Йæ архайдæй æхцондзинад чи исы, уыдонæй сæ иу у нæ горæты посты хайады бæрнджын кусæг Къусраты Галинæ. Посты уагдоны куыст бирæ уарзы йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ æмæ дзы  абоны онг намысджынæй фæллой кæны 40 азæй фылдæр. Ахæм зæрдæрайæ се ‘рвылбонон куысты хæстæ æххæст кæнынц постхæсджытæ дæр, уыдон дæр афоныл балæууынц сæ куысты уæлхъус æмæ æрæвналынц, абоненттæй чи цы газет рафыста, уыдон дих кæнынмæ. Сæ иутæ дæргъвæтин рæстæджы фæллой кæнынц ам, æмбарынц, газеткæсджытæ та радон номырмæ æнæрхъæцæй кæй æнхъæлмæ кæсынц. Æмæ чысыл фæстæдæр уыдон нæ горæты хицæн уынгты газетрафысджытæй алкæмæн дæр рæстæгыл бадæттынц йæ уарзон мыхуыры фæрæзтæ æмæ æндæр æрвитæггæгтæ.

Дæргъвæтин рæстæджы ацы уагдоны чи фæллой кæны æмæ сæ намысджын куыстæй райгонд кæмæн сты, уыдоны нымæцмæ ха-уынц Куыдзеты Изольдæ, Хуыбецты Зинæ, Лалыты Фаризæт, Джиоты Агуындæ æмæ Уалыты Ирæ. Мыхуыры фæрæзты хæлæрттæ райгонд сты, нырма цъус рæстæг чи кусы, фæлæ бахæсгонд хъуыддагмæ бæрндзинады ахаст чи дары, уыцы постхæсджытæй дæр.

Къусраты чызг ма куыд радзырдта, афтæмæй сæ хæстæ æххæст кæнынмæ зæрдиаг ахаст дарынц хъæууон постхæсджытæ дæр. Ахæмты нымæцмæ хауынц Тъбет, Къостайыхъæу, Гром, Бихъар æмæ æндæр хъæуты постхæсджытæ Джиголаты Юзæ, Тасойты Нателæ, Къусраты Никъала, Туаты Азæ æмæ æндæртæ. Уымæй дарддæр ма посты æрвитæггæгтæ Знауыр æмæ Дзаумæ æрвитынц рейсон автобустыл.

Раздæры азтау постхæсджытæ дзаг хызынтимæ нал фæтындзынц, фæлæ сæ уырны, мыхуыры хæлæрттæ та се ‘ргом кæй аздахдзысты газеттæ æмæ журналтæм, сæ нымæц та дзæвгар кæй фæфылдæр уыдзæн, уый.

Хуыбиаты Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.