20-æм азты геноцид, нæ адæмæй чи бавзæрста, канд уыдоны нæ, фæлæ сæ фæстагæтты царды дæр ныууагъта арф фæд. Уыцы трагикон цаутæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры артист Цоциты Коля кæд йæхæдæг нæ бавзæрста, йæ фыд Къæдзæх – Гуырдзыстоны ССР-ы сгуыхт артистæй æмæ йæ фыдыхо Жанеттæйæ хъуыста, уæддæр стыр нуæсау баззадысты йæ зæрдæйыл. Уымæн æмæ уыцы трагикон цауты хайадисджытæ уыдысты йæ фыды фыд Къола æмæ уый фыд Мугга дæр. Фæстæдæр, а-рухс дунемæ куы фæзынд, æмæ йыл йæ фыд Къæдзæх йæ хъæбатыр фыды ном кæй сæвæрдта, уымæй абон буц æмæ сæрыстыр у Коля. Æмæ йын йæ царды таурæгъ дзургæйæ дæр йæ цæстытæ цинæрттывд уымæн кодтой.

Ирыстоны иууыл стырдæр кæмттæй сæ иу – Ортъеугомы райгуырд æмæ хъомыл кодта мæ уарзон дада Къола. Дурвæткъуы, мугæ, æндæр æндæр алыгъуызон къутæртæй бæлæстæ уæлдай рæсугъд кодтой ацы комы æрдзы равæрд. Ахæм æрдзы хъæбысы цыдис уæлыгæс Къола. Хызта йæхи нæ, фæлæ сæ хъæуы хъæзныджыты фос. Æрынцой нæ зыдта, фыргуыстæй рафтыд йæ фыд Мугга дæр, фæлæ уæддæр бинонтæ цæрдхъом нæ уыдысты.

Йе 16 азы йæхирдыгæй фесты Къолайæн. Уæд уыдис фыццаг революцийы рæстæг. Уæрæсейы алы къуымты базмæлыдысты адæм. Алы ныхас хъуыст сæ хъæумæ дæр. Цыдæр ног дуг, дам, хъуамæ æрцæуа, паддзах æмæ, дам, цагъайраг нал уыдзæнис. Æмæ уæд базмæлыдысты Ортъеугомы фæсивæд дæр. Сæ чысыл райгуырæн къуымтæ сын скъуындæг сты  æмæ  цардагур  ивылын райдыдтой алырдæмты. Уыцы уылæн Цоциты Муггайы зæнæджы хистæр Къолайы дæр 1910 азы ныххаста Бакумæ. Уым иу уырыссаг лæгмæ æфсæнвæндаджы агентады кусæгмæ, ныллæууыд цумайы лæппуйæ. Сусæг æмбырдтæ иу сæм уыд. Къола сæм хъуыста æмæ сын сæ ныхас йæ зæрдæмæ иста. Фæстагмæ йын цыдæр гæххæттытæ рарвит-барвит дæр райдыдтой… Фæстæдæр  бацыд Нобелы заводмæ æмæ кæддæр, уæлыгæсæй, йæ хæлафы къæхтæ æртæхтæй ма схуылыдз уой, уымæй тæрсгæйæ-иу сæ куыд сысчъил кодта, афтæ та сыл ныр дæр схæцыд, йæ дыстæ батылдта æмæ цалдæр лæппуимæ лæхъир сыджыт къахтой. Цы дзыхъ-иу сарæзтой, уый къултæй мызтис нефт æмæ йæ тагъд-тагъд æвгæдтой ведрæтæм, иннæтæ та йæ скъæфтой цистернæмæ. Цъыфæй сæ цæсгæмттæй ницыуал зынд, фæлæ сæ сæ астæу сраст кæныны бон нæ уыд, хистæр сæ уæлхъус лæууыд æмæ сын аулæфыны фадат нæ лæвæрдта. Изæрæй-иу сæ кæд фырфæлладæй сынтæг йæхимæ æлвæста, уæддæр-иу тындзыдтой сусæг æмбырдмæ. Æмбырд та кодтой зæххы бын иу ныккæнды. Уыдон кæрæдзийы ивгæйæ дзырдтой милуангай фæллойгæнджыты фидæныл. Къола уæд федта Козаты Раздены дæр. Æмæ уæдæй фæстæмæ схæлар сты. Разден дзы бирæ хистæр уыд, стæй йæм царды фæл-тæрддзинад дæр фылдæр уыд æмæ йын амыдта революцион тохы куыст, дæластæрдон куысты сусæгдзинæдтæ… Нобелы заводы куыста Разден дæр слесарæй.

