Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министрады Уæлдай тæссагдзинады уавæрты ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны фæдыл центр «Лидер» радон хатт Хуссар Ирыстоны сæдас кодта хæлæн æмæ рæмудзæн æрмæджытæй бæрæг территоритæ.

Центр «Лидер»-ы командир, булкъон Валентин Белоусов нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ 14 апрелæй фæстæмæ УФ-йы президенты бахæсмæ гæсгæ æххæст кæны ацы ахсджиаг хæс. Иумиагæй сисгæйæ, сыгъдæг æрцыд 32,5 гектары дыууæ ран – «Паук»-ы бæрзæнд æмæ Ногкуртайы хъæууон администрацийы аргъуаны алфæмблайы территори.

«Центр «Лидер» ссардта 306 хæлæн æрмæджы. Уыдон лæвæрд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны фарсмæ æмæ æдас æрцыдысты. Уыцы рæстæджы хъахъхъæд цыдысты æдасдзинады фæткойтæ», – загъта командир. Центры отрядæн йæ куысты рæстæг кæронмæ кæй бахæццæ, уымæ гæсгæ ма радзырдта сæ организацион мадзæлттыл. Уыдон 2 июлы афæндараст уыдзысты сæ дислокацийы æдзухон бынатмæ».

Куысты рæстæджы цыфæнды ссаргæ рæмудзæн æрмæг дæр гæнæн ис, æмæ æрхæсса бæрæг тæссагдзинад адæймаджы цардæн. Уый тыххæй уæлдай цæттæгонд цæуынц центры сапертæ æмæ пиротехниктæ, фыццаджыдæр, алы кусæг дæр æдасдзинады домæнтæ æдзух хъуамæ дара йæ хъуыдыйы. Ногкуртайы администрацийы территорийы центры кусджытæ пайда кодтой альпинистон ифтонггæрзтæй. Хатт-иу сæ бахъуыд роботон техникæйæ пайда кæныны сæр дæр. Цалынмæ хæлæн æмæ тæссаг æрмæджытæй сыгъдæг кæнынмæ æрæвналы къорд, уæдмæ бацæуæнтæ, зæххы фадгуытæ роботы руаджы цæуынц бæрæггонд. 35 гектары территори сыгъдæг æрцыд роботы æххуысæй.

Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министр Тадтаты Алан йæ уæрæсейаг коллегæтæн загъта бузныджы ныхæстæ, кæцытæ 80 боны дæргъы куыстой æмæ сыгъдæг кодтой бæрæг территори.

«Сæ цардæн тæссаг уавæрты хæлæн æмæ рæмудзæн æрмæджытæй сыгъдæг æрцыд бæрæг территорийы алы квадратон метр дæр. Абон уыдон цæттæ сты, æрмæст хъæууонхæдзарадон фадыджы пайда кæнынæн нæ, фæлæ цæрджытæн рацу-бацу кæнынæн дæр.

Ацы аз майы мæйы УФ-йы министримæ фембæлды рæстæджы бадзырдæуыд ацы программæ адарддæр кæныныл, уымæн æмæ программæ конд у æртæ азы æмгъуыдмæ», – банысан кодта министр.

Дарддæр радзырдта, ацы центр йæ куыст нæ территорийыл кæм адарддæр кæндзæн, ууыл. Уыцы куыстытæ конд цæудзысты Зары фæндаджы территорийыл.

Ноджыдæр бузныг загъта сапертæн æмæ УФ-йы Уæлвæткон уавæрты дунеон архайды департаментæн, кæцы йæ хъус дары æмæ алыфарсон æххуыс кæны Хуссар Ирыстонæн ифтонггæрзтæй, уæрæсейаг хуыздæр центрты специалисттæ бацæттæ кæнынæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, цыфæнды сæвзæргæ фарст дæр бæстон цæуы оперативон æгъдауæй. Ныфс бавæрдта, фидæн аз дæр территори сыгъдæг кæныны рæстæджы хуссарирыстойнаг фарсы æнгом, æмбаргæ æмархайдæй.

Сæйраг тæссагдзинады уавæрты ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны фæдыл центр «Лидер» йæ куыст кæронмæ иттæг хорз кæй сæххæст кодта республикæйы территорийыл, уый тыххæй сæм арфæ кæнынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. Уый стыр бузныг загъта центры къухдариуæгад æмæ кусджытæн, афтæ бæрнон æмæ цæсгомджын куыст кæй бакодтой, уый тыххæй. Йæ цæст сын бауарзта, цæмæй алы уæлвæткон уавæрæй дæр сæрæгас æмæ æнæнизæй здæхой, бинонты фæрныгад æмæ æнæниздзинады фæндиæгтæ загъта алы кусæгæн дæр.

Уæрæсейаг сапертæн ма арфæйы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов. Уæ куыст, зæгъгæ, у кад æмæ бузныджы аккаг, у пайдайы куыст, кæд цардæн тæссаг вæййы, уæддæр.

Уæлдай тæссагдзинады уавæрты ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны фæдыл центры куыстæн аргъ кæныны нысанæн ма Президенты къухæй Кадджын грамотатæ райстой къорд кусæджы.

Бибылты Анатоли ноджыдæр арфæ ракодта центры кусджытæн æмæ семæ систа зæрдылдарæн къам. Президентæн центры кусджытæ равдыстой тæссаг уавæрты куысты техникæйы куыстхъомдзинад.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы къорд цы бынаты ссыгъдæг кодта тæссаг æрмæджытæй, уым æрæджы хæлæн æрмæг кæй срæмыгъта хæдтулгæйы.

 Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.