ЦЫ ÆНХЪÆЛМÆ КÆСЫ АДÆЙМАГМÆ РАЗÆЙ?

 

Æцæгæйдæр, цы æнхъæлмæ кæсы адæймагмæ разæй, æгæрыстæмæй, иу къахдзæф акæнгæйæ дæр? Иу куырыхон, иу пехуымпар дæр ын дзуапп не скæндзæн. Махæй алчидæр, йæ сомы боныл, йæ фидæныл хъуыды кæнгæйæ, фæленк кæны рухс бæллицты денджызы, самайы, æгæрыстæмæй, амайæн кæмæн нæ вæййы, ахæм гæнæхтæ, йæхи дзы фæхаты рæсугъдæй, æнæнизæй, амондджынæй. Нæ абоны æцæг царды дæр кæд фæтыхсæм цæмæйдæрты, уæддæр нæ ныфс вæййы, уыцы тыхст бонтæ кæй фæуыдзысты, ивгъуыдмæ кæй ацæудзысты æмæ нæ сомбон æдыхст кæй уыдзæн.

Ахæм у адæймагæн йæ удысконд, æрдзæй йын лæвæрд у.

О, фæлæ цард, зæххыл цы æппæт хорздзинæдтæ ис,  æрмæст уыдонæй конд нæу. Сæ фарсмæ уæвынц маст, фыдæх, æнамонд, низ… Чи сæ фæнымайдзæн уыцы æвзæрдзинæдты. Уыдоныл дæр æмбæлæм нæ æцæг царды æмæ нын æй æвдæрзынц, æнад нын æй кæнынц. Æмæ кæд афтæ у, уæддæр нæ фидæныл хъуыды кæнгæйæ, уыдоны нæ нымайæм, нæ нæ фæнды æвзæрыл хъуыды кæнын.

Хорз у, адæймагмæ разæй æвзæрæй цы æнхъæлмæ кæсы, уый кæй нæ зоны æмæ йыл хъуыды дæр кæй нæ кæны, – æрмæстдæр хорзыл кæй хъуыды кæны.

 

РÆСТÆГ

Цард цыбыр у, фæлæ афтæ цыбыр нæу æмæ дзы адæймагæн мацы бантыса. Нырма, æвæццæгæн, иу адæймаг дæр, кæддæр, зæрыбонты йæ цардæн хæрзбон кæнгæйæ, афтæ загъта: «мæлын æдыхстæй, цытæ мæ фæндыд бакæнæн, уыдон мын иууылдæр бантыстысты». Уымæн æмæ хъуыдытæ адæйма-джы сæрмæ цæуынц æмæ цæуынц, цалынмæ удæгас вæййы, уæдмæ. Хъуыдыйы фæстæ та, бакæнын кæй хъæуы, ахæм хъуыддæгтæ разынынц.

Иубæрц, иугъуызон никæмæн разынынц сæ бакæнгæ хъуыддæгтæ. Кæмæн фылдæр вæййынц, кæмæн – къаддæр, кæмæн цъус, фæлæ стыр, кæмæн – бирæ, фæлæ æнæзынгæ, кæмæн хорзæрдæм вæййынц, кæмæн фыдбылызырдæм. Алцыдæр адæймагæн йе ‘взыгъддзинæдтæ, йæ курдиатæй кæнгæ у. Стæй  рæстæгæй куыд пайда кæнай, уымæй дæр. Иутæн рæстæг нæ фаг кæны, сæ хъасты сæр ууыл вæййы, фæлæ сын æнтысгæ дæр уадиссаг ницы кæны. Æндæртæн та æнтысы æмæ ма сæ рæстæгæй æндæр хъуыддæгтæн дæр аззайы. Афтæ чи хъæр кæны, зæгъгæ, мын рæстæг нæ фаг кæны, уыдоныл æз не ‘ууæндын тынг. Рæстæг алкæмæн дæр фаг кæны, хъæуы æрмæстдæр уымæй раст пайда кæнынмæ арæхсын.

Уый – рæстæгæн аргъ кæнын чи зоны, уыдонæй зæгъын. Æнæуый та… цас дзæгъæл рæстæг ивгъуыйы нæ иувæрсты ивгъуыдмæ, нæхицæн æмæ дзы æндæртæн дæр ницы спайда кæнгæйæ!

