Куыд Дунейы æппæт Чырыстон диныл хæст адæм, афтæ Донаргъуыды бæрæгбон банысан кодтой Хуссар Ирыстоны дæр.

18-19 январы æхсæвы Мадымайрæмы аргъуанмæ æрæмбырд бирæ адæм, уыцы нымæцы сабитæ дæр. Чырыстон дин куыд амоны, афтæмæй Донаргъуыд нысан кæны уды сыгъдæгдзинад. 18-19 январы та, æгас бон зæххыл цыдæриддæр дæттæ ис, уыдон иууылдæр вæййынц сыгъдæг.

Бæрæгбонон литурги ауадзыны фæстæ аргъуаны кусджытæ ацыдысты Леуахийы былмæ. Фыд Иаков æртæ хатты баппæрста доны йæ дзуар, кæцы нысан кодта доныл аргъуыд кæй æрцыд. Леуахийы былмæ цы адæм ацыд, уыдонæн Хуыбылты Валерийы номыл улæфæн паркы æвæрд æрцыд палаткæтæ, цæмæй сæ дарæс раивой æмæ чысыл сæхи ахъарм кæной тæвд цай аназгæйæ. Куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр, æхсæнадон фæтк хъахъхъæдтой барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ. Тагъд æххуысы машинæ æмæ ирвæзынгæнджытæ дæр лæууыдысты цæттæйæ.

Ихджын доны ныххизын кæй бафæндыд, ахæмтæ бирæ нæ разынд. Се ‘хсæн уыд афæдзмæ æввахс кæуыл цыд, ахæм сывæллæттæ дæр. Фыд Иаков куыд загъта, афтæмæй ацы традици фæзынд Хуссар Иры 1990 азы, уæд Алайнаг эпархимæ цыд бирæ адæм æмæ куырдтой, цæмæй сæ сывæллæттæ, сæрмагондæй, донаргъуыды бон райсой, дзуарæфтыд. «Фæлæ нырма иу цау дæр нæ уыд, цæмæй исчи фæ-рынчын уа. Иу аз уыцы иу-рæстæджы донаргъуыд райстой 240 адæймаджы. Фæстаг азты сæ нымæц къаддæр кæны. Уымæн æмæ адæмæн сæ фылдæр дзуарæфтыд сты», – загъта фыд Иаков.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.