Президент Бибылты Анатоли фембæлд горæт Цхинвалы æмæ Цхинвалы районы хъæуты цæрджытимæ.

Тъбеты хъæуы фембæлды хайад райста Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Вахтанг. Паддзахады сæргълæууæг радзырдта, Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы фæрныгад фæхуыздæр кæныны сæраппонд абоны боны реализацигонд цы плæнттæ æрцыд, уыдоны тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ацы программæ арæзт æрцыд республикæйы цæрджыты домæнтæм гæсгæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Цхинвалы районмæ хауæг программæ æххæст æрцыд 95 проценты.

Реализацийы процессы сты нуазыны дон рауадзын, 2008 азы хæсты рæстæджы бахъыгдард  хæдзæртты арæзтад.

«Абоны бон хъæууон хæдзарадæн стыр æххуыс цæуы. Хуссар Ирыстон аграрон паддзахад у æмæ максимум фадæттæ аздахын хъæуы экономикæйы аграрон секторы рæзтмæ, уымæй дæр нын абон фадат ис уæрæсейаг базары иуæй-иу згъуыдтæ баххæст кæнынæн. Республикæйæн æппæт фадæттæ дæр ис хъæууонхæдзарадон продукцийы сæйрагдæр хуызтæй цæрджыты домæнтæ баххæст кæнынæн», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæг фæнысан кодта цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныны фæдыл хъæуы цæрджыты фæндæттæ.

Фæндæттæ сæрмагондæй хаудысты бирæфатерон хæдзæртты арæзтадмæ, алы хæдзармæ дæр нуазыны дон бауадзынмæ, транспортон фæрæзты цыд фæсабырдæр кæнынмæ æмæ а.д.

«Цард размæ цæуы, фæзынынц ног домæнтæ, цадæггай хуыздæр кæндзыстæм нæ адæмы царды уавæртæ. Мах хъуамæ кусæм алы районы, алы уынджы, алы хъæуы размæцыдыл. Иумæ кусдзыстæм республикæйы рæзтыл», – бахахх кодта уый.

 

***

Президент фембæлд г. Цхинвалы Гафезы уынджы цæрджытимæ. Паддзахады сæргълæууæг радзырдта, Хуссар Ирыстоны царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны фæстиуæгæн цы куыст кæны, уыдоны тыххæй.

«Махæн бантыст 2008 азы хæсты рæстæджы бахъыгдардгонд 34 фатеры сцалцæг кæнын. Æрдæг аз бахъуыд, цæмæй скъуыддзаг æрцыдаид бирæуæладзыгон хæдзæртты лифтты фарст, кæцытæ нæ куыстой 90-æм азтæй нырмæ. Раст у, æппæт финансон фæрæзтæ дæр нын рахицæн кæны Уæрæсе. Фæлæ уыцы фæрæзты хъæуы эффективонæй адих кæнын æмæ сæ фыццаградон хæстæ аскъуыддзаг кæнынмæ аздахын», – загъта Бибылты Анатоли.

Иууыл стырдæр æнтыстыл паддзахады сæргълæууæг банымадта резервон электроадæттæн хаххы арæзтад, кæцыйы руаджы, æрдзон катаклизмæтæм нæ кæсгæйæ, Хуссар Ирыстон ифтонг уыдзæн электроны рухсæй æдзухæй дæр.

Уымæй дарддæр уый радзырдта 2022-2025 азтæн паддзахадон программæйы хорздзинæдтыл, кæцыты нысан у республикæйы хъæууон хæдзарады рæзтæн ахадæн æххуыс бакæнын æмæ, цы хъæутæ федзæрæг сты, уыдоны ног цард бауадзын.

«Хуссар Ирыстоны цæрджытимæ ахæм фембæлдтытæ уагъд цæуынц ног «адæмон программæ» саразыны нысанæн. Мæнмæ ацы хъуыддаг растдæр кæсы. Уымæн æмæ адæм сæхæдæг хуыздæр зонынц, цы сæ хъæуы æмæ сын цы домæнтæ ис, уыдон. Адæм хæстæ æвæрынц – паддзахад сæ скъуыддзаг кæны. Мæн фæнды, цæмæй иууылдæр зæгъой сæ фæндæттæ», – загъта Президент.

