15-æм апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Цхуырбаты Татьянæ, горæт Цхинвалы мидхъуыддæгты управленийы æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы хайады хистæр Гататы Лали æмæ инспекцийы кусджытæй цалдæримæ азылдысты æмæ бабæрæг кодтой сæ хъусдарды бын цы бинонтæ сты, ома, сæм хыгъды чи лæууынц, уыдоны. Сывæллæтты омбудсмен нын куыд загъта, уымæ гæсгæ йæ куысты ахсджиагдæр функцитæй сæ иу у, ахæм бинонты æдзух бæрæг кæнын. Республикæйы æппæт  сывæллæттæ дæр сты сæ цæстдарды бын, фæлæ уæддæр, фылдæрбæрцæй, сæ хъус дарынц, тæссаг социалон уавæрты чи хъомыл кæнынц, уыцы фæкæсинаг сывæллæттæм. Цæмæй куыст эффективондæрæй цæуа æмæ йын хорз фæстиуджытæ уа, уый тыххæй сын стыр æххуыс сты, нæ республикæйы цы ведомствотимæ бафыстой сразыдзинæдтæ, уыдон. Се ‘хсæн сты Ахуырад æмæ зонады министрад, РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрад, Уæлвæткон уавæрты министрад.

Цхуырбаты Татьянæйы ныхæстæм гæсгæ, инспекци кæнын фæахъаз, цæмæй  сбæрæг кодтаиккой сывæллæтты проблемæтæ  æмæ сæ аиуварс кодтаиккой. «Бузныг мæ фæнды зæгъын нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийæн. Уый нын финансон æххуыс бакодта, цæмæйдæриддæр балхæдтаиккам æнæмæнгхъæуæг цардуагон техникæ, нæ хъусдарды бын чи ис, уыцы бинонтæй цалдæрæн. Балхæдтам сын æхсæн машинæтæ, уазалгæнæнтæ. Афтæ ма сын бахастам хæлцадон продукттæ æмæ æнæмæнгхъæуæг гигиенæйы фæрæзтæ. Банысан кæнын ма мæ фæнды уый, æмæ нæ республикæйы фæкæсынхъуаг чи сты, уыцы бинонтæй бирæтæн кæй баххуыс кодтой æмæ сын кæй радтой цæрæн хæдзæрттæ. Иннæтæн дæр скъуыддзаг кæнынц ацы фарст. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ нæ республикæйы къухдариуæгад кæй ауды æмæ æххуыс кæны æххуысагур адæмæн», – загъта Сывæллæтты омбудсмен.

Цхуырбаты Татьянæ нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй ма уыдон  азылдысты æмæ бабæрæг кодтой Цхинвалы районы хъæуты фæкæсынхъуаг бинонты дæр, цæмæй базонгæ уыдаиккой, ныртæккæ уыдон цы уавæрты цæрынц, сывæллæттæм цахæм æркаст ис æмæ сæ бартæ куыд хъахъхъæд цæуынц, ууыдæттимæ. Бинонтыл куы азылдысты, уæд ист æрцыдысты мадзæлттæ, цæмæй фæхуыздæр уой уыцы бинонты сывæллæтты царды уавæртæ. «Ацы районы дæр нæ хъусдарды бын чи ис, уыцы бинонтæн балхæдтам æмæ сын радтам æнæмæнгхъæуæг хæлцадон продукттæ, гигиенæйы фæрæзтæ, хъазæнтæ, афтæ ма сывæллоны сынтæг æмæ манеж. Кæцыдæр бинонтæн та сæ сывæллæтты айсын кодтам сывæллæтты цæхæ-радæттæм», – загъта Цхуырбаты чызг.

Уыдон фæнд кæнынц  республикæйы иннæ районтæм ацæуын дæр, цæмæй  æнгæс куыстытæ бакæной уыцы рæтты, æмæ куы бахъæуа, уæд ист æрцæуой мадзæлттæ, сæ хъусдарды бын чи ис, уыцы бинонты  уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй. Уымæн æмæ куыстуат архайы ууыл, цæмæй  Хуссар Ирыстоны сывæллæттæ хъомыл кæной хорз уавæрты.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.