Дзæуæджыхъæуы райдыдта Цæгат Кавказы федералон  зылды регионалон форум «Æмæхсæнад». Ацы мадзал пандемийы фæстæ у нæ бæстæйы æхсæнады минæвæртты фыццаг егъау æмбырд.

Форум арæзт цæуы Уæрæсейы Федерацийы Æхсæнадон палатæйы хъæппæрисæй. Архайынц дзы нæ бæстæйы 23 регионæй 600 адæймаджы. Уыдон сты, граждайнаг æхсæнады, хицауиуæггæнæг органты, алы ведомствæтæ æмæ министрадты минæвæрттæ.

Дзæуджыхъæуы Национ зонадон библиотекæйы æмбырдтæаразæн залы ацыд фыццаг пленарон æмбырд. Архайдтой дзы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло, УФ-йы Æхсæнадон палатæйы минæвæрттæй: нымæрдар Лидия Михеева, УФ-йы Æхсæнадон палатæйы сæрдары æххуысгæнæг Аслан Семенов, Нациты æмæ дины æппæт конфесситы ахастдзинæдты фæдыл къамисы сæрдар Владимир Зорин, Терриориалон рæзт æмæ бынæттон хиуынаффæйады къамисы сæрдар Андрей Максимов, Фæсивæды хъуыддæгты æмæ патриотон хъомылады къамисы сæрдар Еленæ Цунаева, РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы сæрдар Нинæ Чиплакова, æхсæнадон архайæг Лагкуты Вячеслав æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæ.

Æмбырды райдайæны Лидия Михеева УФ-йы Ӕхсӕнадон палатӕйы Кады гӕххӕттӕй схорзӕхджын кодта активист, РЦИ-Аланийы Ӕхсӕнадон палатӕйы национ ӕмӕ дины ахастдзинӕдты фӕдыл къамисы сӕрдар ӕмӕ УФ-йы Ӕхсӕнадон палатӕйы ацы фарстаты фӕдыл сӕрдары хӕдивӕг Лагкуты Вячеславы. Лидия Михеева ӕмбырды архайджытӕн радзырдта, Лагкуйы фырт канд Ирыстоны граждайнаг ӕхсӕнады нӕ, фӕлӕ нӕ бӕстӕйы алы регионты дӕр активонӕй кӕй архайы царды уавӕртӕ хуыздӕр кӕныныл. Уый фӕстӕ радзырдта форумы нысанты фӕдыл:

– Форум “Ӕмӕхсӕнад” у хицауад ӕмӕ ӕхсӕнады астӕу ӕргом ныхасы фӕз.

Нæ бæстæйы фæрныгадыл зæрдæйæ чи тыхсы, адæймаджы бартыл æргомæй чи дзуры, уыцы активистты иумæйаг «сценæ». Форумы нысæнттæ сты, граждайнаг активондзинады практикæйы ахадгæдæр мадзæлттæ, фæлтæрддзинад уæрæхдæр кæнын, æнæкоммерцион къабазы рæзты лыггæнинаг хъуыддæгтыл биноныгдæр архайын æмæ æхсæнадон цæстдардмæ фылдæр æргом здахын.

Ацы æмбырды ныхас кæндзыстæм цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, транспортон политикæйы, скъоладзауты хæлцады, туризмы, ахуырады, медицинæ æмæ социалон-экономикон фарстатыл.

Пандемийы рæстæг нæ бæстæйы адæм, кæрæдзийæн æххуыс кæнгæйæ, бамбæрстой, æрмæст иумæйагæй, æмзондæй æппæт зындзинæдты сæрты дæр ахизæн кæй ис, уый. Форумы размæ иунæг бонмæ махæн бантыстис Ирыстоны бирæ социалон объекттыл æрзилын, куыд кусынц, цӕуыл архайынц, цы уавӕры сты, уыцы фарстатӕ нӕхи цӕстӕй фенын. Уыдис нын фембӕлд клуб “Кавказы фидӕн”-ы ӕрыгон фӕсивӕдимӕ. Ног проекттӕ ӕмӕ алыхуызон хорз фӕндтӕ кӕмӕ ис, уыцы чызджытӕ ӕмӕ лӕппутимӕ. Алкӕйдӕр дзы фӕнды йӕ чысыл Ирыстонӕн ӕмæ нӕ егъау бӕстӕ Уӕрӕсейӕн хорз хъуыдцӕгтӕ саразын.

УФ-йы Ӕхсӕнадон палатӕмӕ ивгъуыд аз хъӕстытимӕ фыстӕджытӕ ӕрба-цыд 15 мин адӕймагӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хьӕуы, се ‘ппӕтыл уыцы-иу рӕстӕг аххӕссӕн нӕй, активистты бон алыг кӕнын цы фарстатӕ нӕ вӕййы, уыдон мах нӕ бӕстӕйы разамынд æмæ Паддзахадон Думæмæ барвитæм. Афтæмæй бирæ зынæвзарæн хъуыддæгтæ сæххæст кодтам, – дзырдта Лидия Михеева.

Форумы архайджытæн зæрдæбын арфæтæ ракодта Сергей Меняйло. Уый загъта:

– Тынг æхсызгон мын у, «Æмæхсæнад»-ы фыццаг форум нæ республикæйы кæй цæуы, уый чысыл кады хос нæ у Ирыстонæн. Сæйраг хъæздыгдзинад æмæ сæйраг хæзна адæм сты. Уыдон цæрынц æмæ фæллой кæнынц нæ фидæны фæрныгадæн. Фæлæ алы хъуыддаг зæрдæйы фæндон нæ рауайы алкæмæ дæр ис йæхи лыггæнинаг æмæ ахсджиаг фарстатæ. Махмæ, Цæгат Ирыстоны, Æхсæнады активисттæ адæмон фронтимæ архайынц æппæт хъуыддæгты дæр. Фæлæ мæн фæнды зæгъын уый, æмæ Æхсæнадон палатæйы активисттæ цæстдардæй уæлдай ма хъуамæ кæной экспертон куыст дæр. Нæ Æхсæнадон палатæйы архайды ис, цы равдисæм æмæ ма цæуыл сахуыр кæнæм иннæ активистты, ахæм бæрæггæнæнтæ, – загъта Сергей Меняйло.

Нина Чиплакова та радзырдта, активистты къухы цы бирæ хорздзинæдтæ саразын бафтыд, уыцы бæрæггæнæнтыл.

Пленарон æмбырд уыдис секцитæм гæсгæ. Форумы дыккаг хайы та архайджытæн арæзт цæудзæн «тымбыл фынгтæ», фембæлдтытæ æмæ мастер-класстæ.

ДАДТЕТЫ Тамилæ

«Рæстдзинад»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.