29 майы Хуссар Ирыстоны дзыллæйад банысан кодтой Паддзахадон хæдбардзинад расидыны фæдыл акт райсыны бæрæгбон.  Уæд, 1992 азы 29 майы хъысмæт скъуыддзаггæнæн бон бындур æрæвæрдта Хуссар Ирыстоны дарддæры рæзтæн. Цытджын мадзал уагъд æрцыд нæ бæстæйы паддзахаддзинады бындурæвæрджытæй сæ иу – Хъуылымбегты Торезы номыл цырты раз. Хайад дзы райстой бæстæйы къухдариуæгад, Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, уæды рæстæджы Сæйраг Советы фыццаг сæвзæрст депутатты иу къорд æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Митинджы рæстæджы Президент йæ ныхасы дзырдта ацы бынатмæ æрæмбырды нысаниуæгыл, зæгъгæ, цæмæй радон хатт бузныг зæгъæм Ирыстоны уæды рæстæджы разамынадæн Хъуылымбегты Торезы сæргълæудæй. Нæ хъæбатыр депутатты руаджы ист æрцыд Паддзахадон хæдбардзинад расидыны акт, кæцы абон махæн у Ирыстоны историйы сæйрагдæр бæрæгбон.

«Адæм сæ фæндон загътой, ома, Хуссар Ирыстон хъуамæ уа сæрибар æмæ сæ хъуыды бафидар кодтой 1992 азы 19 январы референдумæй. Уый уыд Ирыстоны сомбоны сæрибардзинады рæсугъд бындурæвæрæн цау. 1920 азы цаутæ мысгæйæ сæ ацы къахдзæфтæ ноджыдæр разæнгард кодтой, сæ зæрдыл лæууыд, уæды рæстæджы цы хъизæмæрттæ, фыдæбæттæ бавзæрстой ирон адæм, уыдон цæмæй мауал сног уой, уый тыххæй сæ архайын кæй хъæуы. Æмæ 1992 азы цы хъæбатыр æмæ фидар къахдзæфтæ арæзт æрцыдысты, уыдон абон махæн фадат дæттынц размæ цæуынæн, цæмæй нæ кæстæртæ сабыр царды рæзой æмæ нæ сомбон рæсугъд уа.

Паддзахадон хæдбардзинады акт райсыны фæстæ Ирыстоны фæндаг сæрибардзинадмæ даргъ æмæ уæззау уыд. Разæй нæм æнхъæлмæ каст нæ хъахъхъæнджыты, æмбæстæгты зиæнттæ, теракттæ, фæлæ уæддæр адæм равдыстой фæндвидардзинад. Ноджыдæр фенын кодтой,ома, цыфæнды зындзинæдтæ æмæ фыдбылызтæ ма æрцæуа, уæддæр дæ зæрдæйы фæндтæ дæ адæмы рухс сомбоны тыххæй дæхи фидарæй куы уырной, уæд раст фæндагыл лæуд дæ. Уыцы раст, фæлæ зын къахдзæфтæ аразгæйæ, бирæ æнæаххос туг ныккалд, æмæ уæддæр æмæ уæддæр нæ сомбон сарæзтам æмæ аразæм», – дзырдта Президент.

Бахатыд мадзалы хайадисджытæм, иу минут æмырæй алæугæйæ, ссарой, Ирыс-тоны сæрибардзинады сæрыл йæхи нывондæн чи æрхаста, уыдоны рухс нæмттæ.

Дарддæр банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстоны сæрибардзинадмæ фæндагыл цæугæйæ, цы зындзинæдтæ бавзæрстам, цы сахъгуырдты фесæфтам, уыдон  макуы хъуамæ уой рох, сæ бæстæ æмæ кæстæрты ирд фидæны тыххæй сын цы фæндтæ уыд, уыдон мах дарддæр кæнæм æнгом, æмзæрдæйæ. Æрсидт йе ‘мбæстæгтæм, цæмæй Ирыстоны рæсугъд сомбоны тыххæй алы къахдзæф дæр æмбаргæйæ, кæрæдзийæн аргъ æмæ кадгæнгæйæ аразæм.

