Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады банымадыл 13 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлттæм æрцæуæг делегациты минæвæртты, уыцы нымæцы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы делегацийы, РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачневы сæргълæудæй.

Хуссар Ирыстоны æрдыгæй химæрайсты уыдысты РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Гасситы Петр, Парламенты сæрдары хæдивæг Чилæхсаты Владимир, Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл парламентон комитеты сæрдар Бибылты Ацæмæз.

Цæгат Ирыстоны æрдыгæй та – Парламенты Сæрдары хæдивæг Билаонты Батрадз, Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æмæ арæзтадон политикæйы фæдыл пар-ламентон комитеты сæрдар æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Бибылты Анатоли бузныг загъта уазджытæн, Хуссар Ирыстонмæ кæй æрцыдысты, уый тыххæй, афтæ ма 1989 азæй фæстæмæ нæ республикæйæн кæй æххуыс кодтой æмæ иууыл уæззаудæр бонты республикæйы фарсмæ кæй уыдысты, уый сæраппонд. Банысан кодта, иу адæм кæй стæм æмæ нæ цин дæр æмæ нæ хъыг дæр иу кæй сты.

Президент радзырдта 2008 азы августы трагикон цауты тыххæй дæр, уыцы цауты рæстæджы чи бабын, уыдоны тыххæй дæр  æмæ банысан кодта, зæгъгæ, кæд дунеон æмæхсæнад тынг æндæвта Уæрæсейыл, уæддæр йæ къухдариуæгад аскъуыддзаг кодта æмæ банымадта РХИ-йы паддзахадон хæдбардзинад.

Йæ рады Алексей Мачнев бузныджы ныхæстæ загъта Президентæн, йæ фæхуынды æмæ сæ æхсызгонæй йæхимæ кæй райста, уый тыххæй. Банысан кодта, цæгатирыстойнаг делегаци РЦИ-Аланийы рæстæгмæ Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы бахæсмæ гæсгæ кæй æрцыд æмæ йæ номæй раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны адæмæн. Уыимæ иумæ ма загъта, зæгъгæ, ацы бæрæгбон Ирыстоны дыууæ хайæн дæр стыр бæрæгбон у.

Президент фембæлд цæгатирыстойнаг æхсæнадон организациты минæвæрттимæ: Сæрмагонд нысаниуæджы къорд «Вымпел»-ы минæвæрттæ Чермен Мурашев, Цæболты Эрик, Хъороты Батрадз æмæ æхсæнадон змæлд «Алайнаг хызæг»-ы бындурæвæрæг Маккоты Таймуразимæ.

Бибылты Анатоли бузныг загъта делегацийы минæ-вæрттæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, куыд Ирыстоны хуссары, афтæ цæгаты дæр нысаниуæгджын цаутæ ирон адæмæн иумиаг сты. Уыимæ иумæ загъта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны адæм кæддæриддæр бузныг уыдзысты Уæрæсейæ, 2008 азы 26 августы ныфсджын уынаффæ кæй райста æмæ нæ рес-публикæйы хæдбардзинад кæй банымадта, уый   тыххæй.

Йæ рады Чермен Мурашев бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта Президентæн æмæ загъта, зæгъгæ, йæ ныфс ис, ирон адæм æвдисæн кæй нал уыдзысты хæстытæн æмæ æндæр трагедитæн. «Мах иу адæм стæм æмæ кæддæриддæр цæттæ стæм кæрæдзийæн æнæмæнгхъæуæг æххуысмæ», – загъта уый æмæ Президентæн бакодта зæрдылдарæн лæвар.

Бибылты Анатоли ма фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы депутат Таймæзты Артуримæ дæр. Загъта йын бузныджы ныхæстæ, æндыгъд графикмæ нæ кæсгæйæ рæстæг кæй ссардта æмæ бæрæгбонмæ кæй æрцыд, афтæ ма Хуссар Ирыстоны фæсивæдæн йе ‘ххуысы сæраппонд. Загъта йын æнтыстыты фæндиæгтæ УФ Паддзахадон Думæмæ депутатты æвзæрстыты.

Таймæзты Артур дæр раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны адæмæн, Президенты сæргълæудæй йæ республикæйы къухдариуæгадæн бафæндыд æнтыстытæ. Банысан кодта, куыд спортсмен, афтæ кæддæриддæр цæттæ кæй у Хуссар Ирыстоны фæсивæды алыварсон рæзтæн æххуысмæ.

***

Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан фембæлд  Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы  делегацийыл, РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачневы сæргълæудæй.

Тадтаты Алан бузныг загъта уазджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадта республикæйæн уæззау  рæстæджы, уымæй бын æвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны стабилон цардæн. «Республикæйы алы æмбæстагæн дæр йæ бон у йæ разы лæууæг нысан сæххæст кæна ныфсджынæй, уымæн æмæ йæ зоны, мах нæ стратегион партнер УФ кæй хъахъхъæны, æдасдзинадæй нæ кæй ифтонг кæны, Уæрæсейы Федерацийы руаджы Хуссар Ирыстон размæ цæуы, рæзы.

Мачнев дæр йæ рады сабырдзинады, дидинæфтыды фæндиæгтæ загъта Хуссар Ирыстоны адæмæн. Банысан кодта, нæ республикæмæ йæ алы æрцыды рæстæджы дæр кæй фæхаты позитивон ивындзинæдтæ.  Бахахх кодта тагъд рæстæджы Хуссар Ирыстоны Парламентимæ сразыдзинадыл къухтæ кæй æрфысдзысты.

Йæ рады Тадтаты Алан бафиппайдта, зæгъгæ, сразыдзинадыл бирæ хæттыты цыд дзырд, фæлæ, зæгъ, ацы хъуыддагмæ пандеми йæ коррективæтæ бахаста. Банысан ма кодта, зæгъгæ, бадзырдмæ гæсгæ, сразыдзинады иу хайыл къухтæ æрфыстæуыдзæн Цæгат Ирыстоны, иннæуыл та – Хуссар Ирыстоны.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.