Стыр Фыдыбæстæйы хæсты азты Хуссар Ирыстонæй алы цыппæрæм адæймаг дæр 1941-1945 азты хæцыд немыцаг-фашистон тыхæйисджыты ныхмæ. Уыдонæй иу уыд Дзауы районы Цъоны хъæуы цæрæг Битеты Никъалайы хистæр лæппу Федыр. Хъыгагæн, мингай ирæттау уый дæр фæцу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл цыд фæци.

1941 азы нудæсаздзыд Федырмæ Дзауы районы æфсæддон къамиссариат æрсидт Сырх æфсады рæнхъытæм. Службæ кодта 157-æм хицæн æхсæг бригады. 1943 азы тохы быдырæй цы фæстаг æртæкъуымон фыстæг рарвыста, уым йæ ныййарджытæн ныфс бæргæ бавæрдта тагъд æрыздæхынæй, фæлæ дзы уымæй фæстæмæ нал дæр фыстæг райстой йæ бинонтæ, нæдæр æй уынæг исчи фæци.

Битеты Никъала æмæ йæ цардæмбал Хуыгиан Еуайыл азтæ цы-дысты сæ хæстон бæлццонмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Хæсты фæстæ сæ цæрæн бынат раивтой Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Тарскæйы хъæуы. Куыстой Хетæгкаты Къостайы номыл колхозы сæ хистæр чызджытæ Фари æмæ Верæимæ, иннæ фондз сывæллоны сын нырма скъоладзаутæ уыдысты.

Се ‘нхъæлмæгастæй ницы рауад рыстзæрдæ ныййарджытæн. Нал фæзынд сæ хæстон лæппу бирæ азты фæстæ дæр. 1970 азы йе ‘нусон дунемæ бацыд бинонтæдарæг фыд Никъала. Уымæй дæс азы фæстæ та йæ хур аныгуылд Хуыгианыл. Сæ лæппутæ Къоста æмæ Юрик сын Тарскæйы хуссарварс уæлмæрды цыртдзæвæн  сæ хæстон хъæбул Федырæн дæр сæвæрдтой. Уæд ма хуымæтæг цыртдзæвæнтæ æвæрдтой адæм сæ зиантæн, змис æмæ чъырызмæстæй.

Уæдæ не ‘фсымæрæй исты хабар базонæм, зæгъгæ, загъта Юрик æмæ 1991 азы фыстæг ныффыста ССР Цæдисы Хъахъ-хъæнынады министрады Центрон архивмæ. Дзуапмæ йæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. «… погиб 15.02.43 г., похоронен: х. Ангелинский, Красноармейского района, Краснодарского края!»

Уырдæм ацæуынмæ æмæ, кæй никуы федта, уыцы æдзард æфсымæры ингæн бабæрæг кæнын бæргæ уыдис йæ зæрды, фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн. Йæ ныййарæг мадау цы райгуырæн къуым уарзта, уырдæм цæугæйæ Уæлла-джыры комы йæ туджы æлхъывдад кæй сбæрзонд, уый афоныл нæ базыдта æмæ Нузалы рынчындонмæ бахауд уæззау уавæры. Фæ-дисы йæм фæцыдысты, кæм куыста, уыцы завод «Бином»-ы директор Цегойты Алексей йæ дæлбар кусджытæй цалдæримæ, скъолайы кæимæ ахуыр кодта, уыцы хæлар – Го-рæтгæрон районы уæды разамонæг Джусойты Петя, йæ хæстæджытæ, бæргæ йын хионы æххуыс кодта Нузалы рынчындоны арæх-стджын дохтыр Медойты Спартак, фæлæ йæ къахыл рæстмæ нал слæууыд уæддæр, къадзоны лæдзæг райсын æй бахъуыд йæ къухмæ. Йе ‘фсымæры ин-гæн бабæрæг кæныны фадат ын кæй нал уыд, уымæ гæсгæ йæм цы архивон справкæ уыд, уый йæ кæстæр ахуыр-гæнæг хо Манямæ радта. Нымадæй ма цалдæр азы ацард Юрик æндæр нал.

