Иу ахсджиаг историон цау ауагътам ӕнӕ банысан кӕнгӕйӕ – тъӕнджы мӕйы ӕнудӕсӕм бон дӕс ӕмӕ ссӕдз азы сӕххӕст Хуссар Ирыстоны фыццаг ӕппӕтадӕмон референдум ауадзыныл – ома, нӕ царды,  нӕ ног историйы йын цахӕм нысаниуӕг ис, ахӕм нысаниуӕг ын нӕ радтам, уӕрӕх ӕмӕ йӕ парахатӕй нӕ банысан кодтам. Æниу бирӕты фӕндгӕ дӕр афтӕ кодтаид, кӕмӕндӕрты нӕ вӕййы ӕхсызгон йӕ кой скӕнын, уымӕн ӕмӕ цӕстысындз у сӕ политикон цӕстӕнгасӕн.

Уыдон сты, Хуссар Ирыстон йӕ цӕгат хаимӕ баиу уа, уый стыр «политикон катастрофӕйыл» чи нымайы, ахӕмтӕ – мах, дам, никӕимӕ ницы иу кӕнинаг ис, мах, дам, хӕдбар паддзахад хъуамӕ скъобор кӕнӕм. Æмӕ сӕ бӕргӕ бафӕнды, сӕ позици бафидар кӕныны тыххӕй 1992 азы уагъдӕрцӕуӕг референдумы кой скӕнын, ома, ахӕм у адӕмы фӕндон дӕр, уымӕн ӕмӕ, дам, 1992 азы Хуссар Ирыстоны цӕрӕг адӕмӕн сӕ 99% схъӕлӕс кодтой хӕдбардзинады тыххӕй, фӕлӕ уӕд ӕнӕзӕгъгӕ нал вӕййы уымӕн дӕр, уыцы референдумы фарст афтӕ ӕвӕрд кӕй нӕ уыд. Адӕм схъӕлӕс кодтой уый тыххӕй, цӕмӕй Хуссар Ирыстон хӕдбар суа Гуырдзыстонӕй, уый фӕстӕ Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕугӕйӕ. Стӕй, сӕ риутӕ хойгӕйӕ ӕппынӕдзух афтӕ чи хъӕр кӕны, нӕ лӕппуты хуыздӕртӕ сӕ туг хӕдбардзинады тыххӕй ныккалдтой, зӕгъгӕ, уыдонӕн дӕр афон у, цӕмӕй нӕ лӕппуты хуыздӕрты тугӕй мауал базар кӕной – нӕ лӕппутӕ сӕ туг ныккалдтой ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй, цӕмӕй Ирыстон хӕдбар уа Гуырдзыстонӕй, Уӕрӕсейӕ хӕдбар уа, уый тыххӕй иу ныхас дӕр никуы ничи скодта!

Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр уый уыд, ферохгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр историон цау. Уымӕн ӕмӕ 30 азы размӕ Ирыстоны хуссар хайы цӕрӕг адӕм сарӕзтой сӕ паддзахиуӕгад аразыны хъуыддаджы хъысмӕтӕвзарӕн политикон къахдзӕф – кӕд бирӕ ныхдуртӕ ӕвӕрд ӕрцыд сӕ разы уыцы политикон фӕндаджы райдайӕны, уӕлдайдӕр ӕфсымӕрон Цӕгат Ирыстоны къухдариуӕгады рдыгӕй, уӕддӕр нӕ фӕтарстысты, нӕ фӕцудыдтой сӕ равзӕрст фӕндагыл ӕмӕ дунейӕн фенын кодтой, мах дӕр адӕм кӕй стӕм, цӕрыны баримӕ кӕй райгуырдыстӕм, уый.Референдум ауадзынӕн лӕвӕрд ӕрцыд, куыд Хуссар Ирыстоны цӕрӕг адӕмы уӕлахизы бӕрӕгбон, ахӕм нысаниуӕг. Æппӕт юридикон ӕмӕ барадон нормӕтӕ дӕр бахынцгӕйӕ, бирӕнымӕц ӕхсӕндунеон хъусдарджытӕн  по-литикон уӕздандзинад равдисгӕйӕ нӕ адӕм фенын кодтой, махӕн дӕр кӕй ис бар, цӕмӕй цӕрӕм нӕхи уаг ӕмӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ, нӕ сӕрибардзинад нымайгӕйӕ ӕмӕ нӕ ӕдасдзинад хъахъхъӕнгӕйӕ, хуыздӕр фидӕнмӕ тырнгӕйӕ.

