Цæгат Ирыстоны æнтыстджынæй цæуы оперативон-профилактикон мадзал «Антитеррор». Республикæйы мидхъуыддæгты министрад æмæ Уæрæсейы профилон министрад 2019-2023 азтæн цы комплексон æмгуыстады бадзырд бафыстой, уый фæлгæты, уагъд у.

Министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, ахуырадон объекттæ террористон фæзындтæ æмæ æндæр ахæм æгъдаухæлдтытæй бахизыны ныса-нимæ арæзт æрцыдысты бæлвырд æмæ ахадгæ мадзæлттæ. Зæгъæм, æмбæлгæ хъахъхъæнæн системæтæй скъолаты ифтонгдзинад фæхæццæ кæны 100 процентмæ. Æмткæй райсгæйæ, видеоцæстдарды системæ æмæ «фæдисы» дзæнгæрджытæй ахуырадон кусæндæтты ифтонгдзинад ныртæккæ у 90 проценты.

Республикæйы хъомыладон æмæ иумæйагахуырадон кусæндæтты цы цæттæгæнæн куыст цæуы, уымæн хорз аргъ скодта ахуырады министрад. Куыд фехъусын кодтой, афтæмæй террористон фæзындтæй ахуырадон кусæндæтты æдасдзинады къæпхæн бæрзонддæр кæныны нысанимæ цы амынддзинæдтæ лæвæрд æрцыд, уыдон профилон ведомствæтæ æмæ районты администрацитæ афойнадыл сæххæст кодтой.

Мадзалы нысан ма у республикæйы æхсæнадон-политикон уавæр нывыл кæнын, æнæзакъон акцитæ æмæ экстремизмы пропагандæ ма уадзын, транспорты фæрæзтæ бæлвырд сгарын, миграцион змæлдмæ хъус дарын, ахуырадон уагдæтты уыцы темæйыл лекцитæ кæсын…

Ныртæккæ горæты уынгты бирæ бæрцæй змæлынц барадхъахъхъæнджытæ, уæлдайдæр аэропорты æмæ æфсæнвæндаджы станцæйы. 1 сентябрæй рахиздзысты ахуырадон уагдæттæм дæр. Сгарынц, бæрæг кæнынц зæрдæхсайгæ адæмы æмæ предметты, хъахъхъæнынц адæмы æдасдзинад.

Акци «Антитеррор» Цæгат Ирыстоны цæудзæн 20 сентябрмæ.

Нæ  уацхæссæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.