Сæумæрайсом балæууыдтæн ацы кусæн бынатмæ æмæ мæ зæрдæ барухс сылгоймæгты арæхстджын архайдæй. Зыдтон æй развæлгъау, ацы намысджын æмæ куыстуарзаг коллективы архайд кæй уыдзæн йæ тынгыл æмæ нæ фæрæдыдтæн. Нæ дзы хъуыст уæлдай хъæлæба, цы постхæсджытæ дзы уыд, уыдонæй алчи дæр æххæст кодта йæ хæстæ, адæймаджы ныхасы бæсты сæ къухты змæлд æмæ ног газетты сабыр уылæн хъустæ ахстой. Постхæсджытæ тагъд кодтой, цæмæй сæм цы посты æрвитæггæгтæ æмбæлы, уыдон сæ хызыны сæ бынат ссарой æмæ атындзой, æнæрхъæцæй сæм чи фенхъæлмæ кæсы, уыцы газеткæсджытæм. Цехы хистæр Къусраты Галинæ ам фæллой кæны 40 азы, райдианы куыста постхæссæгæй æмæ ныр къорд азты та у йæ хистæр. Йæ намысджын æмæ æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй йын лæвæрд æрцыд «Бастдзинады сгуыхт кусæджы» кадджын ном. Уæздан æмæ йæ хъуыддагыл æнувыд адæймагæн æнгом ахаст ис йæ кусджытимæ æмæ иумæ æнувыдæй æххæст кæнынц сæ разылæууæг хæстæ.

Посты æрвитæггæгтæ вæййынц куыд бынæттон, афтæ уæрæсейаг газеттæ æмæ журналтæ, стæй фыстæджытæ дæр. Къусраты чызг куыд банысан кодта, афтæмæй фыстæджытæ вæййынц республикæйы уагдæттæ æмæ организацитæй æмæ уыдон постхæсджытыл адих кæнын та хауы йæ хъуыддаджы арæхстджын кусæг Хъоцыты Иринæмæ. Æдæппæт горæты постхæсджытæ сты 16 æмæ сæ алчи дæр йæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ дары бæрнон ахаст. Къусраты чызг се ‘ппæты тыххæй дæр дзырдта, кæй сты сæ куыстыл æувыд æмæ йæ нæ фæндыд уыдонæй æрмæст цалдæры кой ракæнын. Уæддæр æм бахатыдтæн, цæмæй цалдæры нæмттæ уæддæр зæгъа æмæ уыдон та сты Хуриты Ингæ, Тасойты Ритæ, Тъехты Аленæ, Хъуылымбегты Фатимæ, Джиоты Юзæ, Кæрчиты Верæ, Гасситы Анжелæ æмæ æндæртæ. Нæй рахъастгæнæн республикæйы хъæууон постхæсджытæй дæр, кæцытæ газеттæ æмæ журналтæ хæссынц  Тъбет, Къостайыхъæу, Мугут, Зиулет, Уелит, Гудзабар, Дампъалет, Зар, Ортъеу, Рустау, Джер, Сарабукъ, Сатихъар, Хелцуа, Дменис, Бихъар, Гром æмæ Арцеуы хъæутæм. Постхæсджытæй хуыздæрты ‘хсæн сты Тасойты Нателæ, Джиголаты Юзæ, Чысиаты Офелия æмæ æндæртæ. Мыхуыры фæрæзтæ сæхи машинæтыл та ласынц Къуайсайы горæт æмæ Ленингормæ.

Ацы æнгом æмæ куыстуарзаг коллективы уæддæр тыхсын кæны иу хъуыддаг, уый та у, сæ мыздтæ чысыл кæй сты, уый. Фæлæ сæ ныфс ис, æввахс рæстæджы уыдон дæр кæй фæфылдæр уыдзысты, уымæй.

                             ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.