«Критикæ кæнын æнцон у, зын та у  кусын, фæстиуджытæ фенын кæнын, цæмæй стæй æргом зæрдæйæ æмæ сыгъдæг намысимæ адæммæ рахизай æргом диалогмæ. Адæмы домæнтæм хъус дарын хъæуы æмæ сын фæхуыздæр кæнын хъæуы  сæ фæрныгад. Уæд æппæт шанстæ дæр бæрæг уыдзысты. Алчи йæ нæ зоны, нæ республикæйы цал инвалиды ис, кæцыты хъæуы мах æххуыс. Афтæ бирæ кæй сты, уый мæхæдæг дæр нæ зыдтон. Сæ домæнтæ сын куы æххæст кодтам, уæд дзырдтой, уый дам, пиары тыххæй у», – загъта Президент.

Гафезы уынджы цæрджытæ бузныг загътой Бибылты Анатолийæн,  адресон æххуысы æмæ сæ уынг хæрзарæзт кæй æрцыд, уый тыххæй.

 

***

Президент Бибылты Анатоли фембæлд «Жилмассив»-ы микрорайоны цæрджытимæ.

«Хыгъдон рæстæджы бирæ æрцыд арæзт. Мах аскъуыддзаг кодтам цæрджыты фарстатæ æмæ проблемæтæ, кæцытæ скъуыддзаг нæ цыдысты бирæ азты дæргъы. Фæлæ уæддæр адæммæ ис домæнтæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ мах тырнæм комфортондæр цардмæ æмæ  нын уыцы домæн сæххæст кæныны хъуыддаджы æххуыс кæны паддзахад», – загъта Бибылты Анатоли.

«Махæн бантыст бюджет фæфылдæр кæнын, абоны бон уый у 850 милуан сомы. Уый руаджы фæфылдæр кодтам пенситæ, социалон бафыстытæ, сывæллæтты пособитæ æмæ стипендитæ, хæрзарæзт æрцыдысты хæдзæртты цур территоритæ», – банысан кодта Президент.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, иннæ азæн план арæзт æрцæудзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты проблемæтæ æмæ фарстатæм гæсгæ. Микрорайоны цæрджытæ Президентмæ лæвæрдтой фарстатæ, уыимæ иумæ ма йын загътой бузныджы ныхæстæ дæр, йæ хъус сæм кæй дары æмæ сын кæй æххуыс кæны, уый сæраппонд.

Цæрджытæй сæ иу бузныг загъта Президентæн, йæ фырты ахуырæн ын финанстæй кæй баххуыс кодта, уый тыххæй.

«Дæ фæрцы мæ фыртæн фадат фæцис ахуыр кæнынæн æмæ президентон стипенди райсынæн. Стыр бузныг дын уый тыххæй», – загъта лæппуйы мад.

Хъæууон хæдзарады раздæры министр Плиты Витали паддзахады сæргълæууæгæн загъта ахæм фæндон, цæмæй президентон æвзæрстыты агъоммæ хахуыртæ чи парахат кæны, уыдон конд цæуой бæрндзинадмæ.

 

***

Бибылты Анатоли фембæлд Нæузæххонты уынджы цæрджытимæ.

Паддзахады сæргълæууæг йæ позици загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, бæрнон бынатмæ цæуыны тыххæй кандидаттæ кæрæдзийыл цъыф ма хъуамæ калой, фæлæ фыццаграды хъуамæ дзурой банысангонд плæнтты тыххæй æмæ цы фадыджы кусынц, уым сын цы æнтыстытæ ис, уыдæтты тыххæй.

Президенты ныхæстæм гæсгæ, проблемон фарстатæй сæ иу у хæдзæртты алыварс схæрзарæзт кæнын.

«Хъуыды ма кæнут, цы уавæры уыдысты Гафезы, Нæузæххонты, Вокзалгæрон æмæ æндæр уынгтæ? Уыдон ныр хæрзарæзт цæуынц. Бирæ саразын нын бантыст, бирæ проблемæтæ æрцыдысты скъуыддзаг. Фæлæ алцæмæн уадидæгæн саразæн нæй гæнæн, хъæуы планбæрцонæй размæ цæуын», – загъта уый.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.