ХУР ÆМÆ АДÆЙМАГ

Æрдзысконды хур æмæ адæймагæн сæ хъысмæт иугъуызон у. Стæй æрмæст адæймагæн нæ – æппæт уæвæгойтæн дæр.

Хур æрвылрайсом скæсæнæй скæсы, фæлæ йæ тынты æппæт тых, æппæт хъомыс равдисын йæ бон нæма вæййы. Арвы тыгъдады куыд уæлæмæ цæуы, æрмæстдæр афтæ уыцы тых, уыцы хъомыс фылдæрæй фылдæр фæкæны æмæ йæ иууыл тынгдæр равдисы, арвы астæумæ куы схæццæ вæййы, комкоммæ нæм куы ныккæсы, уæд. Æмæ дзы нæхи æмбæхсæм, аууæттæм нæхи фæласæм. Фæлæ мæнæ акъул вæййы ныгуылæны ‘рдæм æмæ йæ тых цадæггай сæттын райдайы. Куыд æввахсдæр кæны йæ ныгуылæн бынатмæ, афтæ лæмæгъæй-лæмæгъдæр кæны æмæ аныгуылгæйæ, йемæ цадæггай ахæссы йæ хъарм æмæ йæ рухсы. Фæвæййы ууыл йæ боны цард.

Хуры боны цардау у адæймагæн дæр йæ цард. Скæсæнæй ныгуылæнмæ. Райгуыры адæймаг æдых æмæ лæмæгъæй. Цæуынц бонтæ, мæйтæ æмæ йæ уæрджытæ фæфидар вæййынц, къахæй ауайы зæххыл. Цæуынц азтæ æмæ йæ уæнгты тых фылдæрæй фылдæр кæны. Хъуыдыйæ хайджын кæй у, уымæ гæсгæ йе ‘мбаргæдзинад уæрæхдæр, дардылдæр кæны. Ссары йæ бынат адæмы ‘хсæн æмæ йæ цард аразыныл сбукъ вæййы. Йæ амонд ссары, фæзынынц кæстæртæ, ракæны сæ адæмы рæгъмæ.

Фæлæ æрбалæууы рæстæг æмæ æм-бискармæ бахæццæ вæййы, ахизы дзы. Æмæ уæд уымæн дæр, кæд æй райдианы нæма фæхаты, уæддæр хурау цудын райдайы йæ уæнгты тых. Йæ кæстæртæ царды размæ куыд цæуынц, афтæ уый та æдыхæй-æдыхдæр кæны. Æппынфæстаг, кæддæр сабийæ куыд æнæбон уыдис, афтæ свæййы æмæ æрхæццæ вæййы йæ царды кæронмæ. Афтæ хъуамæ уа, фæлæ, хъыгагæн, алчи нæ фæхæццæ вæййы уырдæм æмæ уый та хуры аххос нæу.

Хур цы тых бахардз кæны йе скастæй æмбисбонмæ, уыцы тых бахардз кæны æмбисбонæй йæ ныгуылдмæ. Афтæ у адæймаг дæр – æмбискармæ цы тых бахардз кæны, уый бахардз кæны йæ æрдзон мæлæтмæ.

Иугъуызон сты хур æмæ адæймагæн сæ хъысмæттæ. Æрмæст хур ногæй скæсы ног боны райдианы, адæймаг та æнусон æн-цойад ссары. Фæлæ уæддæр адæймаг йæ фæстæ ныууадзы йæхи хуызæтты æмæ цард не скъуыйы йæхиуыл.

Æмæ ма ноджы… Адæймагæн йæ цард хурæй кæнгæ у, уымæй æвдисгæ у. Хурæн та адæймаг ницы хъом у…

 

РЫСТ ÆМÆ НИЗ

Адæймаджы зонд йæ алфæмблай дунейы кæронмæ куыд никуы рафæлгъаудзæн, афтæ никуы рафæлгъаудзæн кæронмæ йæ организмы вазыгджын сконд, цы процесстæ дзы цæуынц, уыдон куыд æмæ цæмæн цæуынц. Мах кæронмæ никуы базондзыстæм, цы бирæ, тынг бирæ низтæ йæм æмхиц сты, уыдонæй бирæтæн сæ фæзынды рæстæг æмæ аххосæгтæ, кæд медицинæ размæ цæуы, уæддæр. Уыцы бирæ низтæй алкæйы организммæ дæр кæддæр кæцыдæр баивæрзы – чи сæ рогдæр вæййы æмæ куыд фæзыны, афтæ сæфгæ дæр фæкæны, чи та сæ уæззау, тынг уæззау низ разыны æмæ, адæймаджы цард цыбырдæр кæнгæйæ, йе ‘дзухон æмбæлццон свæййы.

