Не ‘мбæстæгтæй бирæтæ, æнæрхъæцæй фенхъæлмæ кæсынц Габайты Владимиры алæвæрд «Флорæ æмæ Фаунæмæ». Уыдонæй иуæй-иутæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæм алæвæрдмæ уæлдай цымыдис æвзæры, автор æрдзы сусæгдзинæдты тыххæй  ног зонæнтæ кæй райхалы, уый тыххæй. Нæ газеткæсджытæй сæ иу, Габайы фырты алæвæрдæн табугæнæг Битеты Полинæ нæ редакцимæ æрбарвыста фыстæг, цыран фыссы телеалæвæрды æмæ иуæй-иу зайæгойты тыххæй. 

Æрæджы Владимир йæ телеалæвæрды ракодта хъæддаг зайæгойты кой, кæцытæй ирон адæм пайда кодтой хæлцады, фæлæ, хъыгагæн, ныр ферох сты, æгæрыстæмæй ма сын сæ хуызтæ æмæ сæ нæмттæ дæр стæмтæ хъуыды кæнынц. Уыдонæй бирæты тыххæй фыстæджы автор радзырдта, йæхæдæг сæ куыд пайда кодта, цы уавæрты сæ хъæуы æмбырд кæнын æмæ пайда кæнын.

«Мæ сабибонтæ, ме ‘взонджы кар арвыстон Дзауы районы Цъоны хъæуы. Зындгонд мын сты, уæ-ды рæстæджы бирæ хъæддаг зайæгойтæй куыд пайда кодтой, æппæт уыдæттæ. Ныр сæ кой дæр ничиуал фæкæны, фæлæ сыл æрæджы Габайы фырт æрдзырдта йæ радон алæвæрды. Æхсызгон мын уыд  æмæ ма мæ фæнды уыдонæй иу цалдæры тыххæй  æрдзурын» – фыссы Полинæ æмæ нæ зонгæ кæны иуæй-иу зайæгойтимæ:

Калакъода: фæзыны рагуалдзæджы, йæ сыфтæ сты хуырхæджы (шавель) æнгæс. Ног тындæй хæрынæн нæ бæззы, у судзаг. Тонын æй фæхъæуы, 20-25 см бæрц куы сзына зæххæй, уæд. Хъуыды кæнын, йæ тонын афон-иу куы уыд, уæд-иу нæ хъæубæсты сылгоймæгтæ къордгæйттæй цыдысты калакъода тонынмæ. Æрхастой-иу тынг бирæ, голджыты-иу сæ ныннадтой, афтæмæй. Равзæрстой-иу сæ, ныссыгъдæг-иу сæ кодтой, стæй-иу сæ дзыккубыд скодтой, аууон ран-иу сæ æрцауыгътой хус кæнынмæ.  Калакъодайы иу халбыд хъуамæ уыдаид, сылгоймаг йæ сæрæй йæ къæх-тæм йæхиуыл фондз хатты кæй рабарстаид, уый æмдæргъæн хал. Куы -иу схус сты, уæд -иу сæ сарæзтой калакъодадзæхтон кæнæ сурфых.

Скъуда. У черемшайы æнгæс, адæй дæр æмæ хуызæй дæр. Уый дæр фæзыны рагуалдзæджы. У судзаг хал. Нæ йæ хъæуы хус кæнын, ногтындæй, дзæбæх æй ныссыгъдæг кæныны фæстæ æвæрдтой цæхджынтæ, кодтой-иу дзы скъудаджынтæ.

Цъæх цæхæра. (Фæнды мæ банысан кæнын, Габайы фырт йæ алæвæрды кæй домдта, цæмæй ацы зайæгойы тыххæй бæлвырддæр зонæнтæ кæмæ ис, уыдон сæ радзурой). Уалдзæджы хæрынæн бæзгæ халсæрттæй фыццаг чи фæзыны, уыдонæй сæ иу у цъæх цæхæра дæр. Фæзыны, куыддæр мит тайын райдайы æмæ уæлдæф фæхъарм вæййы, афтæ. Йæ сыф у æвзаджы хуызæн дæргъæццон, йæ дидинæг – æрвгъуыз. Ацы зайæгойæ дæр раздæр пайда кодтой хæлцады. Æртонын æй хъæуы, цалынмæ йæ дидинæг нæ азгъæлы, уæдмæ. Нæ йæ хъæуы хус кæнын. Скодтой-иу дзы цæхæраджынтæ, уыдонæн сæ ад тынг хицæн кодта хуымæтæджы цæхæраджынты адæй.

Цъæх цæхæра дæр, куыд æндæр хъæддаг зайæгойты, афтæ хъæуы бæлвырдæй зонын. Ис ма æндæр, уый æнгæс кæрдæг дæр, уый хæрынæн нæ  бæззы. Йæ дидинæг вæййы урс æмæ уымæй хицæн кæны цъæх цæхæрайæ.

Адонæй дарддæр тынг бирæ зайæгойтæ зайы мæ райгуырæн хъæу Цъоны, кæцытæн бирæтæ сæ ном дæр никуы фехъуыстой, фæлæ адæймаджы организмæн сты пайда, зæгъæм хуычъыйы-сæр, арзачъела, саджы къах, гæнгæлы, цъоза, кæрæджы сæр æмæ бирæ æндæртæ. Адон се ‘ппæт дæр сты æрдзы ратгæ æмæ сæ мах хъуамæ зонын кæнæм нæ фæстагæттæн, æмæ сæ пайда  кæнæм», – зæгъы Полинæ.

Æмбисонд афтæ зæгъы: хорзæн бын ма скæн, æвзæрæн – бын ма ныууадз. Уæддæр æй фесафдзæн, зæгъгæ. Махæн, ирон адæмæн, æрдз схæлар кодта бирæ пайдайы зайæгойтæ, фæлæ сæ мах ныртæккæ нал зонæм пайда кæнын. Уый хыгъд, зынаргъæй æлхæнæм алыгъуызон цардцыбыргæнæг химикаттæ æмæ уыдонæй æнæвгъауæй хъæстæ кæнæм нæ организм, æфтынц ныл алыгъуызон мæлæтхæссæг низтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.