Ирыстонæн йæ хуссар хай бæргæ рагæй цæттæ кодта йæхи ацы ахсджиаг, зæрдылдаринаг бонмæ. Президенты барамындæй сæрмагонд къамис дæр æрцыд арæзт. Дыууæ азæй фылдæры дæргъы фæкуыста уыцы къамис, фæкодта бæстон куыст, фæлæ цы фæндæттæ раразмæчындæуыд, цы мадзæлттæ æрцыд нысангонд, уыдонæн цавæрдæр æнæхайыры, дунеон хъусæйласгæ пандеми сæ хурхыл ныллæууыд. Рæзвæлгъау банысангонд мадзæлттæн сæ фылдæрæн нал уыд банысан кæнæн.

Куыд фæзæгъынц, дæ уат куыд у, дæ къæхтæ афтæ адаргъ кæн – уæддæр, цас гæнæн уыд, уый бæрц мадзæлттæ ауагъдæуыд, хайад сæ райстой республикæйы къухдариуæгад, æхсæнад. Стыр арфæйаг хъуыддаг сарæзта Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты ми-нистрад, æппæт дунейы паддзахадты хицауадтæм ирон адæмы геноцид банымайыны тыххæй сидт кæй арвыста, уымæй. Геноцид нысан кæныны официалон бон – 20 июны республикæйы разамынад, æхсæнады минæвæрттæ ссыдысты Згъудеры уæлмæрды æртындæс коммунары цыртмæ. Ссардтой æрмæст æртындæс коммунары нæ, фæлæ геноциды æппæт амæттæгты рухс нæмттæ дæр. Телеуынынад, дзыллон-информацион фæрæзтæ се ‘ппæт дæр бакодтой æвæджиауы куыст ирон адæмы геноциды сæдæ азы фæдыл. Фæлæ йæ иу æмæ дыууæ хатты нæ загътам æмæ нæ фехъуыстам – дзырд цы геноцидыл цæуы, уый нæу Республикæ Хуссар Ирыстоны геноцид, уый у ирон адæмы ге-ноцид, уымæн æмæ йæ азар ирон адæмы басыгъта.

Сæдæ азы размæ гуырдзы Хуссар Ирыстонмæ æрбабырстой, уымæн æмæ сæ территори хъуыдис. Нымæц æмæ сæ хъаруйæ уый бæрц ныфс куы уыдаид, уæд хохрагъы фаллаг фарсмæ абырсын дæр сæ цæсгом æнæбахъæцгæ нæ фæуыдаид, æндæра… Фæлæ ам цы адæмы ныццагътой, уыдонæн сæ паспорттæ нæ уыдтой, чи кæм цард, уымæй никæй фарстой – адæмы цагътой æмæ сырдтой, æрмæстдæр ирæттæ кæй уыдысты, уый тыххæй. Алидзын ма кæмæн бантыст, уыдон фæндзай минæй фылдæр уыдысты. Уыдонæн сæ нæуæдз проценты кæм æрæнцадысты, уыцы Цæгат Ирыстоныл æппын ницы уæз æрцыд, æнахуыйæн къæбæр хæрын кæнын сын уæддæр нæ хъуыд?.. Салыгæрдæны нæ мæгуыр лигъдæттæн бынæттон абырджытæ гуырдзыйæ къаддæр хъыцъыдæттæ кæй нæ дардтой, уый дæр зонæм, историйæ ницы рох кæны. Фæлæ уыдонæй афтæ зæгъæн нæй, Цæгат Ирыстоны абырджытæ уыдысты… Абырæг абырæг у, нæ дæр ын дзуар ис, нæ дæр – наци. Уыцы стъигъджыты ‘хсæн бирæ уыд Цæгат Кавказы æндæр æмæ æндæр адæмты минæвæрттæй дæр. Ис афтæ зæгъæн, уыцы абырæгон къордтæ æвзаргæ дæр нæ кодтой, кæй мардтой æмæ стыгътой, уыдон чи æмæ цы нацийæ уыдысты, уый.