Организм йæхæдæг свæййы йæхицæн хосгæнæг. Æмæ дзы бирæтыл фæуæлахиз вæййы. Цæвиттон, куы рахид кæны, уæд йæхицæй уазалы расуры. Фæлæ йын бирæ низты расурын фæзын вæййы, йæ бон нал вæййы йæхи «бацалцæг» кæнын æмæ нын æй уæд базонын кæны рысты хуызы. Базонын кæны, буары кæцы хайы ис, йæ бон кæй нал у йæ ныхмæ тох кæнын æмæ кæй домы æххуыс. Рыст фæдисы хъæр фæкæны. Æмæ уæд æххуыс æрцагурæм дохтырæй. Низы фесæфтимæ фесæфы нæ рыст дæр æмæ та æдыхстæй райдайæм нæ царды бонтæ æрвитын.

Алы низы дæр организм æнкъары йæ фæзындæй, æнкъары, йæ диссаджы вазыгджын сконды чысыл цыдæр йæ уагыл куынæуал вæййы, уæддæр. Æрмæст æй мах йæ райдианы нæ фæхатæм, нæ фенкъарæм. Æвæццæгæн, уымæн, æмæ йæ уыцы чысыл цыдæры тыххæй нæ фæнды мах тыхсын кæнын, фæфæнды йæ йæхи руаджы алцы дæр йæ гаччы сбадын кæнын.

Гъе, фæлæ ис ахæм низтæ дæр, æдзух чи риссы æмæ схосгæнæн кæмæн нæй, ис ахæм низтæ дæр, сæхи чи нæ зонын кæнынц, фæлæ адæймаджы ингæны былмæ чи тæрынц…

 

УЛÆФЫ НЫР МÆ ХÆДЗАРЫ КЪÆСÆР

Уый уыд ме ‘цæг хæдзар. Кæд гуыргæ, рагæй чи нал уæвы, ахæм хæдзар-къæсы ракодтон, уæддæр рæз ацы хæдзары хастон, цардмæ фæндагыл фыццаг фæлварæнтæ ам лæвæрдтон, царды уæрæх денджызмæ ардыгæй аленк кодтон.

Хæдзары къæсæр астæрдæй бæрзонд-дæр вæййы. Æмæ йæ сæрты хизгæйæ, адæймаг йæ иу къах бæрзонддæр сисы, стæй та – иннæ къах, афтæмæй бахизы мидæмæ, гъе та рахизы æттæмæ. Фæлæ уæддæр дзабыры бын кæддæрты-кæддæрты æнæсны-дзæвгæ нæ фæвæййы къæсæрыл. Æмæ йæ уыцы кæддæрты сныдзæвдтытæ ихсыйын кодтой. Уæлдайдæр та хæдзары змæл-джытæ иу, дыууæ, æртæ нæ, фæлæ фондз, дæс, фынддæс куы уой.

Мах нæ хæдзары авдæй уыдыстæм: мад, фыд æмæ сæ зæнæг. Авдæй, цыппæрдæс къахы – æрвылбон дæр æдтæмæ-мидæмæ кодтой нæ хæдзары къæсæры сæрты. Ацы къæсæры сæрты хызтысты нæ бирæнымæц сыхæгтæ – чи хъуыддаджы фæдыл, адгур, чи – æвдæлон бон хи аирхæфсынмæ, аныхас кæнынмæ. Уый фылдæр сылгоймæгтæм хауд. Нæлгоймæгтæн та-иу нæ хæдзармæ «балц» стæм хаттæй дарддæр фæцис цæхх-кæрдзын æмæ дзаггарз кæм уыд, ахæм фынджы фарсмæ абадын æмæ бахъæлдзæг уæвынæй.

