“ДИДИНÆГ  КАЛ,  МÆ  ИРЫСТОН”

Ирыстон æдзухдæр хæлардзинад æмæ сабырдзинадмæ кæй тырны, уый бирæ цæмæйдæрты сбæлвырд кæны. Ныр дыккаг аз Дзæуджыхъæуы цы бæрæгбон æрцыд арæзт, уымæн дæр йæ нысан, сæйраджыдæр у, нæ республикæйы иннæ нациты минæвæрттимæ куыд хæларæй цæрæм, уый равдисын.

Раздæр Цæгат Ирыстоны цæрджытæ хицæнтæй бæрæг кодтой республикæйы æмæ горæты бонтæ, фæлæ  ныр дыккаг аз баиу кодтой дыууæ кадджын бæрæгбоны æмæ уыдзæн æрвылаз дæр сентябры мæйы, адæм сæ дзаджджын тыллæг куы бафснайой, уæд.

Ныр дæр, 16 сентябры, хæстон намысы горæт Дзæуджыхъæуыл 234 азы æмæ республикæйы боны кадæн, райсомы иуæндæс сахатмæ æввахс Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспект æмызмæлд кодта. Алы ранæй хъуыст хъæлдзæг музыкæ. Проспекты кæронæй уал райдыдтой республикæйы районты равдыст. Кæрæдзийы фарсмæ цатырты айтыгъдысты Алагиры, Æрыдоны, Мæздæджы, Æрæфы, Дыгуры, Кировы, Рахисфарсы æмæ Горæтгæрон районтæ æмæ сæ фæззыгон бæркæдтæ адæмы размæ рахастой. Æмæ дзы цынæ диссæгтæ уыд! Фæззыгон тыллæгæй уæлдай, нæ фыдæлты хæринæгтæ: дзыкка, дзæрна, задын, мисын, махсымæ, тахынæг, сир, быламыхъ, хуырх, фиу, нартхоры кæрдзынтæ… Уымæй дарддæр, район сæрыстыр кæмæй у, йæ уыцы зындгонд цæрджыты къамтæ, хæрзиуджытæ, уацхъуыдтæ, æрмдæсныты куыстытæ, районы цард æмæ историйыл дзурæг алыхуызон къамтæ, æрмæджытæ… Алы районæн дæр йæ культурæйы галуаны хихъæппæрисадон къорд уыд йемæ æмæ æмæ сæ хъуыст ирон хъазты рæсугъд мыртæ æмæ зарджытæ.

Дарддæр кæрæдзийы фарсмæ иумæйаг плакат “Город дружбы”-йы бынмæ æрбынат кодтой республикæйы цæрæг нациты диаспорæтæ: уырыссаг æхсæнад “Русь”, грекаг “Прометей”, гуырдзиаг “Эртоба”, сомихаг “Эребуни”, дагестайнæгты “Дагестан”, мæхъæлон “Даймохк”, Кæсæг – Балхъары “Адыгэ – Хасэ”, азербайджайнаг “Азери”, таджикаг “Памир”, немыцаг “Возрождение”, полякты “Полония”, Салават Юлаевы номыл башкирæгты æхсæнад, Терчы хъазахъæгты культурон центр, узбекæгты Æппæтуæрæсейон конгресы Цæгат Ирыстоны хайад…

Се ‘ппæт дæр адæмы размæ рахастой сæ национ хæринæгтæ, дзаумæттæ, æрмдæсныйады куыстытæ, сæ историимæ баст æрмæджытæ, музыкæ. Бафиппайын хъæуы уый æмæ уæлдæр ранымад нацитæй алкæмæн дæр йæ фынгыл сæхи хæринæгты уæлдай уыд æртæ чъири, физонæг кæнæ æртæ фæрсчы æмæ бæгæныйы къус. Уый нысан кæны, кæм цæрынц, уыцы адæмæн аргъ кæнын æмæ сын се ‘гъдæуттæ нымайын.

“Æз Ирыстонмæ æрцыдтæн æртын азы размæ исты акусынмæ æмæ ам цæргæйæ баззадтæн. Нал мæ бафæндыд аздæхын. Æз ахæм сабырдзинад æмæ уазæгуарзаг адæм æндæр ран никуы федтон. Ирыстоны хонын мæ дыккаг райгуырæн бæстæ. Тынг уарзын æмæ арæх вæййын Хуссар Ирыстоны дæр, цалдæр хатты уыдтæн Ленингоры районы æмæ сæ мæ уд баззад. Æз куыстон Цæгатæй Хуссармæ постласæн машинæйыл дæр æмæ уый руаджы хуыздæр базыдтон адæмы. Мæхицæн стыр кадыл нымайын, ирон адæмы ‘хсæн кæй цæрын, уымæй”,- загъта узбекæгты æхсæнады уæнг Суяркул Ураков.

