Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ауагъта кусæгон æмбырд æнæниздзинад хъахъхъæныны, ахуырады, хъæууон хæдзарады, сæудæджерады, бастдзинады фадгуыты, афтæ ма финансон-экономикон секторы къудариуæггæнджытимæ.

Пухаты Эрикы бахæсмæ гæсгæ фадыгон программæты проекттæ 2020-2022 азтæм реализаци кæныны фæдыл Хицауадмæ бавдыстой Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрад, Культурæйы министрад, Ахуырад æмæ зонады министрад, Хъæууон хæдзарады министрад, Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитет, Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитет.

Хицауады Сæрдары хæдивæг Бекъойты Геннади куыд банысан кодта, афтæмæй фады-гон программæты проекттæ арæзт цыдысты «2020 азмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты стратеги»-йы нысæнттæ æмæ хæстæм гæсгæ, кæцыйыл бакуыстгонд æрцыд фарон азы декабры мæйы, республикæйы Экономикон рæзты министрады.

Æмбырды рæстæджы коррекци цыдысты программæтæн æхцайы фæрæзты гуырахст, мидисджын хай, организацион фарстытæ. Уыдон æмразыгонд цæмæй цæуой, уымæ гæсгæ хаст цæудзысты Хицауады рабадтытæм. Æввахс рæстæджыты каст æрцæудзæн фадыгон программæтæ, проекттæ æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ ахуырады фадыджы.

Пухаты Эрик куыд банысан кодта, афтæмæй паддзахадон нысанон программæты сæйраг акцент арæзт æрцыд хъæуты рæзтыл, ахуырадон стандарттæ, гуырынад фæхуыздæр кæныныл, чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн æххуыс кæныныл, цæрджыты æцæг æфтиæгтæ фæфылдæр кæныныл.

«Æппæт ацы фарстыты фæдыл Хицауады цæуы æрвылбонон, лæмбынæг куыст. Нæ сæйраг хæс у цæрджыты царды æмвæзад фæбæр-зонддæр кæнын», – банысан кодта Хицауады сæргълæууæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.