22 январы горæт Цхинвалы мидхъуыддæгты управленийы уагъд æрцыд хыгъдон æмбырд, цыран сæ бакæнгæ куысты тыххæй  хатдзæгтæ сарæзтой аивгъуыйгæ 2020 азæн. Хайад дзы райстой криминалон милицийы хистæры хæдивæджы хæстæ æххæстгæнæг Санахъоты Сослан, горæт Цхинвалы прокурор Дзабиты Артур  æмæ управленийы службæты æмæ хайадты сæргълæуджытæ.

Иумæйаг фарстаты фæдыл милицийы управленийы хистæры хæдивæг Сагкаты Эльбрус йæ раныхасы æрдзырдта 2020 азы бакæнгæ куысты æнтыстытыл æмæ æруадзгæ рæдыдтытыл, сарæзта хатдзæгтæ статистикон бæрæггæнæнтæн анализ скæныны фæстиуæгæн. Статистикæмæ гæсгæ 2020 азы дæргъы къаддæр кодта фыдракæндты нымæц – регистраци æрцыд 77 фыдракæнды æмæ 2019 азы та – 85. Уымæй уæлдай ма фæкъаддæр сты уæззау хуызты фыдракæндтæ дæр – регистрации æрцыд 21 фыдракæнды, 2019 азы та – 30. Фæлæ, хъыгагæн, уыимæ иумæ фæкъаддæр ис сæ раргом кæныны хъуыддаг æмæ æрхауд 72,7 процентмæ. 2019 азы та раргом кæныны хъуыддаг уыд 87 проценты бæрц. Уымæ нæ кæсгæйæ, азы дæргъы горæты милицийы управленийæн йæ бон ссис оперативон уавæрыл контроль кæнын.

Азы дæргъы фæфылдæр сты ахæм хуызы фыдракæндтæ, куыд лæгмарын, абырæгдзинад, фæлитойдзинад æмæ хулиганмитæ. Бынтондæр та хызт уыдыстæм ахæм хуыз фыдракæндтæй, куыд фыдми кæнын, стигъындзинад, службæйон фæлывддзинадæй. Фæкъаддæр ма сты давыны цаутæ æмæ наркотикон буарадтимæ баст фыдракæндтæ дæр.

Горæт Цхинвалы паспортон-визæйон службæ дæр кæд коронавирусы низы фæзынды фæстиуæгæн зындзинæдтæ æвзæрста, уæддæр йæ куыст нæ ныкъкъуылымпы ис, – азы дæргъы радтой 1651 æмбæстагæн паспорты æмæ сæххæст кодтой 3668 курдиаты.

Упраленийы кусджытæ ма Мидхъуыддæгты министрады иннæ службæтимæ æмæ дæлхæйттимæ азы дæргъы уагътой алыгъуызон рейдон мадзæлттæ, кæцыты фæстиуæгæн рабæрæг кодтой 864 фæткхалæн цауы. 86 бархалæджы æфхæрд æрцыдысты тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ. Ис ма ахæм æмбæстæгтæ, кæцытæ арæх фехалынц æхсæнадон фæтк æмæ дзы горæты милицийы управленийы хыгъды сæвæрдтой 93 адæймаджы.

Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспек-тортæ дæр 2020 азы бакодтой æнтыстджын куыст. Регулярон æгъдауæй ахуыргæнæн уагдæтты уагътой профилактикон мадзæлттæ ахæм темæтыл, куыд «Уагахаст æмæ моралон хъомылдзинад», «Наркотикон буарадтæй пайда кæныны фæстиуджытæ», «Антиæхсæнадон митæ æмæ йæ фæстиуджытæ» æмæ афтæ дарддæр. Ахуыргæнæн уагдæттæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ æхгæд куы æрцыдысты, уæд та рейдон мадзæлттæ уагътой горæты уынгты, цæмæй æнахъомты бахизой фыдбылызтæй. Ныридæгæн горæты милицийы управленийы хыгъды лæууы 12 æнахъом сывæллоны. Уымæй уæлдай ма бæрæг кодтой æххуысхъуаг, цыбыркъух бинонты, кæцытæ абоны бон Цхинвалы сты 26.

 Азы дæргъы ма горæты цы культурон-массон, динон æмæ æндæр мадзæлттæ уагъд æрцыд, уым дæр æмбæлонæй хъахъхъæд æрцыд æхсæнадон фæтк.

 Уыцы бон ма Цхинвалы районы милицийы управленийы дæр уагъд æрцыд хыгъдон æмбырд. Ардæм та фæуазæг сты Мидхъуыддæгты министрады штабы хистæры хæдивæг Гасситы Владимир, Цхинвалы районы прокурор Уалыты Алан æмæ управленийы службæты æмæ хайадты сæргълæуджытæ.

Æмбырды аивгъуыйгæ азы бакæнгæ куысты фæдыл доклад бакастис управленийы сæргълæууæг Гæбæраты Радион. Куыд банысан кодта, афтæмæй милицийы архайд здæхт уыд æхсæнадон фæтк бахъахъхъæнынмæ, фыдракæндтæ раргом кæнынмæ æмæ фыдгæнджыты бæрндзинадмæ æркæнынмæ.

Иумийагæй сисгæйæ 2020 азы Цхинвалы районы управлени бакодта æнтыстджын куыст. Фыдракæндтæ раргом кæныны хъуыддаг схизын кодтой 94,1 процентмæ æмæ 2019 азы та ацы бæрæггæнæн уыд 88,8 проценты бæрц. Æгасæй регистраци æрцыдис 34 фыдракæнды (2019 азы та уыдысты 27) æмæ дзы раргом кодтой 32 (2019 азы та – 24). Уæззау хуызы фыдракæндтæ та æрцыдис 8 æмæ сæ иууылдæр раргом кодтой (2019 азы та 9 фыдракæндæй раргом кодтой 6).

Хъыгагæн, фæфылдæр сты фæндагон-транспортон цаутæ – æрцыдис 6 аварийы (2019 азы та – æрмæстдæр иу). Фæлæ уазджытæ куыд банысан кодтой, афтæмæй управлени бакодта фæстиуæгджын куыст, ис сын хорз бæрæггæнæнтæ æмæ дарддæр дæр архайын хъæуы, цæмæй цæрджытæ ныфс æвæрой милицийы кусджытæй.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ 2020 аз кæй уыд уæззау нæ республикæйы службæтæн æмæ уагдæттæн карантинон мадзæлттæ бакæныны фæстиуæгæн. Уæлдай уæз дзы æрцыд милицийы кусджытыл, кæцытæ æдзух кодтой профилактикон куыст адæмы коронавирусон низæй бахизыны тыххæй, æмæ ма уыимæ иумæ цæсгомджынæй æххæст кодтой сæ служ-бæйон хæстæ дæр. Ацы бакæнгæ куысты уæлдай æнтыстджын уыдысты фадыгон инспектортæ, кæцытæн азы дæргъы нæ уыд улæфты рæстæг. Иумийагæй сисгæйæ милици сæххæст кодта йæ разылæууæг хæстæ æмæ контроль кодта криминогенон ситуацийыл.

Хыгъдон æмбырдтæ бакæнгæ куысты тыххæй уагъд æрцæудзысты милицийы æппæт службæты æмæ дæлхæйтты.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.