31 май æнæхъæн Уæрæсейы нымад цæуы миддхъуыддæгты органты æнахъомты хъуыддæгты фæдыл хайады кусджыты бонæй. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ зынхъомылгæнæн æнахъомтимæ уæхскуæзæй кæй кусынц нæ горæты мидхъуыддæгты хайады Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл хайад дæр йæ сæргълæууæг Гатайты Лалиимæ.

Ацы ахсджиаг æмæ вазыгджын куысты райдиантæ мысгæйæ лæджымсæр сылгоймаг, дзуры, зæгъгæ, фæивтой царды æргъадтæ æмæ дунеæмбарынад. Æмæ уыцы-иу рæстæг бинонты æргъадтæ фæсвæд куы авæрынц, уæд зынхъомылгæнæн æнахъомтæ фæфылдæр вæййынц. Проблемæтæ æцæгæлон нæ вæййынц, афтæ æнамонддзинæдтæ дæр. Нæ зæрдыл хъуамæ дарæм уый, æмæ гæнæн кæй ис, æмæ уыцы проблемæтæ сомбон мах дæр бавзарæм.

Уый нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ абоны онг ацы фадыджы хъуыддæгтæ хорз сты, регистраци не ‘рцыд фыдракæнддзинад æнахъомты æхсæн ивгъуыд азмæ абаргæйæ.

Иннæрдыгæй æнахъомты тыххæй моралон фарс. Уый хуыздæрхъуаг у, ам сæхи æмбæлон уагыл нæ дарынц æнахъомтæ æхсæнадон бынæтты. Хатт фæпайда кæнынц карз нозт æмæ тамакойæ дæр. Ахæм хъуыддаджы зæрдæхсайгæ æнахъомтæн, сæ ныййарджытæй бар ракургæйæ наркологон хайады экспертизæ арæзт æрцæуы.

Фыдракæндты жанр нæ ивы — фылдæр сты давыны цаутæ, фæлæ банысан кæнын хъæуы уый, æмæ фæстаг цалдæр азы ацы цаутæ къаддæр кæнынц. Ныхасгæнæджы хъуыдымæ гæсгæ уый фылдæр баст у, æхсæнады цы ивындзинæдтæ цæуы хорзæрдæм, уыимæ. Æнахъомтимæ бирæ куыст цæуы бинонты æмæ ахуырадон уагдæтты ’рдыгæй, фылдæр архайынц, кæм — спортивон кæм æндæр секциты.

Æвæрæз бинонтæм ис хорз хъусдард

Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ Æнахъомты хъуыддæгтимæ инспекцийы хыгъды уæвæг æвæрæз бинонтæ æдзух сты хъусдарды бын. Ацы аз нырма иу бинонтæ дæр хыгъды æвæрд не ‘рцыдысты. Иу бинонты тыххæй документтæ горæты администрацийы Æнахъомты хъуыддæгты тыххæй къамисмæ æрвыст æрцыдысты. Къамис кæд бинонты уавæр мæгуырауыл банымайа, уæд уыдон уынаффæмæ гæсгæ хыгъды æвæрд æрцæудзысты.

Иумиагæй сисгæйæ ныртæккæ хыгъды уыд 18 ахæм бинонтæ. Уыдонæй ацы аз дыууæ ист æрцыдысты. Цæмæн цæуынц ахæмтыл нымад? — уымæн æмæ ахæм бинонты æхсæн ныййарджытæ æрмæст сæ сывæллæтты хъомыл кæнынæй нæ иуварс кæнынц сæхи, фæлæ ма хæст сты æнæуаг хъуыддæгтыл, сæ æнахъом сывæллæттæм ахасты аразынц алыгъуызон бархалæн цаутæ.

