Нæ царды ахсджиагдæр къабазтæй иу у ахуырады фадыг. Уым цухдзинæдтæ æмæ къуылымпытæ куы уа, уæд æхсæнад дæр мæгуырау уавæры уыдзæнис. Уый хынцгæйæ, æрвылаз дæр нæ Хицауады къухдариуæгад æруынаффæ кæнынц æмæ райсынц сæрмагонд мадзæлттæ, цæмæй ахуырады хъуыддагмæ хъусдард здæхт цæуа æмæ ахуырады системæ размæ цæуа, ныры домæнтæн дзуапп дæтгæйæ.

Бæрнон, ахсджиаг хæстæ лæууы нæ абоны царды ахуырады кусджыты раз рæзгæ фæлтæр хъомыл кæныны хъуыддаджы. Нæ республикæйы скъолаты ахуыргæнджытæн ног ахуыры азы сæ разы цы хæстæ лæууы, фылдæр хъусдард сæ цæмæ аздахын хъæуы, уыдæттæ æмæ ма æндæр къорд ахсджиаг фарстытыл хъуыддагон ныхас цыдис ног   ахуыры азы райдайæны августы ахуыргæнджыты æрвылазон республикон конференцийы. Конференци уагъд æрцыдис 23-æм августы ахæм номимæ, «Формирование современной модели образования в Республике Южная Осетия», зæгъгæ. Ардæм æрбацыдысты нæ республикæйы ахуырады къабазы кусджытæ, Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргæнджытæ, республикæйы скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæн уагдæтты директортæ.

Конференцийы куысты хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид, РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, йæ хæдивæг Гаглойты Элиса, афтæ ма Уæрæсейы Федерацийæ ахуырады къабазы фæдыл нæм чи фæуазæг сты, уыцы специалисттæ.

Æрвылазон педагогон конференцийы бацæуæн ныхасæй байгом кодта РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали. Уый йæ раныхасы сæрмагондæй арфæ ракодта ахуырады къабазы æппæт кусджытæн æмæ ахуырдзау фæсивæдæн, рæхджы иумæ кæй нысан кæндзысты ног ахуыры аз – Зонындзинæдты бон.

Гасситы Наталийы уыдонæн бафæндыдис фидар æнæниздзинад æмæ стыр æнтыстытæ сæ профессионалон архайды. Йæ доклады та сæрмагондæй æрдзырдта йæ дæлбаруæвæг министрады бакæнгæ куысты фæдыл, сæ дарддæры плæнттыл æмæ сæ проблемæтыл. Куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ абон махæн нæ сæйраг хæс у, цæмæй ахуыры процесс дуджы домæнтæм гæсгæ æмбæлон уавæрмæ æркæнæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæй та ныфс æвæры нæ ахуыргæнджыты иузæрдион куысты руаджы. Абон ахуыргæнинæгтæн сæ   ахуыры æппæт уавæртæ дæр саразын кæй хъæуы, уыцы бæрндзинад æмæ хæс иттæг хорз æнкъарынц æмæ æмбарынц Ахуырады министрады.

Министр ма йæ раныхасы сæрмагондæй банысан кодта, зæгъгæ, ахуырады къабазы паддзахадон политикæйы стратегион нысан у, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм ахуырады гъæд бæрзонддæр кæнын. Гасситы Наталийы ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырд реализаци кæныны фæлгæтты бакуыстæуыд æмæ къухтæ æрфыстæуыд дыууæ паддзахады Ахуырад æмæ зонады министрадты æхсæн æмгуысткæнынады фæдыл мадзæлтты планыл, бацæттæ æрцыд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Хицауады æхсæн ахуырады тыххæй документ банымайыны фæдыл Сразыдзинады проект, кæцыйыл развæлгъау информацимæ гæсгæ къухтæ фыст æрцæудзæн ацы аз, фæззæджы.

Гасситы Натали йæ доклады æрдзырдта, абон нæ республикæйы кæй уæвынад кæны 24 скъолайы агъоммæйы  ахуыргæнæн уагдоны. Уыдонæй 16 сты горæты æмæ 8 та –  хъæуты.

«Скъолайы агъоммæ ахуыргæнæн уагдæтты ахуыр кæнынц 3 184 сывæллоны. 2016-æм азы Республикæйы бюджетæй ацы уагдæтты ахуырадон куыстæн хицæн æрцыдис 194 милуан æмæ 829 мин сомы бæрц», – загъта министр. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй астæуккагахуырадон скъолаты нымæц у 52. «Æдæппæт ацы скъолаты ахуыргæнинæгты нымæц хизы 5 655 бæрцмæ æмæ æнæпаддзахадон ахуыргæнæн уагдæтты та – ахуыр кæны 322 ахуыргæнинаджы», – загъта министр.