Уыцы рацӕугӕ политикон фӕндагыл нӕ хӕдбардзинад банымайыны онг кӕй фӕцыдыстӕм, уымӕн йӕ сӕйраг ӕнтыстдзинад уыдис уый мидӕг ӕмӕ 1992 азы референдум уагъд кӕй ӕрцыд уникалон легитимондзинады ӕууӕлты бындурыл. Йӕ ауадзынмӕ нӕ адӕмы ӕркодта, ӕнӕхъӕн Советон Цӕдисы сӕвзӕргӕ ӕндыгъд уавӕр. Тыхджынтӕ ӕдыхдӕрты аныхъуырынмӕ куы ӕрхъавыдысты ӕмӕ сын центрӕй сӕ ныхбакъуырӕг куы нал уыд, уӕд алчи дӕр сагъӕс кӕнын райдыдта йӕ хъысмӕтыл ӕмӕ уӕд ирон адӕм дӕр бамбӕрстой, ныфсмӕ, ӕххуысмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕнӕхъуаджы кӕй у, нӕхӕдӕг кӕй стӕм ӕрмӕстдӕр нӕ хъысмӕты хицау дӕр ӕмӕ нӕ сомбон  аразӕг дӕр. Æмӕ, табу Хуыцауӕн, рӕстӕгыл ссардтам ахӕм сӕрфат, нӕ байрӕджы кодтам, дуджы цӕвӕнтӕ нӕ бынтон ӕдзӕттӕйӕ нӕ ӕрыййӕфтой. Стӕй нӕ цыма не знӕгтӕ сӕхӕдӕг дӕр сразӕн-гард кодтой уыцы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг къахдзӕфтӕ акӕнынмӕ… Уымӕн ӕмӕ Гуырдзыстоны Уӕл-дӕр Совет алыгъуызон юридикон амӕлттӕй дӕр спайда кӕнгӕйӕ фӕивта ССР Цӕдисы сконды йӕ уӕвынады формат, аивта, цыдӕриддӕр Гуырдзыстоны ССР 1921 азӕй фӕстӕмӕ закъӕттӕ ӕмӕ закъондӕдтынады акттӕ райста, уыдон иууылдӕр, уыцы нымӕцы, Хуссар Ирыстон Гуырдзыстоны скондмӕ цы иунӕг документмӕ гӕсгӕ хауд, уый дӕр. Уый та уыд 1922 азы 22 апрелы фыстӕрцӕуӕг «ГССР сконды Хуссар Ирыстоны Автономон област саразыны фӕ-дыл декрет». Æмӕ уыцы Декрет аивын та нысан кодта,  Гуырдзыстонӕн Хуссар Ирыстоны территорийыл бынтондӕр кӕй ницыуал юри-дикон бартӕ уыд. Иу дзырдӕй, куы нӕ нӕ фӕндыдаид афтӕ бакӕнын, уӕддӕр нын Гуырдзыстон йӕхӕдӕг нал радта ӕвзарыны, хъуыды кӕнын фадат.

Уӕлдайдӕр та, Гуырдзыстон барвӕндонӕй йӕхицӕй ӕддӕмӕ кӕуыл ахӕцыд, уыцы раздӕры автономиимӕ цивилизацион ӕмӕ барадон ӕгъдауӕй сыхагдзинады ахастытӕ райтынг кӕныны бӕсты расидт ӕнӕмсӕр, бирӕ азты чи ахаста, ахӕм тугкалӕн хӕст.

Цӕмӕдӕр гӕсгӕ мах нӕ паддзахадон хӕдбардзинад расидыны боныл нымайӕм 20 сентябрь, нысан дӕр ӕй уӕд фӕкӕнӕм. Фӕлӕ раст сты, ацы бӕрӕгоны нысаниуӕг дзырддаг ӕмӕ дызӕрдыгкаг чи кӕны, уыдон. 20 сентябры Хуссар Ирыстоны областон советы депутаттӕ хӕдбардзинад нӕ расидтысты, фӕлӕ – Советон Демократон Республикӕ. ССР Цӕдисы сконды. Уымӕн хӕдбардзинад расидыны бон схонӕн нӕй. Гуырдзыстоны рдыгӕй тыхджынӕй-тыхджындӕргӕнӕг геноцид уынгӕйӕ Хуссар Ирыстоны Адӕмон депутатты совет, уыцы рӕстӕджы иунӕг легитимон орган – 1991 азы 21 декабры райста Хуссар Ирыстоны Хӕдбардзинады деклараци. Уый уыд Советон Цӕдис йӕ уӕвынадӕй куы ӕрлӕууыд, уымӕн йӕ дыккаг бон. Æмӕ уыцы къах-дзӕфы рӕстдзинадӕн йӕ фӕстиуӕг уыд, 1992 азы 19 январы ӕндыгъд блокадӕ ӕмӕ хӕстон агрессийы тӕккӕ тӕмӕны уагъдӕрцӕуӕг референдум.

