Ӕрæджы бæстæйы президент Бибылты Анатоли Хицауады уæнгтимæ экстренон рабадты бахæс кодта æмбæлон службæтæн, цæмæй сæ хъус æрдарой æнæмæнгхъæуæг товарты æмæ медицинон препаратты æргътæм. Украинæйы уагъдцæуæг специалон æфсæддон операцийæ бирæ амалиуæггæнджытæ спайда кодтой сæ дзыппытæ айдзаг кæнынæн, æмæ схæцыдысты æппæт товарты æргътыл – æгæрыстæмæй, Уæрæсейы территорийыл кæцыты аразынц æмæ уадзынц, уыдоныл дæр. Куыд æй зонæм, афтæмæй нæ республикæмæ дæр алыгъуызон товартæ ласт цæуынц Уæрæсейæ æмæ не ‘мбæстæгтыл дæр уайтагъд бандæвта спекулянтты архайд.

Уавæр хынцгæйæ, арæзт æрцыд сæрмагонд къорд, кæцыйы сконды сты милицийы экономикон фыдракæндтæ ма æруадзыны, Генералон прокуратурæ, Экономикон рæзт æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрадты кусджытæ. Ацы къордæн бахæсгонд æрцыд, цæмæй регуляронæй уадзой рейдон мадзæлттæ магазинты, афтекты æмæ ма æндæр базарадон объектты, цæмæй æнæмæнгхъæуæг хæлцадон æмæ æнæхæлцадон товарты, афтæ ма медицинон препаратты аргъ æгæр ма фæфылдæр кæной. 2020 азы нæ республикæйы Хицауады ист æрцыд Уынаффæ, кæцыйы фæлгæтты амалиуæггæнджытæн нæй бар, цæмæй хæлцадон æмæ æнæхæлцадон товарты аргъмæ æфтауой 20 процентæй фылдæр сæ таможнæйон аргъы æддейæ. Ацы Уынаффæмæ гæсгæ медицинон препаратты аргъмæ та нæй 10 процентæй фылдæр бафтауыны бар.

Профилактикон рейдон мадзæлтты рæстæджы фæткхалæн цаутæ бæрæг не ‘рцыдис. Милицийы кусджытæ амалиуæггæнджыты зонгæ кодтой Уынаффæимæ æмæ сæ фæдзæхстой, цæмæй ма ахизой закъоны сæрты. Фæткхалæг бæрæг куы æрцæуа, уæд ыл конд æрцæудзæнис административон суагъæ, кæцыйы фæстиуæгæн æй фæивар кæндзысты 5 мин сомы. Кæд æмæ фæткхалæг разына бæрнон адæймаг, ома, индивидуалон амалиуæггæнæг, уæд та йæ ивар схиздзæнис 50 мин соммæ.

Джиоты Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.