Цыдысты азтæ. Дæс æмæ ссæдз азы фаг систы Битеты Федыр æмæ йæ ныййарджыты цыртдзæвæнтæ, стæй згъæлын райдыдтой. Маня уый куы федта, уæд йæ пенсийы капеччытæй фæстауæрц кæнын райдыдта. Кæй зæгъын æй хъæуы, развæлгъау йæ хъуыды бамбарын кодта йæ сæрыхицау, зындгонд журналист æмæ фыссæг, Ирыстоны хъæутæй дыууæйы кадджын гражданин, РЦИ-Аланийы Ветеранты советы уæнг, газет «Рæстдзинад»-ы хайады сæргълæууæг Багаты Аврамæн. Фæцыд йæ зæрдæмæ йæ къæбæргæнæджы хъæппæрис, æрбалæууыд йæ фарсмæ. Æмæ цалдæр азы размæ Тарскæйы хуссарварс уæлмæрды уыцы хуымæтæджы цыртдзæвæнтæ ивд æрцыдысты сау мрамор дуртæй. Дыккаг бон Битеты Никъала æмæ Хуыгианæн, стæй дæсгай азты æн-хъæлмæ кæмæ кастысты, уыцы фырт Федырæн уæлмæрды дыууæ кæрдзынæй рухс загътой Аврам æмæ йæ бинонтæ. Иудзырдæй,сиахсы лæггад бакодта йæ каистæн ме ‘мсис Багайы-фырт.

Æндæраз та ногираг Битеты Амзор æмæ Анатоли сфæнд кодтой, сæ райгуырæн хъæу Цъонæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи уыд, уыдонæн уым иумæйаг цыртдзæвæн сæвæрын æмæ сын уымæй сæ ном сæнусон кæнын. Æрбамбырд кодтой æх-цайы фæрæзтæ, Цъоны чи цард, уыцы Битетæй æмæ Хуыгатæй æмæ сæ фыдæбонæй райгуырд рæсугъд цыртдзæвæн. Ацы табуйаг хъуыддагмæ дæр йе ‘вæрæн бахаста Аврам. Уый нæ, фæлæ йæ 22 июны куы гом кодтой, уæд дæр уым балæууыд къамисæнимæ. Фæстæдæр, уым чидæриддæр уыдис, уыдонæй алкæмæндæр балæвар кодта къам.

Уыцы аз Краснодары крайы хутор Ангелинскиймæ фæцæуын æмæ 1943 азы зымæджы уым чи фæмард, уыцы цъойнаг хъæбатыр Битеты Федыры ингæн бабæрæг кæнын дæр бæргæ сфæнд кодтой Аврам æмæ йæ цардæмбал Маня. Цъонæй ма армыдзаг сыджыт дæр æрласын кодта Багайы-фырт. Фæлæ цыдæр аххосæгтæм гæсгæ фæкъуылымпы сты. Хутор Ангелинскиймæ ацæуын сæ зæрды кæй ис, уый тыххæй фыстæг дæр арвыста Красноармейский районы хицауадмæ. Цы дзуапп райста, уымæй базыдта, хутор ныр Калинины районмæ кæй хауы, уый. Йæ фыстæг ын арвыстой уырдæм. Æмæ фæстæдæр дзуапп райста уырдыгæй дæр, растдæр зæгъгæйæ та, хутор цы хъæууон цæрæнбынатмæ хауы, уырдыгæй – Новониколаевскы хъæууон цæрæнбынаты администрацийы уæды сæргълæууæг В.Д. Толстуновæй. Куырдтой, цæмæй хутор Ангелинскиймæ ацæуыны размæ администрацийæн фехъусын кæна. Бацамыдтой телефоны номыртæ дæр.

