4-æм майы, Паддзахадон Националон бангы сæргълæууæг Зассеты Феликс йæхимæ райста Донецкы Адæмон Республикæйы Централон бангы сæргълæууæг Ирина Никитинайы.

Донецкы Адæмон республикæйы минæвæртты æрцыды нысан уыд, дыууæ республикæты бангты ‘хсæн Сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын, кæцымæ гæсгæ дыууæ республикæйы бангтæн фадат уыдзæнис æмгуыст кæнынæн. Цалынмæ бадзырдыл къухтæ не ‘рфыстой, уæдмæ уал Зассеты Феликс æгас цу загъта уазджытæн «Мах нæ хъус лæмбынæг дарæм, Донецкы Адæмон Республикæйы цы цаутæ цæуы, уыдонмæ. Хуссар Ирыстоны адæм уын уæ рис сæ зæрдæмæ æввахс исынц, æмбарынц, цы зындзинæдтыл æмбæлут, уыдон. Рæстдзинад фæуæлахиз уыдзæн æмæ сымах дæр цæрдзыстут сабыр æмæ фæрныгæй. Абон мах цы сразыдзинадыл æрфысдзыстæм нæ къухтæ, уымæй уæрæхдæр кæндзыстæм нæ æмахастытæ бангон-финансон къабазы», –  загъта Национ бангы сæргълæууæг Зассеты Феликс.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ,  Президент Бибылты Анатолийы активон позицийы фæрцы дыууæ республикæйы сæйрагдæр бангтæн сæ бон ссис сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын.

Йæ рады, Донецкаг Адæмон Республикæйы Централон бангы сæргълæууæг банысан кодта, дыууæ бæстæйы бангты æмгуысткæнынадæн стыр нысаниуæг кæй ис. Бузныджы ныхæстæ загъта фембæлды тыххæй æмæ ныфс бавæрдта Хуссар Ирыстонимæ сæ ахастытæ дарддæр дæр кæй рæздзысты.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.