Сæрмагонд тасдзинады ирвæзынгæнæг операцитæ уадзыны фæдыл центр «Лидер»-ы къорд Хуссар Ирыстоны территорийыл ныр æртыккаг хатт æрæвнæлдта территори тæссаг хæлæн æрмæджытæй сыгъдæг кæнынмæ. Ныртæккæ ахæм куыстытæ центры кусджытæ кæнынц «Паук»-ы бæрзæнды.

«14 апрелы уæрæсейаг центр «Лидер»-ы отряд æрæвнæлдта Хуссар Ирыстоны бæрæг территори  гуманитарон æгъдауæй хæлæн æрмæджытæй сыгъдæг кæнынмæ. Цы 20 гектар сыгъдæг хъуамæ æрцæуа, уымæй 4 маймæ сыгъдæг æрцыд 7 гекрары бæрц. Уыцы территорийыл ссардæуыд 48 хæлæн  тæссаг æрмæджы. Уыдон сты артиллерион 14,5 мм. нæмгуытæ, Ф-1 гранаттæ æмæ системæ «Смерч»-ы хæстон элементтæ», – дзырдта чысыл брифинджы рæстæджы центры отряды къухдариуæггæнæг Алексей Кудяков.

Уыцы тæссаг хæлæн æрмæджытæ лæвæрд æрцыдысты хуссарирыстойнаг фарсмæ æмæ куынæг æрцыдысты.

Ныртæккæ уæрæсейаг центры къорд цы бæрзæнд сыгъдæг кæны, уый йæ географион равæрдмæ гæсгæ цас фадат дæтты, цæмæй куыстытæ æмбæлонæй конд цæуой, уый фæдыл Алексей банысан кодта, зæгъгæ, хæххон, дурджын æмæ бæласджын бынат кæй у,  уый тыххæй æдзух æндыгъд уавæры архайынц отряды уæнгтæ .

Ацы бæрзæнд сыгъдæг кæнынæн отряды кусджытæ пайда кæнынц дыууæ МВ – 4 робототехникон комплексæй, пиротехниктæ æмæ сапертæ та, куыст цы бынæтты цæудзæн, уыцы бынат развæлгъау сахуыр кæныны нысанæн æрвылбондæр пайда кæнынц æнæпилотон авиацион системæтæй.

«Паук»-ы бæрзæнды хæлæн æрмæджытæй сыгъдæггæнæн куыстытæ уагъд цæудзысты майы мæйы кæронмæ, июны райдиантæм. Уый фæстæ та ацы отряд æнгæс куыстытæ кæндзæн Хуссар Ирыстоны территорийыл æндæр бынæтты.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.