Нæ республикæйы территорийыл дæргъвæтин азты хæстон архайдтытæ кæй цыд, уый алыварсон фæд ныууагъта куыд нæхиуыл, афтæ нæ алфæмблайыл дæр. Цæвиттон, бирæ бынæтты нæ сыхæгты «аудындзинадæй» баззад рæмудзæн æрмæджытæ: уыдоныл бамбæлгæйæ, цалдæр æмбæстаджы, уыцы нымæцы – рæзгæ сывæллон дæр, фæмард сты трагикон æгъдауæй. Уыцы æнамонд цаутæ фæлхатт цæмæй мауал æрцæуой, уый тыххæй Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр къухдариуæгад бадзырдтой æмархайды руаджы Хуссар Ирыстоны территори хæлæн æрмæджытæй сæдас кæнын.

Уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл ми-нистр Санахъоты Сергей, ныртæккæ ахæм куыстытæ кæм цæуынц,  уым – Ереды хъæуы информацион фæрæзтæн куыд радзырдта, уымæ гæсгæ республикæйы территори минæтæ æмæ хæлæн æрмæджытæй сыгъдæг кæныны фарст 1999 азæй фæстæмæ, уæлдайдæр – 2008 азы хæстæй фæстæмæ лæууы карзæй.

«Бæстæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонид УФ-йы Президент Владимир Путинимæ фæстаг фембæлды рæстæджы ацы фарстмæ здæхт æрцыд æмбæлон хъусдард. Дыууæ бæстæты Æдасдзинады советты активон æмархайд æмæ УФ æмæ РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрадты æмархайды руаджы уыцы куыст ныридæгæн конд цæуы.

 

6 июны Хуссар Ирыстонмæ æрцыд Сæрмагонд ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны фæдыл центр «Лидер», сæ сæргъ командæкæнынады фыццаг хæдивæг Анатоли Савины сæргълæудæй æмæ УФ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады минæвар, хайады сæргълæууæг Тихон Баздырев», – дзырдта министр.

Æрдзон уавæртæ уæд бынтон фадат нæ лæвæрдтой ацы къордæн кусынæн, фæлæ уæддæр бæрæг куыст конд æрцыд. Ныртæккæ куыст куыд цæуы, сæ разы цы хæстæ æмæ плæнттæ ис, уый фæдыл Тихон Баздырев афтæ радзырдта:

– УФ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады къорд Хуссар Ирыстонмæ æрцыд УФ-йы уæлдæр къухдариуæгады уынаффæмæ гæсгæ. Йæ разы ис ахæм хæс: Хуссар Ирыстоны 40 гектары территори сбæрæг кæнын хæлæн æрмæджытæн дзы ис бынат æви нæ.

Анатоли Савин та куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ абоны онг сбæрæг æмæ ссыгъдæг кодтой 6,1 гектары территори. Куысты рæстæджы бæрæг æмæ æдас æрцыд 4 хæлæн æрмæджы. Знон райсом та бæрæг æрцыд аст хæлæн æрмæджы. Куыст дарддæр кæны  тæссаг æрмæджытæй æдас æрцæудзæн планæй фылдæр территори. Отряды кусджытæ кæнынц иттæг хорз куыст абоны онг.

Анатоли Савин стыр бузныг загъта республикæйы разамынад æмæ Уæлвæткон уавæрты министрадæн. Уыдон æмархайды руаджы проблемон фарстатæ хынцыд не ‘рцыд.

Ацы аз планмæ гæсгæ сыгъдæг хъуамæ æрцæуа Ереды хъæуы территори цардæн тæссаг æрмæджытæй.

Санахъоты Сергей ноджыдæр бузныг загъта Уæрæсейы къухдариуæгад æмæ Уæлвæткон уавæрты министрадæн, уымæн æмæ уыдон куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсынц нæ фарстатæм æмæ бæстон цæуынц æвæрццагæй. сæрмагонд ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны фæдыл центр «Лидер»-ы къорд кусы намысджын æмæ цæсгомджынæй, кæд территори æдзæрæгæй схъæд ис, уæддæр.

Ацы куыстмæ цымыдис кодтой нæ республикæйы цæрджытæ дæр, уымæ гæсгæ æмбарынгæнæн информаци лæвæрд æрцыд министрад æмæ, ацы куыстытæ чи кæны, уыдоны ‘рдыгæй.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.