Ацы къæсæрыл хъæлæбагæнгæ хызтысты махæн не ‘мкарæнтæ. Уыдон та, нæ хъæу кæд стырыл нымад нæ уыд, уæддæр бирæ уыдысты. Æмæ цыдыстæм кæрæдзийы хæдзæрттæм, чи кæмæ куыд æввахсдæр цард, афтæ  – арæхдæр.

Нæ къæсæрыл хызтысты æндæр æмæ æндæр рæттæй æрцæуæг хæстæджытæ, хиуæттæ. Цыдысты, цы цины фынгтæ кодтам, уыдонмæ, цыдысты дзуарыбонтæм, цыдысты æнæуый – куыд цæрæм, уый абæрæг кæнынмæ. Цыдысты бæхыл, машинæйыл, цыдысты къахæй.

Ныр нæ хæдзары къæсæр æхгæд дуары бын æмыр, æдзæмæй лæууы. Нал сты, хæдзар чи дардтой, нæ хъомыл кæныныл сæ удтæ чи хъардтой, уыцы мад æмæ фыд. Нал хизæм мах, сæ сывæллæттæ, дæр нæ хæдзары къæсæрыл, нал ын дарæм гомæй йæ дуар – ныууагътам æй. Кæд ма нæ искуы исчи байгом кæны дуары, бахизы къæсæры сæрты, уæд – хорз. Раст бакодтам, æви нæ? Зын у ацы фарстæн дзуапп радтын. Уыцы фарст æрмæст махмæ нæ хауд, фæлæ æгас нæ фæлтæрмæ. Уыд дугивæн, æрыгон адæймæгтæ хæххон уæззау куыстæй хуыз-дæрыл банымадтой горæттаг цард, æв-зæрстой ахуыры фæндаг æмæ уыцы уылæнмæ бахаудзыстæм мах дæр…

Æмæ ныр улæфы йæхицæн нæ хæдзары ихсыд къæсæр – кæддæры знæт, æнæнцой, æхсидгæ царды æгомыг æвдисæн.

 

ТЫХСДЗÆН АДÆЙМАГ… МÆЛГÆЙÆ

Тыхсдзæн алы адæймаг дæр. Фыдгæнæг чи уыд, чи уыд магусайæ цæлуарзаг, йæ фæстæ йæ номыл чи ницы ныууагъта, гъе та фаг нæ ныууагъта – тыхсдзысты. Тыхсдзысты, сæ уæнгты тых, зонды хъару сæхи æмæ æндæрты хорзæн чи нæ хæлæг кодтой, намысджынæй адæмы ‘хсæн сæ бонтæ чи арвыстой, уыдон дæр. Тыхсдзæнис алчи-дæр, алчидæр.

Фыдгæнæг чи уыд, йæ цард раст уагыл чи нæ сарæзта, уыдонмæ æрцæуы фæсмон æмæ хуыцауæй фæкурынц, цæмæй сын сæ рæдыдтыты ныххатыр кæна. Ныххатыр ын кæной йæ рæдыдтыты йæ кæстæртæ, йæ хиуæттæ, кæй æхсæн цард, уыдон иу-уылдæр. Æмæ хатыр дæр о, мæлæг адæймагæй ницыуал фæдомдæуы, фæлæ ном та, ном! Цы ном уадзы йæ фæстæ, ууыл, æвæццæгæн, тынгдæр тыхсдзæн, фæлæ байрæджы вæййы. Рæдыдтытæ раст кæныны фадат æрмæстдæр дыккаг царды ис. Уый та махæн лæвæрд нæ цæуы.

Йæ цард чи скодта, цардмæ хорз кæс-тæртæ чи ракодта, хорз ном чи уадзы, уый фæтыхсдзæн, кæй уыд фылдæр хорздзинад байтауæн зæххыл æмæ йын кæй нæ бантыст. Кæддæр кæмдæрты кæй æруагъта, æруадзын кæй нæ хъуыд, ахæм рæдыдтытæ. О, уыдаид ын ноджы хуыздæр рацæрæн, йæ фæстæ хуыздæр, арфдæр фæд ныууадзæн æмæ ууыл уыдзæн йæ тыхсты сæр.

