(Сæйраг уагæвæрдтæ)

2017-2021 азты æмгъуыдæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинады рæзт æххæст цæудзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы, æхсæнадæмон барады уагæвæрдтæ æмæ нормæтæм гæсгæ, æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы  Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон бадзырдтæм гæсгæ; 2013 азы 16 октябры райстæрцæуæг Республикæ Хуссар Ирыстоны закъон «Æмбæстæгты æнæниздзинад хъахъхъæныны бынтурты тыххæй», Республикæ Хуссар  Ирыстоны æндæр закъæттæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æмæ Хицауады акттæм гæсгæ.

Концепцийы фæлгæтты 2017-2021 азты æмгъуыдæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны рæзт здæхт у ахæм нысæнттæ сæххæст кæнынмæ:

Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты æхсæнадон æнæниздзинады уавæр æмæ алы æмбæстаджы æнæниздзинад фæхуыздæр кæнын;

Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы фидар æмæ динамикон куысты уавæр, кæцы здæхт у медицинон æххуысы гъæд, æнцонвадатдзинад фæхуыздæр кæнын æмæ  æдас медицинон архайд сифтонг кæнынмæ.

2017-2021 азты æмгъуыдæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны рæзты сæйраг принциптæ сты:

æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы æмбæстæгты бартæ хъахъхъæнын æмæ  уыцы бартимæ баст паддзахадон мадзæлттæ сифтонг кæнын;

æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы профилактикæйы приоритет;

мад æмæ сывæллоны æнæниздзинад хъахъхъæныны приоритет;

медицинон архайды æдасдзинад;

æнæниздзинад хъахъхъæныны инновацион рæзт;

æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы кадрон капиталы рæзт;

медицинон æмæхсæнады гуманондзинад, этикæ, профессионализмы дарддæры райрæзт;

Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны сферæйы нырыккон коммуникацион æмæ информацион технологиты сырæзт.

2017-2021 азты æмгъуыдæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны рæзты приоритетон хæслæвæрдтæ сты:

  1. Æмбæстæгтæн æнæаргъ медицинон æххуыс бакæныны тыххæй паддзахадон мадзæлттæ сифтонг кæнын.
  2. Медицинон æххуыс сорганизаци кæныны системæйы эффективондзинад фæбæрзонддæр кæнын.
  3. Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн медицинон æххуыс бакæнын фæхуыздæр кæнын.
  4. Медицинон организациты инфраструктурæ фæхуыздæр кæнын æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны материалон-техникон базæ сфидар кæнын.
  5. Цæрджыты æнæниздзинад хъахъхъæныны системæ фæхуыздæр кæнын.
  6. Кадрон потенциал фæхуыздæр кæнын æмæ медицинон кусджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæнын.
  7. Æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы коммуникацион æмæ информатизацион технологиты райрæзт.

Хæслæвæрдтæ сæххæст кæнын 2021 азмæ сифтонг кæндзæн:

1 мин адæймагæй цæрджыты амæлæты цаутæ 9,3 онг æрныллæг кæнын;

100 мин адæймагæй куыстхъом кары цæрджыты амæлæты цаутæ 362 онг æрныллæг кæнын;

100 мин адæймагæй тугæрзылды системæйы низтæй цæрджыты амæлæты цаутæ 550 онг æрныллæг кæнын;

100 мин адæймагæй ракъы низтæй (уыцы нымæцы фыдгъæд) амæлæты цаутæ 120 онг æрныллæг кæнын;

100 мин адæймагæй туберкулезы низæй амæлæты цаутæ 4,0 онг æрныллæг кæнын;

100 мин адæймагæй фæндагон-транспортон цауты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты цаутæ 8,8 онг æрныллæг кæнын;

1 мин удæгасæй райгуырæг æнахъомты амæлæты цаутæ, фыццаг рады ацы бæрæггæнæн бæрзонд кæм у, уыцы регионты хыгъдæй, 1,45 онг æрныллæг кæнын;

царды астæуккаг дæргъвæтиндзинад 76 онг скæнын;

1 мин адæймагæй гуырындзинад 14,1 онг схизын кæнын;

1 мин адæймагæй цæрджыты æрдзон æгъдауæй фылдæр кæнын 4,8 онг скæнын;

Æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы кусджыты куыстæй райгонд адæймæгты  нымæц 80 проценты онг схизын кæнын.

Ацы хæслæвæрдтæ сæххæст кæныны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады хъæуы:

– 2017 азы марты онг актуалон мадзæлтты комплекс сфидар кæнын, кæцытæ здæхт сты цæрджытæн медицинон æххуцыс фæхуыздæр кæнынмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон программæ «2013-2020 азты æнæниздзинад хъахъхъæныны райрæзты» (ног редакци) бындурыл;

– Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты царды æнæниз хуызмæ здæхт мадзæлтты реализацийы фæдыл дарддæры куыст сифтонг кæнын, уыцы нымæцы  æнæниз хæрды культурæйы популяризаци, культурон-æнæнизгæнæн программæтæ, алкоголизм æмæ наркоманийы профилактикæ, тамако дымыны ныхмæ архайд адарддæр кæнын;

– 2017 азы 1-æм мартмæ бакуыст æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты хостæй сифтонг кæныны стратеги 2021 азы онг æмæ йæ реализацийы план;

– ифтонг æрцæуæд 2017 азы 1-æм февралмæ «Психотропон æххуысы тыххæй æмæ уыцы æххуыс бакæныны рæстæджы æмбæстæгты барты гарантийы тыххæй» закъоны проектыл куыст æмæ æрвыст æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламентмæ;

– ифтонг æрцæуæд 2017 азы 1-æм февралмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл туберкулез апарахат кæныны фæдыл фæдзæхсты тыххæй» закъоны проектыл куыст æмæ æрвыст æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламентмæ;

– 2017 азы 1-æм мартмæ фидар æрцæуæд мадзæлтты план 2021 азы æмгъуыдмæ цæрджыты хæлцы фадыджы Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон политикæйы бындурты реализацийы фæдыл;

– 2017 азы 1-æм мартмæ бакуыстæуæд 2021 азы æмгъуыдмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы туджы æмæ йæ компонентты донордзинады райрæзты фæдыл программæ æмæ йæ реализацийы план;

– 2017 азы 1-æм февралмæ бакуыстæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинады сферæйы медицинон кадртæй сифтонг кæныны фæдыл мадзæлтты комплекс, медицинон кадрты квалификаци фæбæрзонддæр кæныныы тыххæй программæ развæлгъау бацæттæ кæнгæйæ, акредитацийы бындурыл сын сæ квалификацийы æмвæзадæн сын саргъ кæнын, цадæггай медицинон кадрты диспропорци, афтæ ма медицинон  кадрты социалон фарсхæцынады  мадзæлтты дифференцион мадзæлттæ аиуварс кæнын, фыццаг рады иууыл дефицитондæр дæсныйадты;

– 2018 азы 1-æм январмæ кæронмæ бахæццæ уæд Республикæ Хуссар Ирыстоны наркологион службæйы модернизации;

– 2017 азы 1-æм мартмæ фидар æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон политикæйы  бындурты реализацийы фæдыл амдзæлтты план, 2021 азы æмгъуыдмæ физикон культурæ æмæ спортæй чи архайдта, уыцы адæймæгты медицинон ифтонгады фадыджы;

– 2017 азы 1-æм мартмæ бакуыстæуæд 2021 азы æмгъуыдмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты реабилитаци æмæ санитарон-курортон хоскæнынадæй сифтонг кæныны стратеги  æмæ йæ реализацийы план.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.