 

ЭКОНОМИСТ

Хорз у экономи кæнын, экономист уæвын. Цас фылдæр экономи кæнай, фæстæмæ фæхæцын зонай, уыйас фылдæр бамбырд кæндзынæ æхца, цæрынæн дæ цы хъæуы, уыдæттæ æмæ искуы сомбоны, цынæ вæййы, уæдта зын рæстæджытæ æрбалæууыдысты, уæд нæ фæтыхсдзынæ, уый нæ, фæлæ ма, чизоны, дæ иу къах иннæуыл сæвæргæйæ, æдыхстæй цæрай.

Экономи кæнын ахсджиаг хъуыддаг у. Уый æрмæст адæймагмæ нæ хауы, фæлæ кæцыфæнды кондадмæ дæр, æппынфæстаг, паддзахадæн йæхимæ дæр. Æнæхъуаджы нæ фæзынд экономисты дæсныйад, æнæхъæн зонад. Æмæ кусынц ахуыргонд экономисттæ, цæмæй уæвæг фæрæзтæй æмбæлон уагыл пайда цæуа, ма дæр дзы фылдæр хардз цæуа, ма дæр къаддæр, фадат кæм фæвæййы, уым та экономи скæной æмæ сæ паддзахады дзыппмæ бахæссой. Гъе, та сæ сæ хъуыддæгтæ фæрæвдздæр кæныныл бахардз кæной. Уый паддзахадон куысты лæуд экономистты хæс у æмæ афтæ чи кæны, уыдонæн сæ хъуыддæгтæ дæр хорз цæуынц.

Бинонты дæр чысыл паддзахад хонынц æмæ дзы сæйраг экономист, куыд фæтк, афтæ хæдзардарæг вæййы. Фæлæ дзы алчи, хъыгагæн, хорз экономист нæ вæййы. Иутæ дзæбæх не ‘рнымайынц сæ æфтиæгты, бинонты бюджетмæ æрбацæугæ фæрæзты, кæм сæ цæуылты хъуамæ бахардз кæной,  уыдæттæ æмæ уайтагъд сæ дзыппытæй аивылынц, æдыхст, хъæлдзæг цард акæнгæйæ. Фæлæ уыцы хъæлдзæг цард тагъд фæвæййы сæ æфтиæгтимæ æмæ тыхстæй, хæстæ исгæйæ, фæцæрынц ног мыздмæ, ног æфтиæгтæ райсынмæ.

Æндæртæ та сæ æфтиæгтыл афтæ фæауæрдынц æмæ къæбæр бахæрын дæр сæ цæст нæ фæуарзы æмæ дзы бинонтæн дæр уадиссаг ницы авæры. Æхцайы хуызы цы æфтиаг райсы, уый æфснайæн лагъзы смидæг кæны, æндæр хуыз æфтиæгты дæр æхца фестын кæны æмæ уыдоны дæр иннæты фæстæ æфснайæн лагъзмæ арвиты. Уыцы æхцатæ лагъзы фылдæрæй фылдæр фæкæнынц, бинонтæ та сæ царды бонтæ мæгуырæй фервитынц. Афтæ кæддæр бинонты сæйраг экономист йæ цардæй ахицæн вæййы, чи байрæзтысты, уыцы кæстæртæ та хатт нал фæзонынц, паддзахадмæ æфснайынмæ лæвæрд æхцаты кæрæдзийыл куыд адих кæной æмæ кæрæдзимæ хæрамы цæстæй акæсынц.

Хорз экономист кæддæриддæр нымад вæййы. Бинонты сæйраг экономист хорз куы уа, уæд сæ хъуыддæгтæ кæддæриддæр хорз цæудзысты. Уый фæзоны, бинонтæм цы æфтиæгтæ æрбацыд, уыдоны куыд æмæ кæм бахардз кæна, цæмæй цалынмæ æндæр æфтиæгтæ исой, уæдмæйы фаг сын суой, иу ныхасæй, сæ фадæттæм гæсгæ цæрой. Уæлдай дзы кæд исты аззайа, уæд ууыл та фæстæмæ фæхæца.

