2019 азы бакæнгæ куысты фæдыл Мидхъуыддæгты министрадæн Наниты Игоры сæргълæудæй  уыд хыгъдон коллеги. Коллегийы куысты хайад райстой нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик,  Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, Æдасдзинады Советы секретарь Уалыты Валери, Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæргълæууæг Олег Ширан, тыхон структурæты къухдариуæггæнджытæ æмæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ.

Æмбырд байгом кодта Мидхъуыддæгты министрады Штабы сæргълæууæг Кокойты Тарзан. Уый бæстонæй æрдзырдта ведомствойы куысты фæдыл азы дæргъы  æнтыстытыл æмæ куысты хъæндзинæдтыл.

«Милицийы оперативон-службæйон архайд фыццаджыдæр здæхт у адæмы бартæ хъахъхъæнынмæ, фыдбылызтæ ма æруадзынмæ æмæ фыдгæнджыты ныхмæ тохмæ. 2019 азы бæрæг фæкъаддæр сты фыдракæндтæ саразыны цаутæ – 27,4 проценты бæрц. Ӕмæ ма уыимæ фыдракæндтæ раргом кæныны нымæц та бæрæг фæхуыздæр æмæ азы кæрон йæ процент схызт 85,7 процентмæ», – банысан кодта Кокойты Тарзан.

Милицийы кусджытæ азы дæргъы карз тох кодтой æнæзакъонæй наркотикон буарадтæй чи пайда кæны æмæ сæ чи парахат кæны, уыдонимæ. Баконд æрцыдис 25 уголовон хъуыддагджы, 118 адæймаджы та фæивар кодтой тæрхондæттæ. Ӕдæппæт казнæмæ иварты фæрцы хаст æрцыдис 895 мин сомы. 22 адæймаджы та сбадын кодтой ахæстоны. Ӕппæт ацы мадзæлттæ райсыны фæстиуæгæн наркотикон буарадтæй æнæзакъонæй чи пайда кæны, уыдоны нымæц 2019 азы фæкъаддæр ис 20,2 проценты бæрц.

Уыимæ ма ноджы карзæй æфхæрдтой, æхсæнгарзæй чи спайда кодта, уыцы æмбæстæгты. Азы дæргъы не ‘мбæстæгтæй ист æр-цыд 18 æхсæнгарзы æмæ 3823 нæмыджы, 15 æхсæнгарзы та æрбахастой барвæндонæй.

 «Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекцийы кусджытæ дæр азы дæргъы уагътой рейдон мадзæлттæ æмæ ивар кодтой фæткхалджыты. Алыгъуызон профилактикон мадзæлттæ уадзыны фæстиуæгæн фæкъаддæр сты фæндагон-транспортон цаутæ. Кæд 2018 азы авариты нымæц уыд 173, уæд 2019 азы та уыдысты 137. Анализ скæныны фæстиуæгæн рабæрæг сты авариты сæйраг аххосæгтæ. Уыдон та сты,  шофыртæ кæй нæ æххæст кæнынц фæндагон фæткойтæ æмæ стыр тагъдадæй кæй цæуынц», – загъта Кокойты Тарзан.

Дарддæр ныхасы рацыд Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь æмæ йæ доклады аргъ скодта милицийы куыстæн æмæ ма æрдзырдта 2020 азы хæстыл дæр.

«Афæдзы дæргъы Мидхъуддæгты министрад æнгомæй куыста иннæ министрадтæ æмæ тыхон структурæтимæ. Бахъуыды рæстæджы-иу кæрæдзимæ фæкастыстæм, кæд-иу нæ архайды исты хъæндзинæдтæ разынд, уæд-иу сæ иумийаг тыхтæй аиуварс кодтам. Ахæм æмгуыстады фæстиуæгæн нæ къухты бафтыдис стыр æнтыст оперативон-службæйон хæстæ хорз æмвæзадыл æххæст кæныны хъуыддаджы. Азæй-азмæ нæ республикæйы адæм дæр фылдæр æууæндын райдыдтой милицийы кусджытыл æмæ уый дæр у хорз хабар. Дарддæр дæр архайдзыстæм адæмы сабырад хъахъхъæныныл», – загъта Наниты Игорь.

