УФ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады иууыл тæссагдæр ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны центр «Лидер»-ы специалисттæ ныр æртыккаг хатт Хуссар Ирыстоны территорийыл æрæвнæлдтой, 1991 – 2008 азты хæстон архайдтыты рæстæгæй чи баззад, уыцы хæлæн æмæ цардæн тæссаг æрмæджытæй сыгъдæг кæнынмæ.

Ацы ахсджиаг куыстытæ уагъд цæуынц Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы президентты бадзырды æмæ дыууæ бæстæйы Уæлвæткон уавæрты министрадты иумиаг куысты планмæ гæсгæ. Хæлæн æрмæджытæй цы территори сыгъдæг хъуамæ æрцæуа, уый бæрæг кæны хуссарирыстойнаг фарс.

Ныртæккæ та центры кусджытæ æрæвнæлдтой Цхинвалы районы Сарабук æмæ Присы хъæутæм хæстæг «Паук»-ы бæрзæнд хæлæн æрмæджытæй сæдас кæнынмæ.

Центр «Лидер»-ы командир Алексей Кудяков куыд загъта, уымæ гæсгæ Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрады бригадæ 30 адæймаджы скондæй æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ бæрæг территори хæлæн æрмæджытæй сыгъдæг кæныны æртыккаг этап ауадзынмæ. Центры кусджытæ нæ республикæмæ æрцыдысты 80 боны æмгъуыдмæ. Планы сын ис 20 гектары территори ссыгъдæг кæнын. Куыстытæ райдайдзысты «Паук»-ы бæрзæндæй. Ацы бынаты сыгъдæг æмæ æдас æрцæудзæн 9 гектары территори. Алексей Кудяков ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ фыццаг рады конд æрцыдысты инженерон куыстытæ.

«Ныртæккæ къорд робототехникон фæрæзтæ æмæ æнæпилотон авиацион ситемæйы руаджы æххæст кæны минæтæй сæдас кæныны куыстытæ. Уыдон æххуыс кæнынц пиротехниктæн сæ куысты», – загъта уый.

РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министр Тадтаты Алан бузныджы ныхæстæ загъта «Лидер»-æн Хуссар Ирыстоны территорийыл йæ куысты тыххæй. Йæ специалисттæ ныр æртæ азы фæд-фæдыл минæтæ æмæ æндæр хæлæн æрмæджытæй æдас кæнынц республикæйы территори. Министры ныхæстæм гæсгæ, цы стыр фæзуаттæ æрцыд сыгъдæг, уым не ‘мбæстæгтæ, сæ цард æмæ æнæниздзинадæн æдасæй, кусынц сæ хъæу-уонхæдзарадон куыстытæ. Ныфс бавæрдта, Хуссар Ирыстоны территори минæтæй æдас кæныны куыстытæ фидæн аз кæй адарддæр уыдзысты.

«Паук»-ы бæрзæнд хæлæн æрмæджытæй сæдас кæныны фæстæ «Лидер» йæ куыст адарддæр кæндзæн Ног Куырттаты хъæууон администрацийы территорийыл. Уымæй дарддæр сыгъдæг æрцæудзæн Зар-Цхинвалы фæндаджы рахиз фарс. Стæй та Зары фæндаг, уым дæр æнæмæнг хъуамæ уагъд æрцæуой ацы куыстытæ», – банысан кодта Тадтаты Алан.

Центр «Лидер»-ы къорды къухдариуæггæнæг Анатоли Саввин дæр бузныг загъта республикæйы къухдариуæгадæн, РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрадæн, семæ æмгуыстад æмæ сæ хъарм ахасты тыххæй. Радзырдта, Хуссар Ирыстоны территорийыл куысты рæстæджы иууыл тæссагдæр хæлæн æрмæджытæ куыд ссардтой, уыдон тыххæй. Уыдон уыдысты фистæг æфсады æмæ  танкæты ныхмæ минæтæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.