 

МАДЫ ФÆЛГОНДЗ

Мад. Нæй дунетыл æндæр ахæм адæймаг, адæймагæн йæ цин, йæ хъыг афтæ æввахс йæ зæрдæмæ чи айса. Бирæ хъарм, арфæйаг, фæлмæн ныхæстæ загъдæуыд мады тыххæй æмæ сæм ногæй исты бафтауын зын у. Мæн фæнды æрмæстдæр йæ фæлгондзы тыххæй зæгъын. Бирæ стыр адæймæгтæ фæлвæрдтой, фæлварынц æмæ фæлвардзысты мады фæлгондз саразыныл. Фыссæг фæархайы сисы руаджы чиныгкæсæгмæ йæ адæттыныл. Нывгæнæг – цъылынæджы, скульптор –  дзæбуг æмæ сарты, артист – сценæйыл, кинойы йæ арæхстдзинады руаджы. Фæлæ уыдон сты æрмæстдæр бафæлвæрдтытæ. Уыдонæн абарæн нæй, йæ уæлион царды нæ цæстыты раз цахæмæй баззайы, уымæн. Чиныджы мады архайд йæхи архайд нæу – фыссæджы æрымысæггаг у. Нывгæнæг, скульптор нын нæ размæ хæссынц мады цардæй кæцыдæр уысмы. Сценæйыл, кинойы дæр мады бæсты артисткæ змæлы. Æрмæстдæр нæ хъуыдыйы руаджы цæстыты раз сысты ныййарæг йæхæдæг, цæстытыл уайынц, мад йæхæдæг кæм цард, кæм архайдта, уыцы дуне æмæ нæм ирдæй разыны, кæд йæхæдæг сæрæ-гасæй нæ, уæддæр йæ рухс фæлгондз. Йæхи змæлды, йæхи архайды.

 

ХОРЗ У ИНТЕРНЕТ, ФÆЛÆ…

Адæймаг цынæ диссæгтæ аразы! Цæмæй йæ уæнгты тых ма хардз кæна, йæхи ма фæлмæцын кæна, уый тыххæй мысы алыгъуызон техникæ, кондадон ифтонгадтæ, роботтæ æмæ йын æвæллайгæйæ йæ куыстытæ æххæст кæнынц. Уый  хорз, кæд дзы йæхи æвзæрдзинæдтæ ис, уæддæр. Фæлæ ма адæймаджы зонд æрымысы, фæстæмæ йын йæхицæн зонд чи амоны æмæ кæуыл хъуамæ ахуыр кæна, бирæ ахæм цыдæртæ. Уыдоны, кæй зæгъын æй хъæуы, стыр ахуыргæндтæ æрымысынц. Æрымысынц сæ махæн, хуымæтæг адæмæн æмæ сæ сæхæдæг дæр фæпайда кæнынц.

Цæвиттон, компьютер. Баиу æй кæн, бахиз дзы интернеты къæсæрæй æмæ йæ æгæрон тыгъдады цæуыл нæ фæхæст уыдзынæ! Зын ссарæн дзы нæу, æхсызгонæй дæ цы хъæуы, уый. Æмæ адæймаг бадис кæны, цæй зондджын дæ, компьютер, зæгъгæ, цас бирæ цыдæртæ зоныс.

О, фæлæ æппæт уыцы зонындзинæдтæ адæймагæн йæхи не сты, кæд сæ компьютер махæн рæдауæй дæтты, уæддæр. Уæддæр дзы æмбал нæй адæймагæн йæхи зонындзинæдтæн. Æмæ ам табу кæнын æмбæлы, кæмæй сæ исæм, уыцы Ахуыргæнæгæн. Уый не ‘взонджы бонты къласы нæ разы чи фæлæууы æмæ нын нæ зонындзинæдтæ фылдæрæй фылдæр чи кæны, æрмæст уый нæу. Уый у хорз чиныг, хорз киноныв, кæттагыл нывгæнæджы диссаджы ныв, хорз зарæг… Ахуыргæнæг у сывæллонæн йæ ныййарæг, зондамонæн ныхас ын уынджы чи зæгъа, уыцы адæймаг. Уыдонæй чи цас фылдæр зонындзинæдтæ райсы, уыйас вæййы æмбаргæдæр, адæймаджы хуыздæр миниуджытæй та  хайджын æмæ йæ арæх нæ бахъæуы интернетмæ лидзыны сæр дæр. Йæ зонындзинæдтæ вæййынц йæ хъæздыгад æмæ йын æххуыс кæнынц йæ æрвылбонон царды æндæр æмæ æндæр фарстатæ æнцондæрæй скъуыддзаг кæнынæн. Хорз у интернет, фæлæ ноджы хуыздæр та – хи зонындзинæдтæ!