Къолайæн йæ бæллиц ссис ахуырдзинад райсын. Йе ‘рвадæлтæ куыстой æмæ цардысты Елизаветополы. Æмæ сæм уырдæм ныццыд, æрмдæсныйады ахуыргæнæндонмæ бахауыны ныфсæй. Фæлæ та ам дæр фæмæнг йæ хъуыддаг. Æмæ уæд кодта æндæр æмæ æндæр куыстытæ, афтæмæй маамæлайы къæбæр амал кодта. Уыд хъахъхъæнæг, хæринаггæнæг, фæлæ уыдон йæ тухитæн уыдысты сæ райдиан… Иу куыстуатæй цыд иннæ куыстуатмæ, иу горæтæй  иннæ горæтмæ.

 Неженскы 137 фистæг полкъы дæр йæхи бафæлвæрдта. Фæлæ æфхæрд, схуыст, æххормаг, уазал къазарма – ницыуал уыдысты мæлæты тасы цур. Уайтагъд Карпаты фронты  амидæг кодтой Къолайы. Уырдыгæй Австримæ фæцыд, цардæй мæлæты ‘хсæн арæныл. Уым фæцæф, æртæ мæйы æмгъуыдмæ йæ рауагътой, æмæ та йæ стæй Турчы фронтмæ акодтой. Цынæ бавзæрста уыцы удисæн бонты. Фæлæ дзы иууыл стырдæр хъæдгом йæ зæрдæйыл баззад Байбургы горæт исгæйæ. Агъдайы æфцæгыл тох… Радтой размæ абырсыны бардзырд æмæ Къолайы ротæ хъазуат тохы бацыд… Сыхаг  ротæйы та хæцыд йæ кæстæр æфсымæр Иван. Бирæ нæ ахаста размæбырст. Тæтæр хъуырдухæны фесты, аппæрстой сæ къæдз æхсаргæрдтæ æмæ лыгъд радтой. Стратегион пункт æрцахстой уырысы æфсад. Фæстох алчи йæхионы, йе ‘мгары æрцагуырдта. Иван никуыцæй разынд. Къола тохы быдыры мæрдтæ æмæ цæфтыл  фæзылд,  фæлæ  нал ссардта йæ уарзон  æфсымæры.  Йæ  цæстысыг  ныхъуыргæ æрбаздæхт ротæмæ. Бирæ фæмаст кодта, ныр æй бауырныдта, фронты туг ныккалын æдылы ми кæй у, æмæ революцийæн дæр стыр зиан кæй у. Уæлдай тынгдæр æм бахъардтой, цалдæр ирон хъæуы куы систой, уæд. Къола уæд федта йе ‘мтуг гæвзыкк адæмы. Уырысы паддзахад сæ иронвæндаггæнгæ кæддæр фæхаста Теркæй Туркмæ. Ныр та сæм марæн кæрдтимæ æрцыдысты. Къола бамбæрста, кæимæ йæ хъæуы тох кæнын, уый. Сфæнд кодта, уырдыгæй фæлидзын. Фронтæй алидзын райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй рацæуын уыд, уымæй дарддæр ма революцийæн æххуысыл нымад уыд. Ахæмтæн та æфсæддон трибунал æхст скъуыддзаг кодта. Фæлæ Къола уæддæр ралыгъд æмæ æрцыд йæ райгуырæн хъæу Ортъеумæ. Ралыгъд Къола иу фронтæй иннæмæ. Уыцы заман Ортъеугомы дæр архайдта зæхкусджыты революцион  комитет.  