 «Оптимизаци хъуыд æнæмæнгæй саразын. Уый фæрцы кусджыты куыстмыздтæ бæрæг фæфылдæр сты, балхæдтам 90 иуæджы службæйон транспорт, баххуыс кодтам, не ‘мкусджытæй йæ службæйон хæстæ æххæст кæнгæйæ чи фæмард, уыцы 54 бинонтæн. Куысты уавæртæ фæхуыздæр кæнынимæ фылдæр кæнынц до-мæнтæ дæр. Нæ разы лæууы бирæ хæстæ, кæцыты сæххæст кæнын нæ бон нæ бауыдзæнис, нæ кус-джыты оперативон-службæйон, æфсæддон, психологон цæттæдзинад æмбæлон æмвæзадыл куы нæ уа, уæд. Уый фæдыл æдзух цæуы куыст æмæ алыгъуызон мадзæлтты фæрцы бæрзонд кæнæм милицийы кусджыты профессионалондзинад», – банысан кодта ведомствойы сæргълæууæг.

Уæлдай хъусдард ма здæхт цыдис фæсарæйнаг æмбæстæгтæм, цæмæй нæ республикæйы территорийыл сæхи дарой закъоны фæлгæтты. Наниты Игорь бахæс кодта æмбæлон службæтæн, цæмæй нырæй фæстæмæ ноджы фæ-активондæр кæной куыст ацы фадыджы. Хæслæвæрдтæ ма радта наркотикон буарадты æрзылд контроль кæнын æмæ экономикон фыдракæндтæ ма æруадзыны управленитæн, цæмæй уыдон дæр 2020 азы бæрæг фæактивондæр кæной сæ куыст.

«Стыр бузныг зæгъын мæ фæнды милицийы кусджытæн, сæ разы лæууæг хæстæ цæсгомджынæй кæй сæххæст кодтой, уый фæдыл. Махæн ахæм æнтыстытæ нæ уыдаид, бæстæйы Президент Бибылты Анатоли нæм ахæм хъусдард куы нæ здæхтаид, уæд. Бузныг зæгъын ма мæ фæнды æппæт министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæн дæр, кæцыты фæрцы махæн дæр нæ куыст фæрогдæр ис æмæ нæ къухты бафтыдысты абоны æнтыстытæ», – загъта кæронбæттæны Наниты Игорь.

Дзæгъиаты Уырызмæг иумийагæй райгондæй баззад милицийы куыстæй. Банысан кодта, зæгъгæ, криминалон милицийы куыст ис æмбæлон æмвæзадыл, фæлæ ма кæцыдæр службæты хъæуы хуыздæр архайын.

Бибылты Анатоли дæр йæ раныхасы раппæлыд ведомствойы бакæнгæ куыстæй æмæ арфæйы ныхæстæ загъта милицийы кусджытæн.

«Ацы æмбырдмæ куы цыдтæн, уæд æркастæн, 15 азы дæргъы Мидхъуыддæгты министрады куысты хыгъдтæм, цæмæй сæ кæрæдзимæ абарон. Ӕмæ бæрæггæнæнтæ куыд æвдисынц, афтæмæй 2019 аз у иууыл æнтыстджындæр. Стыр бузныг уын. Фæлæ ма кæмдæрты уæддæр ис хъæндзинæдтæ æмæ нырæй фæстæмæ уыдонмæ дæр хъæуы æркæсын. Иууыл стырдæр æнтыст у, адæм милицийыл æууæндын кæй райдыдтой, уый. Нæ республикæйы кæддæриддæр хъуамæ уа фæтк æмæ дзы куса закъон. Ӕмæ уый та сымахæй аразгæ у. 2019 азы ма сымах активон хайад райстат Знауыры районы Уисты хъæуы бынæттон цæрджыты æдасдзинад бахъахъхъæныны фæдыл. Уым дæр бæрзонд æмвæзадыл сæххæст кодтат уæ разылæууæг хæстæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Кæронбæттæны Бибылты Анатоли раарфæ кодта æппæт тыхон структурæты къухдариуæггæнджытæн. Банысан кодта, зæгъгæ, милицийы куыстæн ис стыр нысаниуæг.

  ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.