 

КÆНЫНЦ ХЪУЫДЫ ДÆР КЪУЫНДÆГ

Дардыл, тынг дардыл вæййынц æрыгон адæймаджы хъуыдытæ, бæллицтæ! Æгæ-рыстæмæй ахизынц Зæххы арæнтæй æмæ дун-дунейы æгæрон тыгъдадæй йæ зонд кæуылты æххæссы, кæуылты не ‘ххæссы  алыран дæр балæууынц. Зондæй хъауджыдæр хъуыдытæн сæ арæнтæ дунейау æгæрон сты. Кæцы суинаг адæймаджы нæ фæндыд космосмæ Гагарины атахты фæстæ космонавт суæвын, дун-дунейы æбæрæг бынæттæ басгарын! Уый  суинаг адæймаджы. Кары чи бацыд, уымæ ахæм хъуыды, ахæм бæллиц нал æрцæуы. Уымæн æмæ байрæджы, уæд хъуамæ фæстæмæ йе ‘взонгадмæ раздæха æмæ йын уавæртæ, фадæттæ йæ къух саразой. Уымæн та æрцæуæн нал вæййы æмæ æрцæуæн цæмæн нал уа, ууыл та хъуыды кæ-нын дæр нæ хъæуы.

Ныхас суинаг адæймагыл у. Цы цæвиттон æрхастон, уый та дзурæг у, ноджыдæр ма йæ зæгъон, йæ хъуыдытæ, бæллицтæн арæнтæ кæй нæй, ууыл. Æмæ йæ ныфс дæр вæййы, уыдонæй æввахсдæр йæ зæрдæмæ чи лæууынц, уыдон ын кæй сæххæст уыдзысты. Фæлæ, хъыгагæн, царды рæстдзинад уынын кæны, сæ фылдæр хай кæй нæ сæххæст вæййынц. Æмæ, уадз, ма сæххæст уæт, уæддæр сæм йæ ныфс фæхæссы æрыгон уынгты хъару, цæхæр зæрдæ.

Рæстæг куыд цæуы, афтæ уыцы ныфс йæ дарддæры царды къаддæрæй-къаддæр кæны. Æгæрыстæмæй, амонд рæстæгыл куынæ ссары, уæд ныфс райдайы сæттын – алыварс къаддæрæй къаддæр кæнынц куринаг чызджытæ æмæ усгур лæппутæ. Афтæ – æндæр хъуыддæгты дæр.

Хъуыды кæнын æнцон у. Бирæ зын дæр – уыдоны царды æххæст кæнын. Æмæ кæд æххæст кæной зæрдæйы фæндиаг, уæддæр сыл, адæймагыл азтæ куыд цæуынц, афтæ кар арæн æвæры æмæ уыцы арæн къуындæгæй къуындæгдæр кæны. Зæронд адæймагæн ивгъуыды сты, йæ царды фæндагыл куыд ныллæууа, æнæуæрст адæмæй йæ цахæм хай фæуыдзæнис, цахæм хæдзар ссардзæнис, йæ кæстæртæ цас æмæ куыд хъомыл кæндзысты… Уыдоныл уый рацыдис æмæ сыл нал ис рацæуæн дыккаг хатт.

Æрыгонæй адæймаг нæ фæхъуыды кæны, цас æмæ цас дзабыртæ батондзæн. Зæронд адæймаг æрцæуы уымæ æмæ фæхъуыды кæны, батондзæн ма, йæ къæхтыл чи сты, уыцы дзабырты?..