Уыдысты  дзы  ирон æмæ гуырдзиаг фæллойгæнджытæ иумæ. Къола уайтагъд бацыд уыцы комитетмæ. Йæ сæрдар та уыд зындгонд революционер Хъуылымбегты Георги. Уæд хæдзари-хæдзар, хъæуи-хъæу зылдысты комитеты уæнгтæ æмæ фæллойгæнæг адæмæн æмбарын кодтой, цæмæй мауал фыстаиккой сæрвæтты аргъ, амыдтой сын меньшевиктæ се знæгтæ кæй сты, цæттæ сæ кодтой сæрибарыл тохмæ. Æмæ æрхæццæ уыцы бон дæр. Меньшевиктæ æрхъавыдысты зæхкусджытæн сæ гæрзтæ байсынмæ. Фæлæ сæ ныхмæ фыццаг чи ралæууыд, уыдон уыдысты Ереды гуырдзиæгтæ. Уайтагъд сæм æххуысмæ фæзындысты Ортъеу æмæ Уанатгом Хъуылымбегты Георгийы сæргълæудæй æмæ сæ фæсырдтой. Жорданийы гæрзифтонг тыхтæн цас ныцъцъисткæнинаг уыдысты армыдзаг растадонтæ, фæлæ уыдонæн æмгуырæй растын нæ бантыст. Уый хатыдысты растады къухдариуæггæнджытæ дæр æмæ Калакмæ арвыстой сæ минæвæртты – Къолайы фыд Мугга æмæ Цоциты Антоны. Централон комитеты сын загътой, тохгæнæн нæма ис, зæгъгæ. Бирæ фенхъæлмæ каст Къола йæ фыдмæ, фæ-лæ нал æрбаздæхт. Цалдæр боны фæстæ йæ бæх æнæ барæгæй фæзынд. Муггайы фæстæмæ здæхгæйæ меньшевиктæ амардтой. Уыцы рæстæджы æрцахстой Хъуылымбегты Георгийы дæр. Меньшевиктæ йæ дардтой Метъехы ахæстоны. Зæхкусджыты революцион комитет уæддæр йæ куыст кодта. Къола дзы ныр уыдис секретарь. Иуахæмы йын фехъусын кодтой чидæртæ, дам, дæ агурынц, зæгъгæ. Уый уыдис 1919 азы февралы, меньшевиктæ сæ тæккæ карзыл куы уыдысты, уæд. Къола сын йæхи нæ равдыста, фæсфæдты хъæдмæ йæхи байста. Сусæгæй кæсы æмæ дæлæ йæ бинойнаг уазджытæй сæ иуы æфцæджы ныттыхст. Уыдон разындысты йæ каис Санахъоты Серо æмæ Дзадтиаты Александр, æфцджытыл рахызтысты Дзауæй Ортъеумæ. Революцион змæлды къухдариуæггæнджыты æрæмбырд кодтой æмæ йын секретарæй сæвæрдтой Къолайы. Серойы фæндонмæ гæсгæ Къола ацыд Калакмæ, уым Плиты Ароны фæрцы саразын кодта сæхи æмæ Хуссар Иры  иннæ  партион чырæн мыхуыртæ. Партион чырмæ разæнгардæй цыдысты фæсивæд. Къола сын лæвæрдта мыхуырæвæрд мандаттæ. Фæлæ уыцы рæстæджы меньшевиктæ сызмæлдысты æмæ ма партион куыст кæй æндæвта.