 «Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады зондджын архайдтыты руаджы, дунеон барадон æмæ 1992 азы 29 майы референдумы бындуртыл æнцойгæнгæйæ, Уæрæсейы Федерацийæн дæр фадат уыд фидарæй уыцы позицитыл æрлæууын, кæцыты банымайæн ис уæрæсейаг дипломатийы бæрзæндтыл. Уыцы позициты бындурыл æмæ уыцы азы июны райсгæ уынаффæмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны æфхæрд зæхмæ æрцыдысты Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ, кæцытæ æрхастой сæртæг, фæлæ сабырад. Ирон адæмы фæндвидар позицийы бындурыл – Уæрæсейы Федерациимæ цæрын æмæ размæ цæуын нын фадат радта 2008 азы хæсты фæуæлахизы æмæ уый фæстæ сабыр царды нæ къухты æнтыстытæ бафтынæн.

Арæзт цы æрцыд æмæ дарддæр цы цæуы, уый тых-хæй бузныг стæм Уæрæсейы къухдариуæгадæй. Бæстæйы къухдариуæгады дæр ныфс ис, æмæ араздзысты æппæт дæр, цæмæй нæ бæстæйы уа сабырад, рæзæм æмæ нæ фæлтæртæн уа рæсугъд æмæ хорз фидæн», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Советон Цæдисы ныппырхæй бæрæг февзæр сты чысыл нациты уавæртæ. Уыцы уавæрты сарæхстысты Хуссар Ирыстоны Сæйраг Советы фыццаг сæвзæрсты депутаттæ. Уыдоны номæй мадзалы ныхасы рацыд Джиоты Мурат. Уый дзырдта, куыд æмæ цы уавæрты ист цыд нæ бæстæйæн уыцы хъысмæтскъуыддзаггæнæн документ.

«Паддзахадон хæдбардзинады акт ист цыд вазыгджын уавæрты. Сессийы рабадт уагъд цыд дыууæ боны дæргъы гуырдзиаг артиллерийы уæззау æхсæнгæрзты æхсты бын. Фæлæ уæддæр 28 майы арæзт æрцыд хицауад æмæ 29 майы та ист æрцыд Акт. Цалдæр хатт урæд æрцыд рабадты куыст, нæ уыд микрофонтæ, нæ уыд электроны рухс. Æмæ нæ бахъуыд бункермæ ныххизын, уым цырæгъты рухсмæ уагътам рабадт закъондæттынадон нормæтæ хынцгæйæ, æмæ Акт ист æрцыд стыр разæнгардæй. Уыцы бынат йемыдзаг уыд адæмæй æмæ стыр къухæмдзæгъдимæ æмбæлдысты ацы ахсджиаг документы райстыл», – дзырдта ныхасгæнæг.

Ацы ахсджиаг Акт Джиоты Мурат дæр банымадта республикæйы паддзахаддзинад аразыны ахсджиаг цауыл. Уыцы документы ма фыццаг хатт юридикон æгъдауæй загъдгонд æрцыд 1989-1992 азты Хуссар Ирыстонмæ ахасты Гуырдзыстоны агресси кæй у геноциды факт. Дзырдæуы ма дзы акт райсыны фæдыл дунеон-барадон æмæ мидæггагон пад-дзахадон бындуртыл.

«Уæды рæстæджы фæстæ дæр ницы хъуыддаджы баззадыстæм æмæ размæ дæр никæцы хъуыддаджы нæ алыгъдыстæм. Исты куы фæрæдыдаиккам, уæд уымæй спайда кодтаиккой нæ сыхæгтæ. Æмæ сын æнцон уыдаид, Хъуылымбегты Торезыл Гуырдзыстоны «стæрхон кæнын» куы ‘рымысыдысты, уæд. Фæлæ сын нæ бантыст, уымæн æмæ йын йæ архайдтыты не ссардтой иу ахæм къахдзæф дæр, кæцы уыд дунеон кæнæ советон закъондæттынады ныхмæ», – дзырдта Мурат.

Мадзалы кæрон бæстæйы къухдариуæгад æмæ йæ хайадисджытæ, Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады арæзтадмæ стыр хайбавæрд чи бахаста, уыцы иузæрдион патриот Хъуылымбегты Торезы цырты раз мысынæн сæвæрдтой дидинджытæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.