– Æмæ сæм æрæджы июлы тæвд бонтæй иуы бадзырдтон, райсом уым уыдзыстæм, зæгъгæ, бамбарын кодтон Новониколаевскы хъæууон цæрæн бынаты администрацийы секретарь Татьянæ Смеликæн, – сæ балцы тыххæй мемæ ныхас кæнгæйæ дзырдта Аврам. – Æхсæв-бонмæ фæцыдыстæм рог хæдтулгæйы уыцы дард фæндагыл. Сæумæцъæхтыл ныххæццæ стæм станицæ Калинскаямæ. Ам дæлæмæ нын фæндаг амыдта сæрмагонд чысыл прибор навигатор. Станицæйы ссардтам, «Гостьевой двор» фыст кæуыл уыдис, уыцы хæдзар æмæ уым æрлæууыдыстæм нæ фæллад суадзынмæ. Цалдæр сахаты аулæфыны фæстæ нæхи арæвдз кодтам фæндагмæ æмæ Новониколаевскы администрацимæ бадзырдтон чырæг телефонæй. Татьянæ Смеликы бæсты мын дзуапп радта æнæзонгæ нæлгоймаг. Фæстæдæр куыд базыдтам, афтæмæй уый уыдис Новниколаевскы хъæууон цæрæн бынаты адмнистрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Андрей Певченко. Бамбарын ын кодтон нæ цыды сæр.

– Æнхъæлмæ уæм кæсæм! – загъта фысым цыбырæй æмæ уыйадыл бастдзинад фескъуыд.

Бынатмæ æрцæугæйæ Андрей æмæ Татьянæ сæ хъуыддæгтæ ныууагътой æмæ æнæзивæгæй фæраст сты немæ, нæ цыды сæр кæдæм уыд, уырдæм – хутор Ангелинскиймæ. Аст километры уайтагъд фæсте аззадысты. Рагон хæрзхъæд сырх агуыридурæй иууæладзыгон бæстыхайы раз баурæдтам нæ машинæтæ.

– Кæддæр ацы агъуысты райдиан скъола уыд, – загъта Татьянæ Смелик, – ныр та Культурæйы хæдзар у. Сывæллæттæ дзы бирæ нæй. Новониколаевскы скъоламæ сæ сæрмагонд автобус фæласы.

– 1943 азы ам карз тохтæ уыдис немыцаг-фашистон æфсæдтимæ, – дзырдтой уазджытæн Ангелинскийы цæрæг сылгоймæгтæ. – Хутор цыдис къухæй-къухмæ. Ахъаззаджы цæфтæ баййафыны фæстæ æппынфæстагмæ фашисттæ лидзæг фесты ардыгæй. Ацы скъолайы бæстыхайы хæсты азты госпитæл уыдис нæхионтæн. Цæф салдæттæй-иу ам чи амард, уыдон ныгæдтой скъолайы кæрты кæронæй. 1965 азы сын иумæйаг цыртдзæвæн сæвæрдтой бынæттон хицаудзинады хъæппæрисæй. Æмæ дзы фæстагмæ рауад æфсымæрон ингæн. Культурæйы хæдзары кусджытæ хуторы активисттæ йæм скъоладзаутимæ базилынц, сыгъдæг æй дарынц. Хæрзаудæн сыл кæнæнт æдзард хæстонтæ.

Æфсымæрон ингæны къулыл фыст мыггæгты ‘хсæн йе ‘фсымæр Федыры мыггаг куы бакаст, уæд йæ цæссыгтæ нал баурæдта Тарскæйы фыццæгæм астæуккаг скъолайы раздæры ахуыргæнæг Битеты Маня. Сау мраморæй уазал къæй сыгъдæг къухмæрзæнæй фæсæрфтытæ кодта, стæй æфсымæрон ингæныл байзæрста цъойнаг армыдзаг сыджыт. Уазджытæ Культурæйы хæдзары фысымтимæ рухс загътой, Ирыстонæй семæ Федыры номыл цы нозт æмæ хойраг айстой, уыдонæй.