Бæрæгбоны архайджытæ стыр æхсызгонæй базонгæ сты республикæйы куыстуæттæ “Бавария”, “РусГидро”, “Богачев”, “Сладкая жизнь”, “Киндер”, “Ростелеком”, “Асик”, “Дюбуа”, “Молоко Осетии”, “Забава” æмæ æндæрты продукциимæ. Сæ проекттимæ адæмы зонгæ кодтой “Машук”-ы уæлахиздзаутæ дæр.

Фыццаг хатт республикæйы мыхуыры органтæ, рауагъдадтæ фæзы равæрдтой сæ продукци: фæстаг азты уагъд чингуытæ, газеттæ, журналтæ, брошюрæтæ. Ам балхæнæн уыд Ирыстоны историйыл, не ‘взаг, не ‘гъдæуттимæ баст хицæн авторты чингуытæ. Стæй ма ирон æрмдæсныты арæзт куклæтæ æмæ бирæ æндæр сувениртæ.

Хицæн фæзы æрбынат кодтой республикæйы уæлдæр ахуыргæнæндæттæ – ЦИПУ, хъæууонхæдзарадон аграрон университет, хæххон метталлургион институт, педагогон институт, медицинон академи æмæ иннæтæ. Уыдонæй алчидæр адæммæ рахаста йæ ахуыргæнæндоны истори, стæй сæ дæсныйад цæимæ баст у, уыцы æрмæджытæ, кад сын чи скодта, уыцы студентты хæрзиуджытæ, грамотæтæ… Алкæмæн дæр йемæ уыд йæ ансамбль æмæ цалдæр раны сарæзтой ирон хъазт. Медицинон академийы студенттæ та манекентыл æвдыстой, тагъд æххуысы рæстæджы тыхст адæймаджы куыд фервæзын кæнын хъæуы, уыдæттæ.

Проспекты иу фæз бацахстой нæ историон æрмæджытæ, 1794 азы фидар “Владикавказ”-ы сырæзтæй абоны онг горæты, стæй республикæйы рæзтмæ, культурæмæ стыр бавæрæн чи бахаста, уыдоны къамтæ стæй алыхуызон музейты экспонаттæ.

Бæрæгбоны архайджытæ зæрдиагæй бакастысты модæты фестивалмæ, спортивон ерыстæм. Хилдасджытæ дæр ерысы бацыдысты сæ дæсныйад равдисынмæ. Алкæй бон дæр уыд лæвар прическæ скæнын. Сывæллæтты фæзы æмызмæлд кодтой аргъæутты æмæ мультикты персонажтæ æмæ ирхæфстой сабиты. Проспекты ма уыд бирæ æндæр хиирхæфсæн мадзæлттæ. Æдæппæт дзы уыд 60 бæрц тематикон фæзы.

Ацы аз организатортæ бæрæгбон фæхицæн кодтой дыууæ хайыл.  Уыцы рæстæджы Къесайы-фырты уынджы та Терчы былыл йæ тæмæны бацыд ирон чъиритæ, цыхт æмæ бæгæныйы фестиваль зындгонд хæринаггæнæг Æбиты Валерийы разамындæй. Уырдæм æрбацыдысты республикæйы разамынд Битарты Вячеславы сæргълæудæй. Хистæр æртæ чъирийæ куы скуывта, уæд уый дæр арфæ ракодта бæрæгбоны архайджытæн: “Мæ зынаргъ адæм! Арфæ уын кæнын нæ кадджын бæрæгбоны фæдыл. Уадз æмæ нæм ахæм бæрæгбæттæ фылдæр уæд. Арæхдæр нæ куыд хъæуа нæ хæдзæртты æртыгай чъиритæ кæныны сæр. Сабырдзинад æмæ фæрныгад уæд Ирыстоны”, – загъта республикæйы Сæргълæууæг.

Ирон чъиритæ, цыхт æмæ бæгæны хуыздæр кæмæн уыдысты,  уыдонæн конкурсы жюри хорз аргъ скодта. Уæлахиздзаутæ дипломтæй дарддæр райстой зынаргъ призтæ дæр.

Ацы бон ма бæрæгбоны сæ аивад равдыстой Суанты Кимы номыл национ оркестр, ансамблтæ “Дети гор”, “Маленький джигитт”, “Фидæн”, “Сила звука”, хъазахъаг цалдæр ансамблы, эстрадон зарæггæнджытæ Тайсауты Олег, Ильшат Шабаев, Цæрыкъаты хотæ æмæ бирæ æндæртæ. Адæм стыр æхсызгонæй сæмбæлдысты зындгонд зарæггæнæг, Ирыстоны кадджын уазæг Леонид Агутиныл. Изæры фараст сахатыл Ирыстоны сæрмæ арв ныррухс бæрæгбоны солюттæй.

Джусойты  Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.