79 азы сæххæст не стыр æмæ хъомысджын бæстæ Советон Цæдисмæ  фашистон Герман куы æрбабырста, нæ горæттæ æмæ нын хъæутæ пырх кæнын æмæ судзын куы райдыдта, уыцы уæззау боныл. Хæсты тыххæй нæ уацхæссæг ныхас кодта нæ горæты  хистæр кары адæймæгтæй цалдæримæ.

Коцты Настя, 91 аздзыд: – Ацы бон æрбаймысгæйæ, фæнда мæ æви нæ, уæддæр сагъæсты бын фæвæййын. Кæд уыцы хæстæй рацыд 79 азы, уæддæр исты хæстон нывтæ, уæлдайдæр та документалон нывтæ куы фенын, уæд æнæ нырризгæ нæ фæвæййын. Дис кæнын, фашисттæ дæр адæймæгтæ куы сты, уыдон дæр мад æмæ фыдæй куы рацыдысты, сæхицæй дæр би-рæтæ  уæд хъомылгæнджытæ куы уыдысты, уæд сæ  къух ахæм æгъатыр хæстмæ куыд æртасыд?

Багаты Гиви, 82 аздзыд: – Уыйхуызæн стыр тугкалæн хæсты райдиан бон æрымысын æнцон нæу, уæлдайдæр та мæ цахъхъæнæн, фæлæ йæ ферох кæнæм, фашисттæн сæ фыд-ракæндты тыххæй ма бауайдзæф кæнæм, уый бар нын нæй. Цы уæззау фыдракæндтæ сарæзтой, уый фæстиуæгæн дунейы адæмты цард фæстæмæ аппæрстой. Уæддæр иу хорз уый уыд æмæ нæ адæм æмæ паддзахады разамонджытæн Фыдыбæстæмæ уыд стыр уарзондзинад. Хæсты фæстæ, Мæскуыйы Сырх фæзуаты, уæлахизы парад куы цыд, уæд йæ хайадисджытæм кæсгæйæ, сæ уындæй рухс кодта адæймаджы зæрдæ. Æгæрыстæмæй, сæ цæсгæмттыл хæствæллады фæд дæр нал зынд. Хæсты фæстæ Советон Цæдис тагъд слæууыд йæ къахыл. Алы хъуыддаджы дæр йе ‘нтыс-тытæ кодтой фылдæр æмæ хуыздæр. Абон хæсты  фæстиуджытæ чи зыгъуыммæ кæны, уыдон та сты, фашисттæй ма чи баззад, ахæмтæ. Сæ ныхмæ карзæй куы нæ дзурæм, сæ зыгъуыммæ хъуыдыты тыххæй сæ карзæй дзуапп куы нæ домæм, уæд та, гæнæн ис æмæ стыхджын уой æмæ та саразой æндæр фыдбылызтæ.

Карсанты Разиат, 80 аздзыд: – Хæст æмæ мæлæт сты иу. Алы хæсты дæр бабын вæййы бирæ адæм. Хæстæй сæрæгасæй чи æрыздæхы, уыдоныл дæр ныууадзы йæ уæззау фæд цæрæн-бонтæм. Адæймагад ахæм уæззау дугты ‘хсæнты куы нæ рацыдаид, уæд  мæ уырны, абон æнæниздæрæй кæй цæриккам, уый. Хъуыды кæнын чи зоны, цæстытæ æмæ хъустæ кæуыл ис, уыдон цæмæннæ зонынц уый, æмæ адæм хæстон архайдтытæн нæ, фæлæ кæй гуырынц, сæ цард æнусты амондджынæй фæкæнынæн.

                                                                                               ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.