– Æз ардæм ме ‘фсымæры ингæн бабæрæг кæнынмæ æрцыдтæн мæ бинонтимæ, – загъта хутор Ангелинский 1943 азы хъахъхъæнæг хъæбатыртæй иу Битеты Федыры хо Маня, – фæлæ абонæй фæстæмæ сымах дæр уыдзыстут мæ бинонтæ. Бузныг зæгъын, æдзард хæстонты æфсымæрон ингæнмæ йæ цæст чи дары, сыгъдæг æмæ æфснайд цæмæй уа, ууыл чи архайы, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр, уыдонимæ Новониколаевскы администрацийы кусджытæй абон нæ фарсмæ чи ‘рбалæууыд, уыдонæн дæр – Андрей æмæ Татьянæйæн. Мæ сæрæй уын ныллæг кувын.

Бынæттон цæрджытæн æмæ Новониколаевскы администрацийы кусджытæн зæрдиаг арфæйы ныхæстæ загъта Маняйы цардæмбал Багаты Аврам дæр.

Æдзард хæстон Битеты Федыры хæстæджытæн фысымтæ фенын кодтой, Новониколаевскы цы дыууæ æфсымæрон ингæны ис, уыдоны дæр. Сæ иу – цæрæн бынаты бæстастæу ис, иннæ – кæронæй. Кæройнаг æфсымæрон ингæныл æвæрд цыртдзæвæны мыггæгтæ базонын сæ къухы нæ бафтыд, æфсæйнаг гæрæн ис йæ алыварс дидинæгджын зæххы хайыл, йæ дуарыл – гуыдыр.

– Бузныг, чи йæм кæсы, уыцы адæймагæн, тынг хæрззылд у. Иннæ æфсымæрон ингæныл фыст мыггæгты ‘хсæн ис ирон мыг-гæгтæ дæр: хистæр лейтенант Бестауты Б.В, рæнхъон Соттиты С.Н., стæй кæстæр лейтенант Черкасов Р.М. (Лабæйаг Черчестæ Черкасовтæ фыссынц, чи зоны, уыдонæй у), – загъта Аврам.

– Рæнхъон Битеты Федыр цы æфсы-мæрон ингæны ныгæд æрцыд, уым дæр ма, æвæццæгæн, уыдзæн ирæттæ? –  афарстон Багайы-фырты.

– Хъыгагæн, ис. Къулыл сау мрамор къæйтæй рафыстон ахæм ирон мыггæгтæ: рæнхъон Бæтаты (Батаев) М.Л., рæнхъон Мæхъиты (Макиев) М.И., сержант Танхълаты (Танклаев) К.П. Ис ма дзы, иронæй зæрдæ кæмæ æхсайы, иу ахæм мыггаг – сержант Джаватов А.Б., гæнæн ис æмæ уа Дзуатæй (Джаваев).

– Хутор Ангелинский дард у, цал сахаты цыд у? – уыд мæ фæстаг фарст Авраммæ.

– Авдсæдæ километры ауайын æм хъæуы, аст сахаты æмæ æрдæг бахъуыдыстæм иуæрдæм дæр æмæ иннæрдæм дæр. Фæстæмæ Ирыстонмæ фæссихор рацыдыстæм. Краснодары крайы быдыртыл фæдис æмæ фæцин кодтон. Дис – сæ хæрзгуыст æмæ хæрзæфснайддзинадыл, цин та – сæ фæззыгæндтæ афоныл кæй систой, нартхоры, æхсынæны тыллæг тугыл кæй аскъуыйдзæн, уырыдзыйы, харбызы, несийы хуымтæ æфснайынмæ адæм уыцы тæвд бонты зивæг кæй нæ кодтой. Нæ быдыртæ дæр афтæ хæрззылд куы уаиккой…

Гасситы Моисей

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.