ДИНЫ  НОМÆЙ  ХÆЦÆНГАРЗ  ИСЫН  НÆ  ХЪÆУЫ…

Фæстаг цыппар азы дæргъы зыгъуыммæ зондыл хæст фæсивæдæй Сиримæ кæй ничиуал атындзыдта, уый æхсызгон хъуыддаг у. Сириаг террористтимæ Цæгат Ирыстонæй йæхи чи сбаста, уыдон официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ сты дыу-уиссæдз. Æнæхъæн Цæгат Кавказы та æртæ минæй фылдæр. Адонæн фæмард сæ фылдæр хай, фæлæ мæрдты тыххæй официалон бæрæггæнæнтæ нæй. Ирыстонæй се ʻппæт дæр ацыдысты 2015 азы онг æмæ сты дунеон агуырды, фæлæ уæдæй нырмæ ахæм цау нал æрцыд республикæйы.

Æппæт ацы бæрæггæнæнтæ журналистты размæ рахастой республикæйы Национ хъуыддæгты фæдыл министрады Æхсæнадон советы уæнгтæ конференцийы рæстæджы.

Амынд ведомствойы министр Цуциты Аслан куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ стыр куыст цæуы интернеты тыгъдады ахæм “патриоттæ” агурыныл. Йæ фыстыты чысылдæр экстремизмы тæваг кæмæн ссарынц, уый баййафы материалон æмæ административон æфхæрд, уый фæстæ та йын йæ алы къахдзæф дæр фæбæрæг кæнынц барадхъахъхъæнæг органтæ. Дыккаг хатт ма ахæм рæдыд куы æруадзы, уæд æм æнхъæлмæ кæсы уголовон хъуыддаг æмæ ахæстон. Бæрæг куыд у, афтæмæй чидæриддæр Сиримæ афтыд, уыдон террористты хызы бахаудтой интернеты руаджы. Уымæн æмæ уæд интернеты тыгъдады æрмæджытæ афтæ бæстон ничи бæрæг кодта.

“Террористон зондыл хæст фæсивæды ныхмæ фæстаг азты сæ архайд фæтыхджындæр кодтой барадхъахъхъæнæг органтæ кæнынц профилактикон куыст. Уый руаджы фæкъаддæр сты фыдракæндтæ, террористтимæ хи сбæттыны цаутæ. Ахæм куыст иу фынддæс азы размæ куы райдыдтаиккам, интернеты хызæг бæстондæр куы бæрæг кодтаиккам, уæд фæсивæд сæхи афтæ уæгъдибарæй нæ банкъардтаиккой æмæ кæрæдзи нæ хъæстæ кодтаиккой уыцы идеологийæ. Ныр дзы бирæтæн байрæджы. Сæ цард радтой æбæрæг идеалтæн. Бирæтæн дзы сæ рæзгæ сабитæ сидзæрæй баззадысты æцæгæлон бæстæйы.

Фæлæ уæддæр уавæр вазыгджын кæй у, уымæ гæсгæ бацархайын хъæуы хицаудзинады æмæ барадхъахъхъæнæг структурæты архайд фенгомдæр кæнын. Тæссаг у, террористон æмæ фыдгæнджыты къордтæ куы баиу уой æмæ стыр фыдракæндтæ куы саразой, уымæй. Махæн нæ хæс у терроризмы, экстремизмы архайд бындуронæй скуынæг кæнын, фæсивæды уыцы рæдыд фæндагæй бахизын æмæ фæстаг азты уый нæ къухы бирæбæрцæй бафтыд”,- банысан кодта Цуциты Аслан.

Цæгат Ирыстоны Пысылмæтты духовон разамынды муфтий Гуæцæлты Хадзымурат куыд бафиппайдта, афтæмæй Сирийы цы цаутæ цæуы, уыдон динмæ мур дæр ницы бар дарынц. Дины тырысайы бын адæмы чи цæгъды, уыдон сты нæ цыфыддæр знæгтæ. Ахизынц, уæрæсейаг закъæтты нæ, фæлæ шариаты сæрты дæр.

Цуциты Аслан куыд фехъусын кодта, афтæмæй министрад æмæ барадхъахъ-хъæнæг органтæ æмгуыст кæнынц скъолаты æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты профилактикон куыст кæныныл, амонынц сын, терроризмимæ бастдзинады фæстиуджытæ цæмæ æркæнынц, уый, æмæ сæ зонгæ кæнынц уæрæсейаг закъæттимæ.  

ТÆРИГЪÆД  АХАСТ  –  ЦÆРÆГОЙТÆМ

Бирæ цæмæйдæрты Цæгат Ирыстон хорзæрдæм фæзмын райдыдта европæйаг бæстæты. Фыццаджыдæр, азæй – азмæ тыхджындæр кæны волонтерты архайд. Уыдонæй цæрæгойты уавæрмæ йæ хъус чи дары, уыдон сын æдзух бæрæг кæнынц сæ царды уавæртæ приюты, зилынц уынгты æмæ цæф, æфхæрд, рынчын куыйтæ æмæ гæдытæ кæм фенынц, уыдон сæмбæлын кæнынц ветеринарон клиникæты, базилынц сæм æмæ сæ приютыл сæмбæлын кæнынц. Æгъатыр ахаст кæм бафиппайынц цæрæгойтæм, уыдон фæивар кæнынц, кæнæ сæ раттынц барадхъахъхъæнæг органты къухтæм. Ахæм цæутæ кæнынц арæхæй – арæхдæр æмæ уый зонгæйæ, алчидæр архайы фыдракæнд ма саразыныл. Волонтерты архайд ма хъахъхъæны, ивгъуыд аз Паддзахадон Думæ цæрæгойтæм æгъатыр ахасты тыххæй цы ног закъон сфидар кодта, уый дæр.

Дзæуджыхъæуы администрацийы разамонæг Æлбегаты Барис фæндон рахаста цæрæгойтæн æппæт фадæттæй æххæст стыр приют саразын. Уагдон арæзт æрцæудзæн горæтгæрон иу гектар фæзуатыл.

Ныртæккæ арæзт цæуы приюты проект. Арæзтад райдайдзæн ацы аз. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, арæзтад ахæсдзæн дыууæ азы, кæд федералон бюджетæй баххуыс кæной, уæд та иу азмæ сцæттæ уыдзæн.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.