Дзырд цæуыл цæуы? Ууыл æмæ кæд æссæдзæм азы геноциды арты хай Хуссар Ирыстон бацис, уæд дзы цы адæм фæлыгъд, уыдоны уæз та Цæгат Ирыстоныл æрынцад. Стæй цы уæлдай у, ирæттæ фылдæр кæной æви къаддæр, махæн цы хъауджыдæр у – цæгаты æви хуссары?.. Нæ цинтæ æмæ нын нæ хъыгтæ куыд иумæйаг сты, афтæ нын хъуамæ иумæ дих кæнгæ, иумæ нысан кæнгæ уой нæ иумæйаг зæрдылдарæн бонтæ дæр. Беслæн Цæгат Ирыстоны зæххыл ис, фæлæ Беслæны æрцæугæ æбуалгъы трагеди уал азы иумæ нæ нысан кæнæм, иумæ нæ фæриссæм æмæ фæкæуæм, нæ судзаггаджы мæрдтыл?..

Уæдæ ахæм уæлæнгай æмæ куыдфæндыйы цæстæй цæмæн ракастысты, Хуссар Ирыстонæн æддейæ чи цæры, уыцы ирæттæ нæ адæмы геноцидыл сæдæ азы сæххæсты бон нысан кæнынмæ?.. Ис зæгъæн, бынтондæр æй ницæмæ æрдардæуыд – йæ цæрæнбон бирæ, Битарты Вячеславы раныхас куынæ нымайæм, уæд… Геноциды кой ма кæмæй райхъуыст, уыдонæй нæ чидæртæ та кæд схуыдтой… æфсымæрон адæм!.. Махæн æфсымæрон адæмтæ сты, политикон, материалон æххуыс кæмæй зонæм, хæларæй кæимæ цæрæм, нæ хæдбардзинад нын чи банымадта, уыцы адæмттæ. Мах, ирæттæ, кæрæдзийæн æфсымæрон адæмтæ не стæм, мах иу адæм стæм – гукк!..

Цы фесты нæ бирæнымæц политикон-æхсæнадон баиугæндтæ æмæ организацитæ, æнæнымæц зондамонджытæ æмæ Ирыстоны патриоттæ? Иумæйаг, æппæтирон æхсæнадон организаци дæр нын куы ис – Стыр Ныхас! Кæм ис, цы фæцис не Стыр Ныхас, цæмæннæ йын фехъуыстам йæ хъæлæс, цæмæннæ равдыста йæ позици? Адæмы, национ фарстатæ æмæ проблемæтæ разамынады æмрæнхъ æхсæ-нады куынæ æндавой, æхсæнад  куынæ дзура æмæ рисса нæ иумæйаг риссæгтыл, уæд нацийæн сомбон нæй. Рынчын, дам, сты Стыр Ныхасы разамонджытæй чидæрттæ… Хуыцау алкæй дæр æнæниз уа-дзæд, фæлæ нæй ахæм низ, ахæм стыр æмæ хъомысджын организацийы ахæм ахсджиаг бон йæ позици равдисынæй чи баиргъæва!.. Алчи дæр æй хорз зоны, банысангонд организацийы кæй ис цалдæр сæрдары хæдивæджы, цалдæр комитеты, алыгъуызон структурон дæлхайадтæ… Иу адæймаг дæр фаг уыд, цæмæй организацийы номæй сидт сарæзтаид ирон адæмы геноцидыл сæдæ азы сæххæсты сæраппонд!..

 Æмæ та стæй кæмæдæрты хъыг фæкæсдзæн, афтæ  дзурджытæ та куы разына, кæйдæрты гуырдзыйы фæхъыг кæнын нæ бафæндыд, зæгъгæ, уæд…

Науæд…

Ногир та цы фæцис, Ногир?.. Мах афтæ куы æнхъæлдтам æмæ ирон адæмы геноцид ногирæгтæй тынгдæр никæуыл æндавы, ногирæгты разæй ничи фæуыдзæн нæ адæмы геноцидыл сæдæ азы сæххæсты бон алыгъуызон мадзæлттæ ауадзынмæ… Уымæн æмæ Ногир фæзынд, гуырдзы ирон адæмæн цы геноцид сарæзтой, уый фæстиуæгæн. Хъæуæн бындур, геноцидæй чи фæлыгъд, уыцы хуссайраг лигъдæттæ æрæвæрдтой, уыдон дзы æрцардысты. Ном та йыл нæ номдзыд режиссер æмæ драматург Хуыгаты Георы фыд Доменти сæвæрдта – ног Ир, зæгъгæ. Ныр уыцы стыр, иу дзæбæх горæтыйас хъæуæй иу дзæбæх ныхас нæ рантыст геноциды тыххæй…

Мах та æндæр адæммæ сидæм, æндæр адæмтæй домæм, цæмæй нын нæ геноцид банымайой, политикон аргъ ын скæной…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.