Президент Бибылты Анатоли фембæлд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æппæтстилон каратэйы ерысты хуссарирыстойнаг хайадисджытимæ, кæцытæ бацахстой дыккаг иумæйагкомандон бынат.

Фембæлды ма хайад райста Президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин.

Командæйы тренер Дзабиты Артем бузныджы ныхæстæ загъта паддзахады сæргълæууæгæн йæ бакæнгæ моралон æмæ материалон æххуысы тыххæй.

Бибылты Анатолийæн йæ цæст бауарзта спортсментæн дарддæры æнтыстытæ æмæ уæлахизтæ æмæ сæм æрсидт хорз ахуыр кæнынмæ.

«Æцæг спорт æнæ фембылдтытæй нæ вæййы, фæлæ алыхатт дæр хъæуы тох кæнын æмæ нысанмæ тырнын. Сымах хъуамæ хъусат уæ тренермæ, нæ хъæуы къухтæ ауадзын, стыр æнтыстытæм тырнын хъæуы æрмæст спорты нæ, фæлæ ахуыры дæр», – загъта Бибылты Анатолий.

Президент ма банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад дарддæр дæр спортæн кæндзæн æппæтварсон æххуыс.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.