггагæн дæр йæхи бынат, йæхи тыгъдад ис. Æгæрыстæмæй, кæрдæджы халæн дæр – сзайы уидагæй, сырæзы æмæ йæ дымгæ фенкъусы, афтæмæй дунемæ кæсы. Уыцы чысыл тыгъдад ын фаг у, цæмæй уæва æмæ райгонд уа йæ цардæй. Урс арсæн йæ цæрæн тыгъдад сты ихджын океаны ихджын быдыртæ æмæ йæ хуыздæр тыгъдад нæ хъæуы. Стъалытæн сæ космикон тыгъдад æгæрон у æмæ дзы алчи дæр бæлвырд фæткыл йе змæлд кæны, кæрæдзийы нæ хъыгдаргæйæ…

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.