 

НИЦЫ АРАЗЫН – АДÆЙМАДЖЫ ЗНАГ

Нæ алыварс удæгас дунейы алцыдæр рæзгæ-змæлгæ-ивгæ кæны. Уыцы миниуджытæ кæмæ нæй, уый мард у. Æмæ кæд йæ рæзынæй кæддæр алцыдæр æрлæууы, ивгæ дæр тынг нал фæкæнынц, уæддæр фезмæлынц, цалынмæ сæ бон вæййы, уæдмæ. Уымæн æмæ змæлды руаджы цардыл алчидæр тох кæны – агуры хæринаг, саразы цæрæн бынат, фæхъомыл кæны йæ цоты…

Уыцы удæгас уæвæгойтæй иуварс нæ лæууы адæймаг дæр. Уый дæр змæлы, архайы æмæ афтæмæй йæ цард аразы. Уымæн æмæ æмбары, змæлын æдыхст царды хос кæй у. Стæй æрмæст æдыхст царды хос нæ – йæ уæнгты фезмæлдæн, йæ æнæниздзинадæн дæр æвдадзы хос у. Тулгæ дурыл хъуына куыд нæ хæцы, афтæ змæлаг адæймагыл та низ нæ хæцы. Змæлаг адæймагæн йæ уæнгтæ фидар, æхсидгæ кæнынц, фæразон у зындзинæдты ныхмæ фæлæууынмæ.

Гъе, фæлæ кæд алчидæр æмбары, æнæ змæлгæйæ, æнæ архайгæйæ, æнæ кусгæйæ цард аразæн нæй, фидар æнæниздзинад не скъобор кæндзынæ, уæддæр алчи йæ тых, йæ зондæй иугъуызон нæ пайда кæны. Иутæ сæ уд хъарынц фылдæр базоныныл, уыцы зонындзинæдтæй сæ куысты æххæстæй пайда кæныныл, æндæртæ ахæм стыр хæстæ не ‘вæрынц сæ разы, иннæтæ та, хъыгагæн, æхцондзинад исынц ницы аразынæй. Ахæмтæ, ома, зивæггæнджытæ, магусатæ аргъæутты ма сæ фæныкгуызтæ дæр хонынц  сты æввонгхортæ. Зивæг кæныс, нæ кусыс –  уый нысан кæны кæйдæр хардзæй, æввонгæй хæрын. Ахæмтæ та нымады нæ вæййынц æрмæст кæй хардзæй цæрынц уыдонмæ нæ, фæлæ æгас æхсæнадмæ дæр.

Ницы аразынæй адæймаг йæ царды гъæд дæлæмæ æппары, йæ уæнгты хъару, йе ‘нæниздзинад лæмæгъдæр кæны. Лæмæгъдæр кæны, архайдимæ баст чи у, уыцы хъуыдыкæнынад дæр æмæ афтæмæй, куыд гоймаг, афтæ деградаци кæны.

Æрдз адæймаджы афтæ сфæлдыста æмæ йын алцæмæн дæр фаг рæстæг рахицæн кодта – йæ царды æртыккаг хай кусынæн, фæлдисынæн, дыккаг æртыццаг хай – улæфынæн, рæстæг æрвитынæн, бинонты раз хæстæ æххæст кæнынæн æмæ иннæ æртыццаг хай та – фынæйæн, цæмæй ног тыхтимæ ног боныл сæмбæла. Æмæ уæдæ цахæм цард у уый, йæ уаг дын ахæм куы уа: бафынæй кæн, цæмæй куы растай, уæд мацы аразай – мацы араз, цæмæй стæй бафынæй кæнай. Уый у, мард дæр чи нæ у æмæ удæгас дæр чи нæу, ахæм адæймаг.

Ис ахæм адæймæгтæ не ‘хсæн, æви нæ? Уыдзæн дзы. Æмæ сыл мах худгæ нæ кæнæм, нæдæр сын фидис кæнæм. Уый у, цы æхсæнады цæрынц, уый цухдзинад – кæддæр уыдон æнæхъусдардæй аззадысты скъолайы, бинонты, паддзахады ‘рдыгæй, нæ сæ фæцис сæ æвзыгъддзинæдтæм гæсгæ куыстыл фæцайдагъгæнæг кæм æвæлмас ахасты, кæм та фадат кæй нæ уыд куыстæй сæ сифтонг кæнынæн, уыцы аххосæгтæм гæсгæ.

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.