Газет рухс феныны агъоммæ даргъ фæндагыл рацæуы, бирæ тых æмæ хъару йыл бахардз кæнынц, йæ рауадзыныл чидæриддæр бафыдæбон кæны, уыдон. Æмæ та фæзынд газеты радон номыр, нырма йæ ахорæны тæф рæстмæ не ссыд, афтæ атагъд кодта йæ радон балцы. Йæ кæсджытæм фæхæццæ кæныны агъоммæ рæдзагъдæй фæлæууынц Цхинвалы постон æрвитæн хатæны, фæлæ уым бирæ нæ афæстиат вæййынц. Ардæм сæумæрайсом æзфæраздæронæй фæтындзынц постхæсджытæ, цæмæй равзарой, цы газеттæ сæм æмбæлы, уыдон æмæ сæ рæстæгыл фæхæццæ кæной сæ кæсджытæм. Сæ равзарын сын амонын нæ хъæуы, уымæн æмæ цалдæргай азты алы бон цы куыст æххæст кæнай, иузæрдион цы архайдыл уай, уый дæ фондз æнгуылдзау куыннæ хъуамæ зонай. О, ис сæм куыстуарзондзинад, æнкъарынц сæхи æмæ æмбæстæгты раз бæрндзинад, æмæ уæд та æнæмæнг уыдзæн æнтыст. Куыстмæ æппæты разæй чи æрбацæуы, уыдоны фыццæгтæй у Къусраты Галинæ. Уый ам рагæй фæллой кæны, фæстаг цалдæр азы та у ацы куыстуаты хистæр æмæ кæддæриддæр йæ хæстæ æххæст кæны цæсгомджынæй. Уый афтæ дæр хъуамæ уа, уымæн æмæ разамонæг йæ куыстмæ цахæм ахаст дара, куыд æнæзæрдæхудтæй дзы фæллой кæна, афтæ намысджынæй сæхи æвдисдзысты йæ дæлбар кусджытæ дæр. Къусраты чызг куыд радзырдта, афтæмæй æрмæст горæтмæ посты æрвитæггæгтæ чи хæссы, уыдон сты 18  адæймаджы. Канд газеттæ æмæ журналтæ нæ хæссынц сæ хицæуттæм, фæлæ ма фыстæджытæ, пенситæ æмæ сывæллæтты æххуысы æхцатæ дæр. Постхæсджытæй йæ куыст æххæст кæныны тыххæй никæуыл бахуддзæн зæрдæ, фæлæ уæддæр хуыздæрты ‘хсæн дæр вæййы хуыздæртæ. Зæгъæм, Джиоты Ингæ хæссы посты иууыл фылдæр æрвитæггæгтæ, хæццæ сæ кæны Хицауады Хæдзары хайадтæм, кусы æрвылбон дæр æмæ алкæмæн дæр æхсызгон вæййы йæ фенд, ног хабæрттæ сæм рæстæгыл кæй фæхæццæ кæны, уый тыххæй. Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт, паддзахадон университет, чингуыты рауагъдад, редакцитæм та йæ кусæгон балц вæййы Хуыбецты Динæйæн æмæ уый куыстæй дæр сты тынг райгонд.

Зæгъын хъæуы, куысты хорз æнтыст фылдæр уавæртæй кæнгæ дæр кæй у. Ацы куыстуат цасдæр рæстæджы æвзæрста зындзинæдтæ, уымæн æмæ сын иу хатæн йедтæмæ нæ уыд. Уыцы цухдзинад бахынцыдта «Постон-телеграфон службæ»-йы Паддзахадон унитарон куыстуаты генералон директор Уалыты Владимир æмæ сын рахицæн кодта ноджыдæр иу хæрзарæзт хатæн. Уымæй цасдæрбæрцæй фæрогдæр сты кусджыты куысты уавæртæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.