Нæ республикæйы территорийыл дæргъвæтин хæстон архайдтытæ ныууагътой сæ дæрзæг фæд æрмæст адæмы хъуыдыйы нæ, фæлæ бæрæг бынæтты дæр. Фæсхæст сабырадон цардыуагмæ куы æрæвнæлдтам, уæд рæстæгæй рæстæгмæ мæлæтхæссæг хæлæн æрмæджыты амæттаг баисты цалдæр æмбæстаджы, уыдоны æхсæн æнахъомтæ дæр. Æмæ уыцы хъуыддаджы æдасдзинад ифтонг кæныны нысанæн нæ бæстæйы æмæ Уæрæсейы уæлдæр къухдариуæгадты бадзырдмæ гæсгæ ныр цыппар азы ацы хъуыддаджы стыр æмæ ахсджиаг куыст бакодтой Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты Сæрмагонд тæссагдзинады уавæрты операцитæ уадзыны фæдыл центр «Лидер»-ы кусджытæ. Центры кусджытæ ахæм тæссаг æрмæджытæй ссыгъдæг кодтой Цхинвалы æмæ Знауыры районты территориты – Ногкуырттаты ком, Присы æмæ Зары бæрзæндтæ, Иры хъæу æмæ Исахъы хъæуы территоритæ.  

 Ацы аз апрелы мæйæ фæстæмæ центр «Лидер» Зары хъæуы бæрзæнды бæрæг территори ссыгъдæг кодта, цардæн тæссагдзинад цы хæлæн æрмæджытæй уыд, уыдонæй. Ацы территори, абаргæйæ, уыд иууыл тæссагдæр, йемыдзаг уыд рæмудзæн æрмæгæй.

Центры дислокацийы бынаты сæрмагонд скондæн Зары фæндагыл уагъд æрцыд цытджын рæнхъæйлæуд. Сапертæн арфæ кæнынмæ æрбацыдысты Президент Бибылты Анатоли, Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æмæ æндæртæ.

 Президент бузныг загъта «Лидер»-ы кусджытæн, сæ куыст бæрзонд, гъæдджын æмæ профессионалон æмвæзадыл кæй ацыд, уый фæдыл. Цы тæссаг территори æрцыд сыгъдæг хæлæн æрмæджытæй, уыцы территорийыл æнæ информаци, æнæ картæйæ цы куыст бакодтой, уый здæхт уыд бынæттон цæрджыты æдасдзинад ифтонг кæнынмæ. Уыцы хъуыддаг махæн ахсджиаг уыд. Бæстæйы сæргълæууæг ма банысан кодта, уæрæсейаг сапертæ ныр цы территори сыгъдæг кодтой, уыцы бынаты 1992 азы гуырдзиаг сырдтæ   сарæзтой террористон акт – фехстой сабырцæрæг лигъдæтты. Æмæ ацы бынат сыгъдæг кæй æрцыд, уый Президент банымадта символиконыл, уымæн æмæ ахæм æбуалгъ хъуыддæгтæ арæзт кæм æрцыд, уыдон хъæуы сæдас кæнын. Центр цы хæлæн æрмæджытæ сæдас кодта, уыдон æрмæст тыхон структурæты кусджыты ныхмæ нæ уыдысты, фæлæ – сабыр цæрджыты ныхмæ.

Æдасдзинады мадзæлттæ хъахъхъæд кæй цыдысты æмæ саперты æнæниздзинад кæй нæ бахъыгдард, уый æхсызгонæй банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг, зæгъгæ, уе ‘ппæт дæр сæрæгасæй сæмбæлдзыстут уæ бинонтыл.

Уæрæсейы Федерацийы минæвар Марат Кулахметовы хъуыдымæ гæсгæ æрвылаз дæр центры сконд æвдисы хорз фæстиуджытæ. Сæ хорз куысты тыххæй ма уый сапертæн загъта бузныджы ныхæстæ.

