Президент Бибылты Анатоли паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты æмæ тыхон структурæты минæвæртты.

Хорзæхтæ радтыны цытджын церемони уагъд æрцыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн.

Паддзахады сæргълæууæг се ‘ппæтæн дæр бузныджы ныхæстæ загъта сæ службæйы тыххæй æмæ сын йæ цæст бауарзта æнæниздзинад æмæ бинонты фæрныгад.

«Бузныг уын уæ цæсгомджын куыст, удуæлдайдзинад æмæ бæрнон ахасты тыххæй службæйон хæстæ æххæст кæныны хъуыддаджы, Фыдыбæстæмæ æмæ нæ адæммæ уæ ахасты тыххæй. Махмæ алыхатт дæр уыд аккаг хъахъхъæнджытæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Президенты къухæй «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы сæраппонд», «Хуссар Ирыстоны сабырдзинад хъахъхъхъæныны сæраппонд службæйы тыххæй», «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты сæраппонд»  майдантæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотатæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны бузныджы фыстæджытæ лæвæрд æрцыдысты  Уæлвæткон уавæрты министрад, Мидхъуыддæгты министрад, Паддзахадон таможнæйон комитет, Хъахъхъæнынады паддзахадон службæ, афтæ ма Финансты министрады кусджытæн.

Мидхъуыддæгты министрады кусджытæн ма лæвæрд æрцыд специалон нæмттæ дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.