Ис ахæмтæ, сæ цардмæ мисхал фау, лаз æрхæссæн кæмæн нæ вæййы, сæ куыст, сæ архайд, се сныхас æмæ хи дарыны уаг æндæртæн цæвиттон кæмæн сты. Уыдон дæр тыхсдзысты сæ мæлæты къæсæрыл. Уыдон сæхицæй вæййынц иттæг домаг, сæ куысты фæстиуæг фагыл нæ фæнымайынц æмæ стырдæр бæрзæндтæм фæтырнынц. Фæлæ мæлгæйæ, тырнæн ницæмæуал вæййы æмæ тыхсдзысты, фылдæр сын цæ-уылнæ бантыст бакæнын, сæ фæндтæ, ны-сæнттæ кæй нал сæххæст кæндзысты, ууыл.

Тыхсдзæн алчидæр мæлгæйæ…

 

ФÆНДÆГТÆ

Фæндæгты фæлдисæг адæймаг у. Стæй æрмæст адæймаг нæ. Сырдтæ дæр, бæрæг суадонмæ сæ дойны басæттынмæ цæу-гæйæ, снæмынц фæндæгтæ. Снæмынц фæндæгтæ хъæды сæ лæгæтæй, сæ æдзухон бынатæй хизынмæ, гъе та цуаны рараст уæвгæйæ æмæ фæстæмæ здæхгæ-йæ дæр. Уыдон къахвæндæгтæ вæййынц æмæ а-дунейы цасфæнды ма цæрой, уæддæр сæ уымæй дарддæр нал фæхуыз-дæр кæндзысты.

Адæймаджы хъуыддаг æндæр у. Уымæн дæр йæ равзæрдæй фæстæмæ йемæ æмдзу кодтой фæндæгтæ. Рæстæджы цыдимæ йæ бакаст, йæ хъуыдыкæнынад æмæ йæ архайды хуыз куыд ивтой, афтæ ивтой, кæуыл цыдис æмæ кæмæй пайда кодта, уыцы фæндæгтæ дæр. Сырдтау, райдианы адæй-магæн дæр фаг уыдис къахвæндаг. Хъуыдис уый дæр æрмæстдæр дон нуазынмæ æмæ хæринаг амал кæнынмæ цæуынæн. Фæс-тæдæр ахуыр кæнын райдыдта цæрæ-гойтæй бирæты йæхиуыл. Æрцахуыр кодта бæхы дæр æмæ йе ‘ккой къахвæндагыл цы хæссинæгты хаста, уыдон бавæрдта бæхы рагъыл, бабадт ыл йæхæдæг дæр æмæ йæ зæрдæ байрад, йæ цард фенцондæр. Бæхæн та къахвæндаг фаг нæ уыд – уæрæхдæр, æдасдæр æмæ тæссагдæр фæндаг æй хъуыдис. Афтæмæй фæзындис бæхвæндаг.

Адæймаджы царды цы стырдæр цаутæ æрцыдысты, уыдонæй сæ иу у цалх æрымысын. Цалхы баиу кодта сæмæнæй æндæр цалхмæ æмæ сарæзта уæрдон. Сифтыгъта йыл бæхы, стæй цæд галты æмæ йыл фылдæр уæзтæ ласта, ласта йыл йæхи хуызæн адæймæгты дæр. Афтæ райдыдта цалх Зæххы чъылдымыл тулын æмæ тынгæй тынгдæр зилын, дардæй дарддæр тулы.

Уæвгæй, фæндаг цахæмфæнды ма уа, уарзы, цæмæй цыбырдæр уа. Уымæн иу бахызт къахвæндаг къæбыртыл, тæссаг тæссæрты, уымæн иу цыд хæрдты, уырдгуыты, цæмæй йыл бæлццон тагъддæр фæхæццæ уа, кæдæм цæуы, уырдæм. Бæхвæндаг дардыл   цыдис, ноджы дардылдæр – уæрдонвæдаг. Цæмæй сыл æдæрсгæ цыдаид бæх, тылдаид уæрдон. Фæлæ уыдоны дæр, гæнæн уæвгæйæ, цыбырдæр рæтты арæзтой.