Инспекцимæ кæд ахæм бинонты тыххæй фехъусын чындæуы, уæд сбæрæг кæнынц, информаци цас раст у, уый. Кæд бинонтæн сæ уавæртæ мæгуырау разынынц, уæд уыдонимæ цæуы профилактикон куыст. Уавæр рараст кæнынæн лæвæрд цæуы бæрæг рæстæг, иууыл фылдæр мæйы æмгъуыд. Уыцы рæстæгмæ кæд ницы фæивы хуыздæрæрдæм, уæд бинонты тыххæй хъæуæг æрмæг лæвæрд æрцæуы администрацийы къамисмæ.

Инспекцийы кусджытæ æрвылбон дæр практикон æгъдауæй цæуынц ахæм бинонтæм, цæмæй сæ разæнгард кæной æмæ хуыздæрæрдæм ивой сæ уавæртæ. Фæлæ адæймаг æппынæдзух карз нозтæй куы пайда кæна, уæд уым профилактикон куыст дæр æдых у, уæлдайдæр та сылгоймаг йæхи нозтмæ куы æппара, уæд. Ахæм бинонтæ инспекцийы хъусдарды бын сты, цалынмæ сывæллæттæ бахъомыл уой, уæдмæ.

Æнахъомтæм — фылдæр хъусдард

Абаргæйæ махмæ ис тынг хорз æмæ раппæлинаг сывæллæттæ. Фæлæ уый хыгъд, уæддæр æмæ уæддæр фылдæр хъусдард здахын хъæуы æнахъомты хæрзæгъдау хъомыладмæ — сæ ныхасы гъæдмæ, сæхи куыд дарынц æмæ афтæ дарддæр. Уымæн æмæ арæх мах свæййæм æвдисæнтæ, рæзгæ фæлтæр æнæуаг дзыхæй куы фæдзурынц, тамако æмæ нуæзтæй куы фæпайда кæнынц. Ацы фактты ныхмæ æрмæст инспектортæ ма хъуамæ тох кæной, фæлæ æмткæй æхсæнад дæр. Адæм хъуамæ æвдисой сæ активон æмбæстагон позици.

Ацы хъуыддагыл бандавын æмæ йæ цасдæрбæрцæй аиуварс кæнынæн хъæуы профилактикон куыст суанг фыццæгæм къласæй. Æппынæдзух сын хъæуы æмбарын кæнын æвзæр æмæ хорз, сæ уагахаст, сæ кæрæдзиимæ куыд ныхас кæной, æппæт уыдæттæ. Уымæн æмæ сывæллон хæдзарæн æддейæ йæхи бынтон æндæргъуызон дары, æндæргъуызон у скъолайы дæр.

«Бирæтæ æнæуаг ахаст бабæттынц сывæллоны фæлдзауæн каримæ. Фæлæ уыимæ æз æппындæр разы нæ дæн. Сывæллоны гоймаджы бындур рæзы бинонты æхсæн. Æрмæстдæр ныййарджытæ хъуамæ здахой лæмбынæг хъусдард йæ фæдоны хъомылады ахсджиаг хъуыддагмæ. Уымæн æмæ мах бирæ хатт æвдисæн вæййæм уымæн æмæ сывæллон вæййы бынтон æнæхъусдард, ома йæхæдæг у сывæллон дæр æмæ ныййарæг дæр. Рох кæнын нæ хъæуы уый, æмæ фыццаджы фыццаг сывæллон хъомыл кæныны хъуыддаг ахсджиаг кæй у. Иннæрдыгæй та æмбæлон органты ’рдыгæй æдзух беседæтæ уадзын, уымæн æмæ рæстæгæй рæстæгмæ ахæм мадзæлттæн фæстиуджытæ нæ вæййы.

Профилактикон куыст сæйраг у нæ куысты, æмæ ацы про-цессмæ здæхт цæуы егъау хъусдард», — дзырдта ныхасгæнæг.

Æнафоны сывæллон хъуамæ уа бинонты æхсæн

Æнахъом сывæллон æнафоны уынджы куы уа, уæд иу барвæткхъахъхъæнæг дæр йæ иувæрсты нæ ахиздзæн. Йæ ныййарджыты йын бафæдзæхсынц, фæлæ сæ ныхмæ бæрæг административон бæрндзинад райсыны фадат нæй, уымæн æмæ сыл закъонон æгъдауæй нæй бандавæн.

