2020 азы 1-ӕм июны Уӕрӕсейы сӕ тыхы бацӕудзысты ног закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. Уыдонӕн сӕ иу хай баст у коронавирусимӕ. Ныййарджытӕ райдайдзысты 10 мин сомы сывӕллӕтты пособитӕ исын. Уыцы иурӕстӕгон бафысты тыххӕй гӕнӕн ис куырдиат бадӕттын Паддзахадон лӕггӕдты порталмӕ 2020 азы 1-ӕм октябры онг. 10 мин сомы райсдзысты бинонтӕ алы сывӕллоны тыххӕй дӕр, кӕцытыл 11 майӕ 30 июнмӕ цыд 3 азӕй 16 азы онг. Афтӕ ма, ӕртӕ азы онг кӕуыл цӕуы, уыцы сывӕллӕттӕн ӕмбӕлы уӕлӕмхас пособи 5 мин сомы апрелӕй июны онг. Афтӕ ма, 3 азӕй 7 азы онг кӕуыл цӕуы, ахӕм сывӕллӕттӕ цы ӕххуысхъуаг бинонтӕн ис, уыдонӕн 1 июнӕй райдайдзысты бафыстытӕ дӕттын. Бинонтӕн, цыран иу адӕймаджы ӕфтиаг у фӕцӕрыны минимумӕй ныллӕгдӕр, сӕ бон суыдзӕн фӕцӕрыны минимумӕй (6750 сомы) 50 проценты бафыстытӕ райсын алы мӕйӕн дӕр азы райдианӕй. Афтӕмӕй, куырдиат июны бадӕтгӕйӕ, гӕнӕн ис райсӕн иухаттон бафыстытӕ 33 мин сомы онг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.