Хуссар Ирыстоны ревком йæхи Цæгат Ирыстонмæ айста. Сæ фæстæ ныххæццæ сты Къолаитæ дæр, фæлæ сæ фæстæмæ раздæхтой, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны хæстхъом адæмæй сорганизаци кæнын хъæуы партизанты къорд. Фæсивæд уый фехъусгæйæ, ныххæрæтт кодтой Цæгатмæ æмæ афтæмæй сырæзт сæ фыццаг партизанон бригадæ Беслæны. Уæдмæ сæм Цæгатмæ ныхъхъуыст фыдуац. Нал фæразынц Хуссар Ир меншьшевикты фыдмитæн, хъæуы сын æххуыс. Серо нæ разы кодта, ахæм стыр гвардийæн ницы бакæн-дзыстæм, зæгъгæ. Фæлæ Алыксандр не сразы, фæстæмæ здæхæн нæй, æрмæст-дæр размæ, зæгъгæ. Рукъ растадысты, Советон Хицауад расидтысты æмæ дарддæр бырсынц, æруромæн сын нал уыд.

«Уæвджийæдæр цы уæлахизы, стæр уыдис, – арæх иу дзырдта Къола йæ кæс-тæртæн, меньшевиктæ уæд хъуджы лыгъд кодтой нæ разæй. …» Нæ дзы рох кодта Дзадтиаты Александр йæ къух размæ адаргæйæ фидарæй куыд дзырдта, зæгъгæ, «Онæй Душетмæ сидын Советон Хицауад!» Уæд Жордания Азербайджанимæ йæ хæст ныууагъта æмæ йæ тых сарæзта армыдзаг Ирыстонмæ. Уæд ныггуыпп кодта арт æмæ сыгъдис æгас Ирыстон. Фæлæ фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц. Меньшевиктæ дæрæн æрцыдысты Адæм та счъилдысæй бавнæлдтой ног цард аразынмæ. ныллæууыд сабыр дуг. Къолайы ахуырмæ арвыстой Калакмæ. Уым каст фæцис сæрмагонд скъола, куыста раздæр Андореты, стæй та 1922-1928 азты – Ортъеу-Белоты районы партион комитеты секретарæй. Уый уыдис Къолайы иууыл рæсугъддæр рæстæг. Æрдзæй курдиатджын хъæлдзæг лæппу Ортъеуы сарæзта фыццаг зарды æмæ фæстæдæр та драмон къорд. Афтæмæй сæм цæуын райдыдтой сыхаг хъæутæй дæр. Къола уым фыццаг хатт сæвæрдта Хъороты Дауыты пъесæ «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди», фæстæдæр та йæхи фыст пъесæтæ «Чызгскъæфт», «Тох фронты». Йæ пъесæты мидис æмуд кодтой адæмы, тох кодта зæронд æгъдæутты ныхмæ, ног царды идейæ пропагандæ кодтой. Къола архайдта революцийы хъуыддæгтæ адæмæн уарзын кæныныл.

1928 азы Къолайы арвыстой Пятигорскы округмæ, Скакуны æмбаладмæ партчыры секретарæй. Фæстæдæр æрыздæхт Хуссар Ирыстонмæ. Куыста æндæр æмæ æндæр бæрнон бынæтты, стæй йæ арвыстой Мæскуымæ, Хурскæсæны Фæллойгæнджыты Коммунистон университетмæ. Къола тынг фæцин кодта. Ныр ын фадат фæцис æмбæлон ахуырад райсынæн. Фæлæ та йæм иу афæдзы фæстæ æрсидтысты Хуссар Ирмæ, зæгъгæ, кадрты цухдзинад æййафæм. Æрыздæхт æмæ йæ снысан кодтой Дзауы суары заводы директорæй фæстæдæр куыста уым, курорты æмæ 1935 азæй 1943 азмæ та облæсты архивы.

Афтæ йæ царды кæронмæ намысы асинтыл фæхызтис Цоциты Къола. Йæ зæрдæйы цæхæр ахуыссыд 1979 азы.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.