БАНЫХÆСТÆ

Мæскуыйы Кремлы уагъд æрцыдысты УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ Республикæ Казахастаны ног президент Касым-Жомарт Токаевы баныхæстæ. Токаев Уæрæсемæ æрцыд йæ фыццаг фæсарæйнаг официалон балцы. Фембæлды уынаффæ кодтой дыууæварсон ахастыты сæйрагдæр темæтыл, евразийаг тыгъдады интеграцион процесстæ размæ кæныны перспективæтыл, регионалон боны фæткы актуалон фарстытыл. «Уæрæсе æмæ Казахстаны ‘хсæн бадзырдон-барадон базæйы ис 450 æхсæнпаддзахадон æмæ æхсæнхицауадон документæй фылдæр», – банысан кодта Путин.

ФЕМБÆЛД ИЗРАИЛЫ ПРЕМЬЕР-МИНИСТРИМÆ

Уæрæсейы президент Владимир Путин æмæ Израилы премьер-министр Биньямин Нетаньяху Мæскуыйы сæ фембæлды рæстæджы лæмбынæг æруынаффæ кодтой Сирийы  уавæры алыгъуызон аспекттыл. Уый размæ израилаг телерадиокомпани «Кан» фехъусын кодта, зæгъгæ, Нетаньяху Уæрæсе æмæ АИШ-æн йæ фæндон загъта Сирийы конфликт æрбæстон кæныны фæдыл бакусгæ принципты тыххæй, уыцы нымæцы бæстæйæ ирайнаг æфсæдты ракæныны тыххæй дæр. Фæлæ Израилы премьер-министр гæххæтыл не ‘рбавдыста Сирийы уавæр æрбæстон кæныны план.

УЫНАФФÆ КОДТОЙ «СЕВЕРНЫЙ ПОТОК -2»-ЙЫЛ

УФ-йы Энергетикæйы министр Александр Новак йæ гермайнаг коллегæ Петер Альтмайеримæ Мæскуыйы æруынаффæ кодта проект «Северный поток-2»-йы реализацийы тыххæй æмæ æлхъывд æрдзон газы фадыджы æмгуыстадыл. Министртæн уыд конструктивон ныхас, кæцыйы рæстæджы æруынаффæ кодтой дыууæварсон энергетикон æмгуыстады алыгъуызон фарстытыл.

УРÆД ÆРЦЫД ЕВПАТОРИЙЫ МЭР

УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы кусджытæ уголовон хъуыддаг бакодтой Хъырымы сакъадахы горæт Евпаторийы администрацийы сæргълæууæг Андрей Филоновыл. Хæдзары æмæ йæм йæ кусæн бынаты баджигул кæныны фæстæ уый урæд æрцыд. Филоновмæ зæрдæ фехсайдта зæххы фадгуыты махинациты, кæцыты фæстиуæгæн бюджетæн разианчындæуыд 35 милуан сомы.

РАЙДЫДТА УГОЛОВОН ПРОЦЕСС

Венесуэлæйы Национ бындурæвæрæн æмбырды барадон фарстыты фæдыл къамисы сæргълæууæг Хулио Гарсия Серпа фехъусын кодта, зæгъгæ, венесуэлæйаг оппозицион лидер Хуан Гуайдойы ныхмæ бæстæйы Уæлдæр тæрхондон райдыдта уголовон процесс. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Гуайдо хъуамæ «бафида» Райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй кæй рацыд, уый тыххæй.

БАФХÆРДТОЙ ТУРКЫ

Иугонд Штаттæ бафхæрдтой Туркы, Уæрæсейæ С-400 кæй æлхæны, уый тыххæй, куынæггæнæг хæдтæхджытæ Ф-35-æн ифтонггæрзтæ ласын æруромгæйæ. Вашингтон Туркæй æрдомдта, цæмæй ма балхæной Уæрæсейæ С-400. «Цалынмæ Турк иунысанон уынаффæ нæ райса æмæ уæрæсейаг С-400 балхæныны тыххæй «нæ» ма зæгъа, уæдмæ туркаг Ф-35 хæстон цæттæдзинадимæ баст фарсхæцынады мадзæлттæ урæд цæуынц», – фехъусын кодта АИШ-ы æфсæддон уæлдæфон тыхты дæлбулкъон Майк Эндрюс.

БАХАТДЗÆН БРЕКЗИТ ФÆСТÆДÆР ÆМГЪУЫДМÆ АРГЪÆВЫНЫ ТЫХХÆЙ

Стырбританийы премьер-министр Тереза Мэй куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ бахатдзæн Евроцæдисмæ брекзит фæстæдæр æмгъуыдмæ аргъæвыны куырдиатимæ. Брекзитмæ ма цалдæр боны куыд хъæуы, афтæмæй парламент нæ разы кæны Брюсселимæ сразыдзинад райсыныл. Уыимæ депутаттæ сты æнæ бадзырдæй Евроцæдисæй рахизыны ныхмæ, фæлæ сразы сты брекзит фæстæдæр æмгъуыдмæ ахæссыныл. Уыимæ европæйæгтæ раздæрау æндавынц Лондоныл. Зæгъæм, Францы президент брекзиты фæстæдæр æмгъуыдмæ аргъæвыныл разы нæу æмæ загъта, зæгъгæ, Лондонæн уыд æртæ азы, цæмæй сбæрæг кодтаиккой Евроцæдисæй рахизыны уавæртæ.