Æнæмæнг хъæуы сывæллæтты хатæн байгом кæнын, цыран уаиккой мæгуырау бинонты æнахъом сабитæ. Ацы хъуыддагыл рагæй цæуы дзырд, суанг скъола-интернаты базæйыл дыууæ хатæн рахицæн кæныны онг.

Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл хайад æнгом куыст кæны Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджынимæ. Йæ сæргълæууæг Цхуырбаты Татьянæ йæ хъуыддаджы кæны зондджын куыст, у компетентон, хорз зонгæ у сæвзæргæ уавæримæ, инспекцийы хайад сæ фарсмæ лæууы æмæ сын фадатмæ гæсгæ æххуыс кæны. Сæвзæргæ вазыгджын уавæрæй рахизыны амæлттæ иумæ арынц æмæ æххуыс кæнынц æххуысхъуаг бинонтæн.

Гатайты Лали куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сæ æмгуыстады сæйраг бынат ис хæрзаудæн архайдæн. Ацы архайды хайадисджытæ сты хицæн адæймæгтæ, кæцытæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсынц æххуысхъуаг бинонты уавæрмæ. Хæларзæрдæ æмæ гуманондзинад æвдисгæйæ, уыдон ном æдзух аззайы иуварс.

«Фæлæ уæддæр уыдонæй сæ иу — Гуыбеты Зæринæйы æххуысæй 150 фæлыст кроссовкæтæ радтам цыбыркъух бинонтæн. Афтæ æндæр амалиууæгæнджытæ дæр, кæцытæ сæхи не стауынц, фæлæ нæ фарсмæ æрбалæууынц хъуыддагæй».

Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы хæрзиуæгон куыст дарддæр уагъд цæудзæн. Уыцы хъуыддагмæ æрбаиу сты Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ дæр. Æмæ уый хорз хъуыддаг у.

Гатайты Лалийы ныхæстæм гæсгæ уый алы кусæджы зонды дæр арф нывæрдта, закъоны фæлгæттæй хизын кæй нæ хъæуы, уый. Кварталы иу хатт, науæд куы бахъæуы, уæд — æрвыл мæй дæр уагъд цæуынц рейдон мадзæлттæ фадыгон инспектортæ æмæ патрулон-постон службæгæнджытимæ иумæ, фæсивæд кæм тымбыл кæнынц, уыцы бынæтты. Æрмæстдæр иумиагæй фæлæудзыстæм ныртæккæйы негативон фæзындтыты ныхмæ.

Гатайты Лали ацы фадыджы кусы дæргъвæтин рæстæг. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ раст фæндагæй цы æнахъомтæ фæцудынц, уыдон рараст кæнын бæрнон æмæ вазыгджын куыст у. Фæлæ Лалийы ныхæстæм гæсгæ уый нæ фæллайы йæ куыстæй.

«Стыр æхсызгондзинад райсын, бæрæг проблемæйæн хорз фæстиуæг куы вæййы, уымæй.

Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспектор хъуамæ ауда сывæллæттыл, бæрнон ахаст сæм дара, науæд ын бынат нæй уыцы хайады», — банысан кодта хайады сæргълæууæг.

Гатайты Лали йе ’взонгад снывонд кодта йæ уарзон куыстæн 29 азы дæргъы йæ уарзон Фыдыбæстæйæн аккаг фидæн хъомыл кæныны ахсджиаг хъуыддаджы. Абон дæр, ныр сæхæдæг хъомылгæнджытæ чи сты, ахæм бирæ æвзонг лæппутæ Лалийыл уынджы амбæлгæйæ бузныг фæзæгъынц, зæгъгæ, дæ фæрцы æнæуаг фæндагæй фæиппæрд дæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.