Уæрдон уæрæх, лæгъз фæндаг домдта æмæ йæ адæймаг арæзта, кæдæм æй хъуыдис, уырдæм – хъæдмæ суг ласынмæ, уыгæрдæнмæ хос ласынмæ. Арæзта йæ хъæуæй æндæр, стырдæр хъæумæ, уырды-гæй – горæтмæ. Уыимæ йæм йæ хъус дардта, сыгъдæг æй кодта, цы дуртæ йæм тылдысты, уыдонæй, миты, сыджыты зæйтæй – уæрдон ыл сæрбахъуыды рæстæджы кæддæрид-дæр хъуамæ тылдаид.

Дуджы раивта хуыздæр дуг æмæ машинæ – хæдтулгæ. Уымæн та йæ къух уæрдонвæндаг нал арæзта æмæ йæ фæндаг фæуæрæхдæр, фæлæгъздæр, фæрастдæр.

Машинæвæндагыл цы резинæ цалх тылд, уымæн фæзынд æфсæн цалх дæр æмæ рельсытыл вагæтты уыдоны мидæг та бæлц-цæтты, алыгъуызон уæзты скъæфы иу ранæй иннæ ранмæ. Вагæтты иу ранæй иннæ ранмæ скъæфы зæххы бынты метройы дæр.

Фæндæгтæ сæхицæн гæрдынц арвы æнæкæрон тыгъдады хæдтæхджытæ, денджызты, океанты – наутæ…

Зæххæй æндæр планетæтæм адæймаг сæ фæндагыл æрвиты космикон науты…

Адæймаг, цахæм фæндæгтæ ма æрымысдзынæ æмæ сыл куыд æмæ кæдæмыты цæудзынæ?

Куыдфæнды ма уа, алы фæндагæн дæр ис райдиан æмæ кæрон.

Райдиан æмæ кæрон ис, цæстæй кæй нæ уынæм, басгарæн кæмæн нæй, фæлæ бонгай кæй барæм æмæ нæ архайдæй кæй фæлдисæм, уыцы цардвæндагæн дæр. Йæ дæргъ – райгуырдæй мæлæтмæ…

 

ХАТЫР КÆНЫН

Хъæуы хатыр кæнын, æви нæ? Хорз у хатыр кæнын, æви æвзæр? Æвæццæгæн, хорз у – афтæ фæдзæхсы хистæр кæстæры, афтæ  домы Библи дæр. Фæлæ алы хатт хорз нæ вæййы. Уый кæнгæ у, кæмæн хатыр кæнынц, чи хатыр кæны æмæ цы хъуыддаджы тыххæй хатыр кæнынц, уыдæттæй. Ис ракæндтæ, кæцыты тыххæй хатыр райсын не ‘мбæлы, уый нæ, фæлæ ма фыдракæндау дæр уыдзæн. Ис ахæм ракæндтæ дæр, кæцыты тыххæй хатыр домын нæ хъæуы – уадиссаг нысаниуæг сын нæ вæййы æмæ сæ фæхъæуы   иувæрсты ауадзын.

Хатыр хорз у, æнæбары хъуыддаг саразæг æмæ йыл æрфæсмонгæнæгæн. Хатыр хорз у, кæмæн хатыр кæныс, уый йæ куы бамбара æмæ йын зондзонæн куы уа. Хатыр хорз у, йе ‘нæрхъуыдыйæ, йе ‘мбаргæйæ ныхасæй æфхæрæгæн. Хатыр хорз у, мæлæг лæг дæ, цахæмфæнды ма уыдаид царды, хатыр куы кура…

Фæлæ хатыр хорз нæу, тых чи хæссы, царды фыст æмæ æнæфыст закъæттæ чи халынц, уыдонæн.

Иууыл хуыздæр та у, хатыр кæмæн кæнæм æмæ кæмæн нæ ныххатыр кæнæм, ахæмтæ къаддæр уой. Къаддæр уой, нæхицæн нын чи ныххатыр, гъе та нæ ныххатыр кæнынц, уыдон дæр.

Биазырты Р.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.