Ацӕугӕ аз нӕ республикӕйы Адӕмон сфӕлдыстадон центр (директор Гуыцмӕзты Эльзӕ) бакодта фӕстиуӕгджын куыст. Центры алы кусӕг дӕр ӕнкъардта бӕрндзинад, алы мадзалмӕ дӕр сӕхи цӕттӕ кодтой лӕмбынӕг. Мадзӕлттӕ бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ ауадзыны тыххӕй бацамындтытæ  ӕрвыст ӕрцыдысты республикӕйы Культурӕйы хӕдзӕрттӕ ӕмӕ районты хъӕууон клубтӕм, стæй горӕт ӕмӕ ахуыргӕнӕн уагдӕттӕм. Уымӕй дарддӕр ма мадзӕлттӕ ауадзынӕн бацӕттӕ ӕрцыдысты сценаритӕ ӕмӕ сметӕтӕ, афтӕ ма ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документаци. Зӕгъын хъӕуы, уыцы мадзӕлттӕ уагъд кæй ӕрцыдысты бӕрзонд ӕмвӕзадыл ӕмӕ сӕ сценӕмӕкӕсджытӕ кæй баззадысты райгондӕй.

«2017 азы 13 январы пансионат «Забота»-йы уагъд ӕрцыд Ногазон мадзал ахӕм номимӕ. «Ног азы хорзӕх уӕ уӕд, нӕ буц хистӕртӕ!». Арфӕ ракодтой зӕрӕдтӕн, сӕ зӕрдӕ сын загъта бирӕ хорз фӕндиӕгтӕ, Митын Дада ӕмӕ Митын Чызг та сын бакодтой ногазон лӕвӕрттӕ. Цы концерт  сын равдыстой, уым хайад райстой РХИ-йы адӕмон артист Гуыцмӕзты Георги ӕмӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты хореографион ансамбль «Сӕр-мӕт» (йӕ аивадон разамонӕг Тедеты С.) . Апрелы ӕвдӕм бон Ногдзауты парчы та уагъд ӕрцыд «Аланты хъӕзтыты» мадзал Республикӕ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы номыл ӕмӕ 9 апрелы та Президенты ӕвзӕрстыты цытӕн. Уыцы хъӕзтыты хайад райстой, чи сӕм цымыдис кодта, уыдон, сӕ кармӕ нӕ кӕсгӕйӕ. Мадзалы ӕххӕст кодтой, абоны бон рохгонд чи сты, нӕ фыдӕлты уыцы хъӕзтытӕ ӕмӕ кӕфтытӕ. Ауадзгӕ мадзалы сӕйраг нысан уыд, цӕмӕй хъахъхъӕд ӕмӕ парахат цӕуой Хуссар Ирыстоны адӕмон традицион культурӕ. Июны ирон адӕмы уарзон хъӕбул Хетӕгкаты Къостайы цырты раз ауагъдӕуыд «Ӕфсымӕрдзинад ӕнустӕм», зæгъгæ, мадзал Уӕрӕсейы боны цытӕн. Уыд дзы нывты равдыст ахӕм номимӕ «Хуссар Ирыстон», стӕй ирон адӕмон хъӕзтытӕ ӕмӕ кӕфтытӕ. Нывты ӕртыккаг равдыст «Хуссар Ирыстон-2017 аз» ауагъдӕуыд Анахарсисы номыл библиотекӕйы 22 августы. 26 августы та – Ногдзауты парчы. Октябры 16-ӕм боны Паддзахадон киноконцертон зал «Чермен»-ы уыцыиу рӕстӕджы уагъд ӕрцыдысты дыууӕ фестивалы, сӕ иу уыд республикон эстрадон зарӕджы фестиваль-конкурс ахӕм номимӕ: «Ирыстоны хъӕлӕстӕ» ӕмӕ республикон дыккаг фестиваль-конкурс «Бинонтӕ-стъалыты дзыгуыр». Дарддӕр, 12 ноябры та «Чермен»-ы уагъд ӕрцыд ӕмӕ аивадуарзджыты зӕрдӕтӕ барухс сты, ам цы адӕмон кафты фестиваль-конкурс уагъд ӕрцыд «Хонгӕ кафт», зӕгъгӕ, уымӕй. Декабры райдианы та банысангонд агъуысты уагъд ӕрцыд фестиваль-конкурс «Ӕппӕт дуне-театр» ӕмӕ йын уыд хорз ӕнтыст.

Центры кусджытӕ активон хайад райстой банысангонд мадзӕлтты жюрийы куысты. Уымӕй уӕлдай ма центры методисттӕ бынӕтты ауагътой драмон аивады мастер-кълӕстӕ, уыцы нысанæн уыдысты Дменис ӕмӕ Тъбеты хъӕууон клубты. Уыдысты ма Дзауы районы Къуаиса, Киров ӕмӕ Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы ӕмӕ сын бакодтой ӕмбӕлон методикон ӕххуыс.

Адӕмон сфӕлдыстадон центры куыст цӕуид ноджы рӕвдздӕр, ӕмбӕлон уавӕртӕ сын куы уаид, уӕд. Директор Гуыцмӕзты Эльзӕ куыд загъта, афтӕмӕй сын нӕй ӕмбӕлон бынат. Æнӕмӕнг сӕ фӕхъӕуы республикӕйы алы рӕттӕм цӕуыны сӕр методикон ӕххуыс бакӕныны тыххӕй, фӕлӕ сын нӕй сӕхи транспорт ӕмӕ тыхсынц. Цӕмӕй алыгъуызон мадзӕлттӕ ноджы бӕрзонддӕр ӕмвӕзадыл уагъд цӕуой, уый тыххӕй хъӕуы фылдæр финансон фӕрӕзтӕ дæр.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.