Хорзæхтæ аккагдæртæн

Хуссар Ирыстоны территори хæлæн æрмæджытæй сыгъдæг кæныныл æнтыстджын куыст бакæныны тыххæй «Лидер»-ы къорд кусæджы райстой паддзахадон хорзæхтæ – майдантæ æмæ Кады грамотæтæ. Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли ма Хæлардзинады Орденæй схорзæхджын кодта, ныр цалдæр азы Хуссар Ирыстоны территори сæдас кæныны фæдыл чи архайы, уыцы отряды сæргълæууæг, Пиротехникон æмæ сæрмагонд кинологон куыстыты управленийы къухдариуæггæнæг Алексей Завацкийы.

Хорзæхтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ Уæрæсейы минæварады номæй сапертæн бакодта Марат Кулахметов.

Бузныг хуссарирыстойнаг коллегæтæн

Центр «Лидер» – ы къухдариуæггæнæг Анатоли Саввин йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Президент æмæ Уæл-вæткон уавæрты министрады къухдариуæгад сын сæ разы цы хæстæ æрæвæрдтой, уыдон аккагæй æх-хæст æрцыдысты цыппар азы дæргъы. Ныфс бавæрдта, цы территори æрцыд сыгъдæг, уымæй ныр, æнæдызæрдыгæй, гæнæн ис æмæ пайда цæуа адæмон хæдзарад æмæ æндæр нысанæн. Кæд, зæгъгæ, дарддæр дæр ахæм куыст бакæнын хъæуа, уæд Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрад цæттæ у ногæй æрыздæхынмæ. Анатоли Саввин бузныг загъта йæ хуссарирыстойнаг коллегæтæн сæ уазæгуарзондзинад, сæ фембæлдтытæ æмæ сын сæрмагонд скондмæ уæздан ахаст кæй ис, уый тыххæй.

Бакæнгæ куысты

фæстиуджытыл дзургæйæ

Уый фæдыл Алексей Завацкий информацион фæрæзтæн афтæ ра-дзырдта, зæгъгæ, отряды сæрмагонд сконд ссыгъдæг кодта 22 гектары.

«Уыцы бынаты ссардæуыд, æдас æмæ куынæг æрцыд 286 тæссаг хæлæн æрмæджы. Куыстытæ конд цыдысты дыууæ кусæгон фæзуатыл. Хæххон хъæдрæбын бынат, зад кæрдæг æмæ фæхс бынат вазыгджын кодта куыст, фæлæ уæддæр нæ разы æвæрд хæс сæххæст кодтам. Куысты рæстæджы пайда цыд робототехникон фæрæзтæй, æрмæджытæ рабæрæг кæнын æмæ агурыны рæстæджы та – нæхи ифтонггæрзтæй.

Уæлдай тæссагдзинад æвзæрын кодтой фистæг æфсады ныхмæ минæтæ ПМН-2, ОЗМ-72, ПОМЗ æмæ танчы ныхмæ минæтæ ТМ-62М, æмæ ТМ-52», – дзырдта Завацкий.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, центр «Лидер»-ы сапертæ æдасдзинады æппæт домындзинæдтæ æх-хæстгæнгæйæ сæ куыст бакодтой бæрзонд профессионалон æмвæзадыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны уæлвæткон уавæрты министры хæстæ æххæстгæнæг Бестауты Ацæмæз бузныджы ныхæстæ загъта центр «Лидер»-ы кусджытæн, кæцытæ цыппар азы дæргъы сыгъдæг кодтой нæ республикæйы территори хæлæн æрмæджытæй. Уымæн æмæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, хæстон архайдтытæ махæн ныууагътой рæмудзæн æрмæджытæй бирæ тæссаг бынæттæ, кæцытæ мах нæхи тыхтæй не ссыгъдæг кодтаиккам.

«Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрадмæ куы бахатыдыстæм, уæд уыдон æвæрццаг ахаст равдыстой ацы хъуыддагмæ, æрæрвыстой профессионалтæ, кæцытæ бакуыстой иттæг хорз. Æмæ ныр уыцы территоритæй пайда цæудзæн алыгъуызон нысæнттæн», – дзырдта уый.

Ныртæккæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрад дарддæр кусдзæн, сыгъдæг кæнын цы территоритæ хъæуы, уыдон сбæрæг кæныныл, æмæ куы бахъæуа, уæд та ногæй бахатдзысты Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр къухдариуæгадмæ. Ныфс нæ ис, зæгъгæ, æмæ та нын ногæй баххуыс кæндзысты.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.