Гасситы Натали ма бæстонæй радзырдта скъолаты предметон олимпиадæты тыххæй æмæ фехъусын кодта, зæгъгæ, ацы аз фыццаг хатт олимпиадæ уагъд кæй цæудзæнис физикæйы предметæй. Дарддæр ма цыбыртæй æрдзырдта йæ дæлбаруæвæг министрады бакæнгæ куысты фæдыл сывæллæтты цæхæрадæттимæ. Уыдон фылдæр уагъд цыдысты уæлæмхас ахуырады фæлгæтты æндæр æмæ æндæр мадзæлтты руаджы. «Уагъд цыдысты алыгъуызон фестивальтæ патриотикон зарджытæй, ирон национ кæфтытæй, кæцыты хайад истой нæ республикæйы скъолайы агъоммæ ахуыргæнæн уагдæтты хъомыл-гæнинæгтæ æмæ скъоладзаутæ», – загъта Гасситы чызг.

Ацы аз дæр æндæр азтау сывæллæттæн сæрдыгон лагертæ баконд кæй æрцыдис Гуфтайы астæуккаг скъолайы базæйыл æмæ Цхинвалы скъола-интернаты æмæ дзы 500 сывæллоны бæрц кæй баулæфыдысты, уый фæдыл дæр радзырдта министр. Уымæй дарддæр ма нæ республикæйы сывæллæтты иу къордæн сæрдыгон улæфтыты рæстæджы ацæуын бантыст Республикæ Абхаз, Хъырым æмæ Орелы горæтмæ.

Йæ раныхасы кæрон министр зæрдæбынæй раарфæ кодта ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадимæн йæ райгуырæн боны цытæн æмæ йын йæ цæст бауарзта царды æппæт хæрзиуджытæ æмæ йæ куысты та стыр æнтыстытæ.

Конференцийы æппæт хуссарирыстойнаг ахуыргæнджытæн ног ахуыры азы æрбалæуды тыххæй арфæйы ныхæстæ загъта Экономикæйы Уæлдæр скъолайы паддзахадон финансты Уæрæсейаг Центры директор Татьяна Абанкина. Уый ма йæ раныхасы банысан кодта абон ахуырады нысаниуæгæн цы стыр нысаниуæг ис, уый æмæ нырыккон скъоладзауæн йæ царды рæзт æрмæстдæр ахуырады рæзтимæ баст кæй у.

Гъæдджын ахуырад адæймагæн гом кæны йæ царды æппæт дуæрттæ дæр æмæ уыимæ иумæ ахæм адæймагæн царды йæхи ссарын вæййы æнцондæр æмæ цымыдисондæр. Ахуырад адæймагæн дæтты хъомылад æмæ, сæйраджыдæр та, аккаг хъæбулæй баскъуыхы йæ райгуырæн зæххæн, свæййы йæ райгуырæн бæстæйы æцæг патриот. Уый та тынг ахсджиаг хъуыддаг у æхсæнады», – банысан кодта Татьяна Абанкина.

Ахуыргæнджыты æрвылазон конференцийы раныхас кодта Президент Тыбылты Леонид. Уый дæр Республикæйы æппæт ахуыргæнджытæн арфæ ракодта ног ахуыры азы æрбалæуды тыххæй æмæ банысан кодта  ахуырады ахсджиагдзинад. Тыбылты Леонид арфæйы ныхæстæ загъта РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Наталийæн,  ахуырады министрады æппæт аппаратæн сæ бакæнгæ куысты тыххæй. Бæстæйы сæргълæууæгæн ма ацы къабазы æппæт кусджытæн йæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ сомбоны фæлтæры хъомыл кæныны хъуыддаджы. «Мах, республикæйы къухдариуæгад стыр хъусдард здахæм ахуырады фарстытæм, æмæ сымахимæ ноджыдæр кусдзыстæм, цæмæй бæрзонд кæнæм нæ сывæллæтты ахуырады æмвæзад. Куыд зонæм, афтæмæй Хуссар Ирыстоны  ахуырады æмвæзад Советон рæстæджы уыдис иттæг хорз, æмæ уый дзырдæуы статистикæйы дæр. Æмæ ныр дæр нæ республикæйы ахуырады æмвæзад хъуамæ уа æмбæлон æмвæзадыл», – банысан кодта Тыбылты Леонид. Уый ма куыд загъта, афтæмæй ахуыргæнджыты куыст æмæ архайд æнæ ныййарджыты хъусдардæй эффективон нæ уыдзæнис хорз ахуырхъомылад райсыны.

«Уымæй дарддæр ма æрбахонын хъæуы æрыгон кадртæ дæр, æмæ сын сæ потенциалæй спайда хъæуы нæ рæзгæ фæлтæры хæрзиуæгæн», – загъта Тыбылты Леонид.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, æхсызгон у, нæ республикæйæн фадат кæй ис Уæрæсейы хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæм ахуырмæ бацæуынæн, уымæн та сын æххуыс кæнынц Уæрæсейы разамынад, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварад æмæ Россотрудничествойы минæварад. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй ацы аз ахуырады къабазæн план цæуы 936 милуан сомы рахицæн кæнын, æмæ уый та у ивгъуыд азæй фылдæр.

Конференцийы ма раныхас кодтой горæты æмæ хъæууон скъолаты ахуыргæнджытæ, Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Плиты Агуындæ æмæ Фæлхасгæнджыты бартæ  æмæ адæймаджы фæрныгады хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæрдар Коцты Маринæ.

Конференцийы кæрон паддзахады сæргълæууæг æмæ Ахуырады министрады разамынад дзуапп кодтой, цы фарстытæ сæм лæвæрдтой, уыдонæн.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.