Растӕндӕр уыцы референдумы фӕстиуджытӕ бафидар кодтой Республикӕ Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад ӕмӕ адӕм сӕ разы кӕй сӕвӕрдтой, уыцы  политикон нысӕнтты рӕстдзинад ӕмӕ нӕ адӕмы ӕнӕфӕцудгӕ иудзинады бӕрзонд ӕмвӕзад. Æмӕ иу-гӕр хӕдбардзинад расидӕн боныл дзурӕм, уӕд хъуамӕ банысан кӕнӕм уый дӕр ӕмӕ растӕндӕр уы-цы референдумы фӕстиуджытӕ бафидар кӕныны тыххӕй кӕй расидт Республикӕ Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр Совет Республикӕ Хуссар Ирыстоны Хӕдбардзинад расидыны акт. Уый уыд 1992 азы 29 майы. Уыцы бонтӕ махӕн иууылдӕр ах-сджиаг ӕмӕ зӕрдылдаринаг сты, фӕлӕ сӕ алкӕмӕн дӕр ис йӕхи бынат нӕ политикон размӕцыды хъуыддаджы ӕмӕ сӕ нысан кӕ-нын дӕр афтӕ ӕмбӕлы, сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ, фӕдфӕдылонӕй.

Фӕлӕ уӕддӕр сӕйраг хъуамӕ уа адӕмы фӕндон. Куыд знон, афтӕ абон дӕр. Æмӕ, хъыгагӕн, уыцы фӕндон абон иугъуызон нал у. Кӕд нӕуӕдзӕм азты райдианы нӕ адӕмы 99% Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуыны фарс уыдысты, уӕд абон афтӕ нал у. Кӕйдӕрты ӕгӕр стыр ныфс бацыд, Уӕрӕсе нӕ фарс кӕй рахӕцыд, нӕ хӕдбардзинад нын кӕй банымадта, уымӕй ӕмӕ сӕ къух систой йе скондмӕ бацӕуыны бӕллицыл. Фӕлӕ царды цалх тулы, мах ӕй нӕ зонӕм, сом куыд фӕивдзӕн нӕ алфӕмблай дунейы геополитикӕ, Уӕрӕсейы хъысмӕт кӕй къухы уыдзӕн, нӕ хӕдбардзинад ма нын чи банымадта, уыцы бӕстӕты дӕр – афтӕ. Хӕдбардзинадӕй хуыздӕр ницы ис, фӕлӕ хаттӕй-хатт хъӕуы фӕйнӕрдӕм акӕсын ӕмӕ айхъусын дӕр – Къостайы загъдау, фӕндон хорз кӕм и… Мах куыдфӕнды ма фӕнда, мах цӕмӕфӕнды ма бӕллӕм, уӕддӕр цардӕн йӕхи реалондзинад ис… Абон Ирыстоны дыууӕ хайы баиу кӕныны ныхмӕ чи у, уыдонӕн сӕ фылдӕр хай Хуссар Ирыстоны нӕ цӕрынц, ӕндӕр рӕтты аразынц сӕ цард, сомбоны фӕндтӕ ӕндӕр рӕтты нывӕндынц, афтӕмӕй искӕй хардз ӕмӕ цардӕй домынц хӕдбардзинад…

Кӕнӕ: Уӕрӕсейы къухдариуӕгады, дам, нӕ фӕнды… Æмӕ йӕ куы фӕндыд, уӕд та?.. 2014 азы, Республикӕ Хърым фӕстӕмӕ Уӕрӕсейы скондмӕ куы бацыд, ӕнӕфӕцудгӕ прецедент нын куы фӕ-зынд, уыцы рӕстӕджы Путины бафарстой, зӕгъгӕ, гӕнӕн ис ӕмӕ Хуссар Ирыстон дӕр бацӕуа Уӕрӕсейы скондмӕ, уӕд Путин радта цӕхгӕр дзуапп, цы зӕгъа, ууыл хъуыды дӕр нӕ акодта, афтӕмӕй загъта:

«Хуссар Ирыстоны адӕм куыд зӕгъой, афтӕ уыдзӕн!».

Уыцы рӕстӕджы Путины куынӕ фӕндыдаид, цӕмӕй Хуссар Ирыстон Уӕрӕсейы  скондмӕ бацӕуа, цӕттӕ куынӕ уыдаид ахӕм къахдзӕф саразынмӕ, уӕд ахӕм дзуапп дӕр нӕ радтаид…

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.