РАУÆРÆХДÆР КÆНДЗÆН ЙÆ ФАРСХÆЦЫНАД

НАТО-йы бæстæтæ уынаффæ кодтой Сау денджызы Украинæ æмæ Гуырдзыстоны фарсхæцынады фæдыл мадзæлттыл, – фехъусын кодта альянсы генералон секретарь Йенс Столтенберг министрадты сæргълæуджыты æмвæзадыл НАТО-йы советы фыццаг сессийы фæстиуджытæм гæсгæ. Хынцыд æрцыдысты ахуыртæ, акваторийы порттæм ацы бæстæты науты бацыд. Столтенберг банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе дарддæр тыхджындæр кæны регионы йæ æфсæддон уæвынад, уымæ гæсгæ, зæгъ, НАТО бахъахъхъæндзæн йæ хъусдард ацы ахсджиаг регионы.

УЫДЗÆН СЫН ДЕБАТТÆ

Украинæйы президентон æвзæрстыты фыццаг туры лидер Владимир Зеленский Юлия Тимошенкойы фæхуыдта Петр Порошенкоимæ дебаттæ уадзæгæй. Порошенко сразы Зеленскийы фæндоныл дебаттæ Киевы стадионы ауадзыны фæдыл. Ацы дебаттæ сты Украинæйы æрбаиу кæныны фадат, – загъта Зеленский видеороликы. Юлия Тимошенко сразы уыдзæн дебаттæ уадзæгæй, уый нырма бæрæг нæу.

ЛИВИ ИС ÆМБÆСТАГОН ХÆСТЫ УАВÆРЫ

Ливийы национ æфсадыл командæгæнæг Халифа Хафтар æфсæдты ракодта столицæйы ‘рдæм, цыран рабадт ис национ сразыдзинады хицауадæн, кæцы арæзт æрцыд ИНО æмæ Ныгуылæны бæстæты æххуысы руаджы. Иуæй-иу зонæнтæм гæсгæ, æфсæддонтæ ныридæгæн сты Триполы кæрон, æмæ чиновниктæ та лидзынц бæстæйæ. Национ сразыдзинады хицауад йæхи цæттæ кæны хи бахъахъхъæнынмæ, горæтмæ кæнынц уæззау техникæ. Триполийы ныртæккæ ис ИНО-йы генералон секретарь. Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ фæнды фельдмаршалимæ фембæлын.

КУЫНÆГ ÆРЦЫДЫСТЫ

Кæсæг-Балхъары куынæг æрцыдысты дыууæ боевикы, кæцытæ баст уыдысты ИГИЛ-ы къордимæ. Фыдгæнджытæ бабырстой полицийæгтæм. Барадхъахъхъæнæг органты кус-джытæ бандитты машинæ æруромынмæ куы бафæлвæрдтой, уæд сæ боевиктæ райдыдтой æхсын. Дзуаппон æхстæй уыдон куынæг æрцыдысты. Джигул кæныны рæстæджы оперативон кусджытæ ссардтой зæххы бын цæрæн бынат, цыран дæргъвæтин рæстæджы æмбæхстысты фыдгæнджытæ.

РАЙСТОЙ  ÆХХУЫС

РХИ-йы Хицауады 2015 азы 9 октябры Уынаффæмæ гæсгæ æххæст цæуы социалон æгъ-дауæй æвæрæз цæрджытæн æмæ уæззау цардуагон уа-вæрты бахауджытæн æххуыс кæныны  программæ.

Ацы аз марты мæйы иурæс-тæгон материалон æххуыс райстой 113 адæймаджы, иумæйагæй –  1  255  000 сомы бæрц.

Уыдоны нымæцы – 1-аг æмæ 2-аг къорды 18 инвалидæн – 205 000 сомы, чысылæй фæс-тæмæ 14 инвалидæн – 140 000 сомы, 51 бирæсывæллонджын бинонтæн – 600 000 сомы, фæмардуæвджыты 11 би-нонтæн – 110 000 сомы, фæкæсынхъуаг 10 бинонтæн – 100 000 сомы, 5 сидзæрæн – 50 000 сомы. Се ‘нæниздзинадмæ гæсгæ иурæстæгон æххуыс райстой æртæ æмбæстаджы – 30 000 сомы. Иу бинонтæн рахицæн æрцыд 20 000 сомы ритуалон мадзæлтты тыххæй.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.